99 æви 100? (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
99 æви 100?  (1923) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1923, Рауагъ аз: 1923. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
99 æви 100?

Чысыл фельетон

Мæгуыр æмæ тæригъæддаг сты уыцы адæмтæ, иу литературон æвзаг йеддæмæ кæмæн нæй.

Нæ сыхаг гуырдзы 5–6 æвзаджыхъæдыл дзурынц, чиныджы æвзаг та сын иу ис æрмæст. Немыц 10 æвзаджыхъæдыл дзурынц, чиныджы æвзаг та сын иу ис æрмæст... Афтæ Итали дæр, Франц дæр, Англис дæр... Чи банымайдзæн се ’ппæты!..

Уæд махмæ та?

Доктор Муха авд æмбалы ссардта æмæ хицæн литературон æвзаг сарæзтой.

Марк, евангели чи ныффыста, уый нæ, фæлæ иннæ — саурихиджын, фараст æмбалы ссардта æмæ уыдонимæ замманайы литературон æвзаг сыздыхтой.

Уæртæ Урстуалты дыууæ сыхаджы, Тедо æмæ Пидо, дыууæйæ ахæм чиныджы æвзаг сарæзтой, æмæ сæ сæ бинонтæ дæр нал æмбарынц.

Афтæ алы хъæуæн, алы комæн, ранæй-ран алы сыхæн — хицæн чиныджы æвзаг.

Уымæй рæсугъддæр, уымæй дзæбæхдæр ма цы ис?!

Фæлæ замана...

Æрæджы æмбырд уыди литературон æвзаджы тыххæй, уым бирæ зæрдæрухсгæнæн ныхæстæ дæр фехъуыстам, иу чидæр дзы суанг афтæ дæр загъта:

— Ирон адæм хъуамæ 99 æвзагыл фыссой чингуытæ!..

Куыд æхсызгон уыди уый æмбырдæн!.. Бирæтæн фырцинæй сæ цæссыг дæр калди.

Фæлæ кæм нæ разындзæни галиу адæм!.. Дыууæ-æртæ лæджы сыстадысты æмæ расидтысты:

— Бирæ æвзæгтыл фыссыныл куы схæцæм, уæд сæ иу дæр нæ ацæудзæн. Мах чысыл адæм стæм æмæ иуы фаг йеддæмæ не суыдзыстæм. Иу чиныджы æвзагыл ныллæууæм æмæ йæ æмдыхæй размæ атæрдзыстæм!

Алырдыгæй сæхситт кодтой уыцы ныхæстæ дзурджытыл.

Афтæ сын хъуыди — адæм зæрдæйæн æхсызгон ныхæстæ кæнынц, уыдон та... пуй, налат!..

Æз дæр, раст зæгъгæйæ, разы нæ дæн 99 æвзагыл. Æз хæссын æмбырдмæ ног ныхас: мах хъæуы 100 æвзаджы. Æнæ 100 æвзаджы махæн цæрæн нал ис. 100... 100!.. Уымæн йæ уæз бирæ у!

Мах уый тыххæй хъæуы 100 литературон æвзаджы, цæмæй Франц, Немыц, Англис æмæ æндæртæ фырхæлæгæй нытътъæпп кæной!..


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 100 years or less since publication (if applicable).