Чи дæ? (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Чи дæ?  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


ЧИ ДÆ?


Мыггагæй мæ ма фæрс, –
Уæздан лæг нæ дæн;
Мæ уындмæ мын ма кæс,
Нæ бæззын чызгæн.

Мæ хæдон – четæнæй,
Мæ куырæт – кæттаг,
Мæ цухъхъа – цъæх тынæй –
Нæхи хохбæстаг.

Нымæтхуд, æрчъитæ,
Мæронбаст – уæрдæх...
Фæрсыс ма мæ: чи дæ?
Уæд байхъус дзæбæх!..

Æз райгуырддæн хохы...
Нæ хъæдкъул ыскъæт, –
Ныр дæр мæ нæу рохы, –
Æвгъæддон уыд уæд...

Рæстмæйы хъуыддагæн
Сыгъдæгдæр ран хъуыд,
Фæлæ дзы мæ мадæн
Хуыздæр ран нæ уыд.

Æлгъыстæн мын баззад...
Тæрсын дзы ныр дæр...
Рынчынæн “æгæссад
Дæ уæд” зæгъ, æндæр

Йæ бахъуыд–сахатæн
Мæгуыры бон циу? –
Нæ фæци мæ мадæн
Нæ файнуст, нæ тиу.

Нæ йæм уыд фæкæсæг...
Йæ мой йæм кæм бадт! –
Æмæ йæ фыдвæззæг
Фæкодта мæ мад.

Мæн иу ус фæхаста...
Сывæллонахуыр,
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр.

Куыд фæрæзта, уыйас –
Æппæтæй дæр фаг!
Фæцарддæн æм иу аз,
Фæдæн æм дыггаг.

Фæхъомыл дæн афтæ, –
Æдæрсгæ цыддæн...
Кæм заргæ, кæм кафгæ
Æмбырдтыл зылддæн...

Чысыл ма йæ зонын
Мæ фыды... Хæмæт, –
Йæ номæй йæ хонын, –
Кæм кодта мæ мæт!

Дыггаг ус æрхаста...
Æркодтой мæн дæр...
Мæ “чындз” мæ нæ уарзта, –
Фыдсыл уыд кæмдæр!

Йæ рард дæр ысхуыстæй,
Йæ рæвдыд дæр – над,
Йæ “цу–ма” рæхуыстæй, —
Гъеуый дам дын – мад!

Мæ фыд–иу къуыригай
Дзæбидырдзуан цыд,
Йæ ус та æригай
Хæдзар–хæдзар зылд.

Цуанон лæг мæрдтæм
Хæстæгдæр цæры,
Йæ мард та уæлмæрдтæм
Нæ хæддзæкæны!..

Фæдзурынц æй алхатт, —
Мæ фыдæй хуыздæр
Лæг цуаны нæ ахатт.
Ныххæррæгъ кæмдæр!

Ус хистытæ кодта,
Фæуæйкодта зæхх,
Цы ардта, уый хордта
Æввонгæй, дзæбæх.

Ныр дæр ма æрра дæн,
Сывæллонау, сонт, –
Уæд та?... Цæй, йæ мадæн
Чи амоны зонд?

Хæрз дзæгъæл кæй зайын,
Уый базыдтон... Ку!
Кæуынæй кæй сайын? –
Дæсаздзыд лæг у!

Ус афæдзы бонмæ
Йæхиуыл хæцыд, –
Уæлладжыры коммæ
Чындзы та фæцыд.

Мæн къæйыл ныууагъта...
Йе амæл, йе рæз, —
Æвæдздзæгæн загъта:
Куыст – цардæн фæрæз!

Цы куыстæн бæззыддæн
Дзæбæхдæр мыздыл? –
Уæлыгæс фæцыддæн
Гуыбыныхæрдыл.

Мæ фысымтæ радæй,
Мæ хуыссæн – лыстæн,
Уæддæр–иу “дæ–да–дæй”
Куы ныззарыддæн!

Уæлыгæс – бынхорæй
Фыййау дæр ысдæн, –
Дæс мæрты мын хорæй
Лæвæрдтой мыздæн.

Фыййауæн – уæлæфтау,
Хæлынхуд, хызын,
Йæ къæбæр – æнæвгъау, –
Йæ куыст нæу уæд зын.

Æлгъыстæй, уæд надæй
Цы нæ бавзæрстон!
Уæддæр–иу “дæ–да–дæй”
Куы ныццæлхъластон!

Æхсæрдæсæмаздзыд –
Лæджы бындзæфхад, –
Æгæр дæр фæхъазыд,
Æгæр дæр фæбадт!

Иæхицæн ныссадзы
Ысхъæлфындз цæвæг,
Уыгæрдæнтæ дасы, –
Иæ риуыгъд – бæрæг!

Цы цæнгтæ мыл разад,
Цы хосдзау уыддæн!
Фæлæ ма кæм баззад
Уыгæрдæн мæнæн! –

Гæппæл дæр мын нал уыд.
Цы фæци мæ зæхх? –
Хæрнæгæн дам бахъуыд.
Цу, исты цын зæгъ!

Ыссæдз азмæ азгай
Æххуырсты цыддæн...
Цы нæ кодтон радгай,
Цы нæ–иу уыддæн?

Мæ архайд, мæ тыхмæ
Лæг кодта хæлæг;
Æккойæ мæ ныхмæ
Кæм лæууыд хæрæг!

Мæхи та дын стауын, –
Нæ дын зыдтон, цы.
Тын уæрдын, тын уафын,
Хæрдгæйæ – дæсны;

Æрцындзæй, хæсгардæй –
Хæрзарæхст, чызгау...
Гъеуæддæр “дæ–да–дæй”
Чи зарыд мæнау?

Йæ бонæй уа зæрдæ! –
Куыд хивæнд у, куы!
Зæгъ–ма йын: æвзæр дæ, –
Уырны йæ бæгуы!

Бон хурмæ нывæнды
Рæсугъд хуры тын,
Æхсæв æй æрфæнды
Мæимæ хæтын.

Кæцæй йæм фæсиды
Сæрибары дуг?
Цæмæн дзы æхсиды
Цæдæджинагау туг?

Йæ бонæй уа, уастæн,
Дæргъæрфыг рæсугъд!
Кæм лæууы йæ хъазтæн
Лæппуйы тæппуд!

Куыд уыди йæ фыддзаг?
Куыд разылд мæ сæр?
Куыд уыдзæн йæ фæстаг?
Нæ зонын ныр дæр...

Йæ уындæй куы райди
Мæ зæрдæ, куы та,
Цыма йæ фæсайди, —
Йе сæфт дзы уыдта...

Куыддæр–иу ныхъхъус дæн,
Фæлыгътæн–иу дард...
Аргъ нал уыд мæ куыстæн,
Ысуæлдай мæ цард...

Быцæугонд хъæуимæ...
Æмгартæй тæрсын...
Гъей, зæрдæ, дæуимæ
Кæй бон у хæцын?!.

Цæмæн–иу мæм касти
Мæ сæфтхуры хай?
Цæмæн–иу фæраст и
Мæ рæзты чызгай?

Цæмæн–иу мæм бахудт
Хъуызгæ–мидбылты?
Цæмæн мæ хъуыд агъуд, –
Ливорджын дæн цы?

Ныббар мын, кæд дардæй
Мæ ныхас хæссын, –
Мæстджынæй, æнкъардæй
Мæ сæнттæ мысын...

Нæ зымæг ингæн у, –
Иæ зæйтæ – нæ мæт;
Нæ фæззæг куыстæн у,
Нæ уалдзæг – дзæнæт.

Хур арæхдæр тавы,
Ысулæфы зæхх,
Сæгъ хъæмпæй нæ давы, —
Нæ хуссæрттæ – цъæх.

Фæмил вæййынц хæхтæ,
Фæбур вæййы дон,
Æртæхынц нæм мæргътæ,
Фæтынг вæййы бон.

Фæзыны гæлæбу...
Зынг фесты зæрдæ...
Гъе, мардзæ, нæ лæппу! –
Цы фæдæ, кæм дæ?!.

Дæ хъару нын равдис! –
Куыддæрфæнды уæд, –
Ирæдисæн бар ис:
Йе – фыр, йе – рæуæд.

Мæ ирæд цæттæ у...
Æххуырсты мыздæй
Æрымбырд... Цы хъæуы, –
Æппæт дæр хыгъдæй.

Мæ фосæн цын дардтон
Мæхи армæй цæхх,
Сæ мадæн цын ссардтон
Дыууæ галæй бæх.

Æнæуый, цы зæгъай, –
Æппæтæй рæвдыд...
Мæ сагъæс, мæ катай –
Чызгайæн йæ фыд.

Мæгуыр лæгмæ – схъæлдзырд,
Æнæбарвæссон;
Хъæубæсты – хъæды сырд,
Хæдзары – Сырдон.

Дзырды бар кæй уадзы,
Кæй фæрсы фæндæй?
Чызг тайы, дзыназы,
Мад судзы мæстæй...

Æмвæнд ыстæм рагæй...
Мад циу? Мад нæ фарс
Хæцдзæнис дæндагæй...
Фыд... Фыд у цъæх арс!

Фæкодтон нывæндтæ, –
Мæ куывд мын Хуыцау
Нæ исы... Мæ зæрдæ
Ысдзæгъæл, ыссау...

Кæй барвитон курæг?
Кæй та равдæла?
Цæй мæгуыр дæ, иунæг.
Дæ мад амæла!

Кæй барвитон курæг?
Æфсæрмлæг кæм и?
Мæ лæгтæм лæбурæг
Куы скæна йæхи?

Мæхæдæг фæцæуон, –
Уæд ноджы фыддæр, –
Куы нæ йæм фæлæууон,
Куы сдзурон æз дæр!..

Кæй та цын æй курынц
Уый ацы сахат
Сæхуыддæг дæр дзурынц.
Нæ йæ дæтты мад.

Иæ чызг дæр кæм комы?!.
Фæкъæйных цæм и, –
Йæ дзыггутæ тоны,
Æргæвды йæхи...

Æрвиты мæм ал-хатт:
“Цы фæдæ, кæм дæ?
Мæлынмæ мæ ма радт,
Фæзын, кæд лæг дæ!”

Гъеуый дын мæ митæ, –
Куыдфæнды цæ дом!
Фæрсыс ма мæ: чи дæ? –
Уæд иунæг – мæ ном!



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse