Цыппар æмæ ссæдз боны (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Цыппар æмæ ссæдз боны  (1934) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1934, Рауагъ аз: 1934. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
Цыппар æмæ ссæдз боны

Сæумæрайсом, хур хæхты сæрмæ иу метрæй бæрзонддæр нæма суадис, афтæ гуылæвзаг æмæ сæтой Дзибо Бебойты кæрты дуармæ æрлæууыдис.

— Тотыладз ам нæй?

— Тотыладз? — фæзмы йæ мидбылты худгæйæ 15–16-азыккон саулагъз лæппу. — Уæдæ æндæр кæм уа Тотыладз? Уæртæ кæрты кæрдо бæласы бын бады æмæ йæ цырыхъытæ æмпъузы.

— Бадзул ма йæм!

— Бауай йæм дæхæдæг, йæ разы абад, аныхæстæ кæнут!

— Гъы... Гъы... Гъы... Ныхæстæ. Ныхæстæм мæ не ’вдæлы, — бачыр-чыр кодта Дзибо, æмæ йæ сæт роцъойыл азæбул ис.

Дзибо уыдис аргъуангæс. Саулагъз лæппу уыдис Тотырадзы кæстæр æфсымæр Гæбис. Тотырадз та уыдис Бебойты æнхъæлцау. Уыдис, фæлæ ныр нал у. Тотырадз каст фæци семинар. Цыппар азы акуыста ахуыргæнæгæй. Цыппæрæм азы кæрон æй хицæуттæ йæ бынатæй ратардтой. Ныр æй мæнæ тæфсæг йæ быны скодта æмæ йæ йæ къæхтыл слæууын нал уадзы. Сæйы Тотырадз, йе цæргæ нæ кæны, йе мæлгæ нæ кæны, йе хæдзары бакуыстæн нæу, йе службæйы бацæуынæн нæу. Æнхъæлцау нал у Тотырадз æмæ æнхъæлцау кæм нал у, уым æм бинонтæ атигъ кодтой сæхи.

Куыд у йе ’нæниздзинад, кæм ис йæ хуыссæн, цы у йæ хæринаг — хъуыды дæр ничиуал кæны... Æвæццæгæн, гæды сты хæстæгдзинад, æрваддзинад, уарзондзинад.

Æвæццæгæн, адæмы цард иудадзыгæй дæр æвæрд у æрмæст хиуарзыныл.

Кæд адæм къордгæйттæй цæрынц, кæд горæтты æмæ хъæуты æмбырд кæнынц, уæд уым агур æрмæст хиуарзондзинад. Кæд бинонтæ иумæ цæрынц, кæрæдзиуыл хæцынц, кæрæдзи сæрыл хъызынц, уым дæр агур æрмæст хиуарзондзинад. Ферох ис Тотырадз бинонтæй, сæфтыл нымад æрцыдис, суанг ма йыл йæ кæстæр æфсымæр дæр йæ къух ауыгъта.

— Фесæфтис Тотырадз, Бебойтæ сæ фæллой доны бакалдтой, — афтæ дзырдтой хъæубæстæ дæр.

Никæй зæрдæмæ цыдис Тотырадзы низ. Фылдæр афтæ дзырдтой, зæгъгæ, магуса у æмæ йæхи срынчын кодта, лæвар куыд хæра, афтæ.

Тотырадз та уыдис зæрдæмæхæссаг адæймаг æмæ йæхи иудадзыг аиуварс кодта, баууон кодта йæхи бинонты цæстытæй дæр. Куыд фæнд кодта, афтæмæй йын а фæстаг зымæг уыдис йæ ныййарджыты хæдзары фæстаг зымæг, фæлæ уыцы фæстаг зымæджы дæргъы бавзæрста хъаймæтон фыдæбæттæ. Гæмæх сæгъдзарм йæ быны, тæнæг зæронд пъалто, рæстæг æмæ хурæй чи сбур ис, уый йæ уæлæ, суджы лыггаг йæ нывæрзæн, афтæмæй æхсæз мæйы дæргъы фæхуыссыдис уазал тыргъы.

Тыргъы къултæ æмæ цар мидæгæй халас сæвæрдтой. Тотырадзы фындзы бын-иу бындзы базырты хуызæн тæнæг рихитæ баих сты. Афтæ фæдзурынц, зæгъгæ, адæймаг æнæ хуыссæгæй дыууæ боны дæр нæ бафæраздзæн цæрын. Фæлæ фæстæдæр, Тотырадз йæ фыдæбæттæй куы фервæзтис, уæд-иу, дис кæнгæйæ, æрхъуыды кодта, æхсæз мæйы дæргъы иу минут дæр кæй нæ бафынæй ис, уый. Дзурын æй никæмæн уæндыдис, никæй бауырндзæн, гæды йæ хондзысты, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ. Йæхæдæг æй хорз зыдта, хорз æй хъуыды кодта. Афтæ-иу æм кастис, æмæ уыцы уазалы, уыцы хъæбæр хуыссæныл куы бафынæй уа, уæд нал райхъал уыдзæн, æмæ, уымæ гæсгæ, йæхи фынæй кæнын нæ уагъта. Мæнæ рæдзæ-мæдзæ кæнын байдыдта, зæгъгæ, уæд та-иу йæхи фехъал кодта æмæ та-иу иннæ фарсмæ афæлдæхтис.

Баихсыдис Тотырадз дыууæ азы дæргъы, тынгдæр та фæстаг æхсæз мæйы дæргъы. Мæрдонхуыз цæсгомæй йæ цæстытæ хъилæй баззадысты. Тотырадз хæргæ дæр бинонтимæ нал кодта, йæ кæрдзыны къæбæр-иу, цæххы тулгæйæ, йæ фæдыл дон хуыппытæ кæнгæйæ фæсвæды хордта. Фæлæ уый хæринаг нæ нымадта — цыфæнды уæд, æрмæст ма уалдзæгмæ аирвæзæд, уыййеддæмæ йæ фæнд конд уыдис: хæстæг-æввахс рох кæм фæкæна, хъуамæ ахæм ранмæ айса йæхи... «Гæды сты, мæнг сты хæстæгдзинад дæр, уарзондзинад дæр, — дзырдта хинымæр Тотырадз. — Кæд бæзгæ æмæ хъæугæ дæ, уæд дын ис хæстæг дæр, уарзон дæр, кæннод дард дар дæхи».

Ралæууыдис уалдзæг, Тотырадз йæ цæрæнбонты тынгдæр цы уалдзæгыл бацин кодта, уый. Тотырадз йæхимæ зилы, йæхи цæттæ кæны дард балцмæ, æмпъузы йæ хæдæттæ, æндæртæ. Фæндагæн æхцайы мæт дæр кæны. Бирæ йæ нæ хъæуы. Бынатмæ фæхæццæ уæд, уыййеддæмæ цыфæнды куысты дæр ныллæудзæн. Бинонтæм фæндаггаджы æхцайы тыххæй æппындæр æнхъæлмæ нæ кастис, исгæ дæр сæ нæ ракодтаид. Йæхæдæг амæлттæ кодта. Цавæрдæр æмбæхст тыхтæ фæзындысты Тотырадзмæ. Йæ уæнгтæ срог сты, йæ сæрымагъз барухс ис, æрбайсæфтысты Тотырадзмæ йæ апати, йæ инертад. Зыдта Тотырадз, газеты корреспонденциты тыххæй æхца кæй фидынц, æмæ уал æвзарæгау арвыста иу корреспонденци. Уый мыхуыргонд куы æрцыдис, уæд арвыста дыккаг, æртыккаг. Цин кодта Тотырадз, мæнæ, зæгъгæ, йæ ирвæзыны бон æрхæстæг кæны. Афтæ йæм кастис, æмæ ардыгæй куы ацæуа, уæд йæ низ дæр фæлидздзæн.

Раст уыцы рæстæджы балæууыдис сæтой æмæ гуылæвзаг Дзибо Бебойты кæрты дуармæ.

— Гъы... гъы... гъы... Ныхæстæм мæ не ’вдæлы, — ноджы дæр бачыр-чыр кодта Дзибо. — Алдæм куы лауаид, бадзул-ма йæм!

— Цу, зæгъын, мидæмæ, — сдзырдта лæппу. — Уæртæ кæрдо бæласы бын йæ цырыхъытæ æмпъузы. Сбад йæ фарсмæ æмæ ныхæстæ кæнут. Уæ дыууæ хорз æмбæлттæ уыдзыстут.

Гæбис фыццаг хистæртæм кæсгæйæ ауыгъта йæ къух йе ’фсымæрыл, стæй йæхæдæг дæр афтæ хатын байдыдта хъуыддаг, æмæ Тотырадз уæлдай у хæдзары — æхцайæ æххуыс дзы нæй, куыстæй æххуыс дæр — афтæ, йæхи срынчын кодта æмæ афтæмæй иннæты рагъыл бадынмæ хъавы. Сæнад ис Тотырадз Гæбисæн.

Ныр дæр мæнæ сæтой Дзибойæн уый тыххæй зæгъы:

«Уæ дыууæ хорз æмбæлттæ уыдзыстут».

Дзибо бацыдис мидæмæ. Уыны: Тотырадз архайы туас, бæхсныг, теман æмæ дзæбугæй — æмпъузы, дзæбæхтæ кæны йæ цырыхъытæ.

— Кæцæй дæ Хуыцау æрхаста, Дзибо? — дзæбугæй хойгæйæ, фæрсы Тотырадз.

— Уæлтæ дæм сауджын æмæ диакъон дзулынц.

— Æмæ сæ цæмæн бахъуыдтæн?

— Æмæ цы зонын?.. Гъы... гъы... гъы... — бахудтис Дзибо. Тотырадз дис кодта. Никуы йæм дзырдтой. Æввахс æм нæ цыдысты. Знагыл æй нымадтой сæхицæн. Уæртæ кæмдæр ахуыргæнæг уыдис... Сывæллæтты, адæмы аргъуанмæ цæуын нæ уагъта, йæхæдæг дæр нæ цыдис. Йæ бынатæй дæр, дам, уый тыххæй сырд æрцыдис. Уыцы хабар адон дæр фехъуыстой æмæ сын уæдæй фæстæмæ знаг фестадис.

Хъуыддаг иудадзыг афтæ нæ уыдис. Тотырадз йæ ахуыргæнинæгтæн никæд загъта: «Ма цæут аргъуанмæ!» Уый сын дзырдта æрмæст: «Æз нæ цæуын аргъуанмæ, сымах, куыд уæ фæнды, афтæ кæнут. Кæй фæнды, уый цæуæд, кæй нæ фæнды, уый ма цæуæд!» Æрмæст афтæ уыдис хъуыддаг, фæлæ уæддæр уымæ гæсгæ йе знæгтæ ныббирæ сты.

Знагыл æй нымадтой сæхицæн сауджын Михал æмæ диакъон дæр, ныр æм мæнæ сидынц цæйдæр тыххæй. Хорздзинадæй ницæмæ æнхъæлмæ кастис уыцы сайæгойтæм, фæлæ уæддæр афснайдта йæ цырыхъытæ æмæ йæ кусæн дзауматæ æмæ фæраст ис Дзибоимæ.

Сауджын æмæ диакъоны бахъуыдис хъæуы цæрджыты номхыгъд фыссын. Сауджынмæ уыцы куыст зын кастис — æхсæз мæймæ дæр æй нæ фæцадаид, диакъон та фаг ахуыргонд нæ уыдис — дыууæ азы фаг ын уыдаид уыцы куыст. Æнæ фыссæг баххуырсгæ сын нæ уыдис гæнæн. Зыдтой, Тотырадз сæйгæ æмæ æхца хъуаг кæй у, æмæ йæм уый тыххæй барвыстой Дзибойы.

— Цы дын æмбæла, уый ратдзыстæм, — загъта Михал.

Тотырадз бацин кодта. Куысты аргъыл фидаугæ дæр нæ бакодта. Уæлдай йæм касти уый. Йæхинымæры хъуыды кодта, зæгъгæ йын 25 сомы уæддæр ратдзысты, æмæ уый йæ фæндагæн æгъгъæд уыдзæн.

Газеты хъуыддаг айрох кодта Тотырадз, фæлæ фæлæбурдта уыцы номхыгъд фыссынмæ. Хъуыдис æй фыссын дыууæ экземпляры. Алы экземпляры та оригиналмæ гæсгæ лыстæг фыстæй хъуамæ уыдаид 300 фарсы — журналы форматæй.

Сæрдыгон бонты, хуры скастæй йæ аныгуылдмæ кусгæйæ, Тотырадз фæкуыста 24 боны. Афтæ зæрдиагæй архайдта йæ куыст фæуыныл, æмæ-иу æй исты ахæрын кæй хъуыдис, ууыл дæр хъыг кодта. Тагъд-тагъд-иу аныхъуырдта йæ кæрдзыны къæбæр цæххы тулгæйæ, йæ фæдыл уазал дон хуыппытæ кæнгæйæ æмæ та-иу фæлæбурдта ручкæмæ. Йæ æлхъывд былтæ-иу ноджы тынгдæр æрæлхъывта æмæ фыста, фыста, фæллад нал æмбаргæйæ. Цæй фæллад — йæ балц æдзух йæ цæстыты раз лæууыдис æмæ йын йæ тыхты ифтыгъд лæмæгъ кæнын нæ уагъта. Хаттæй-хатт-иу хинымæр анымадта, цас бахъæудзæн фæндагæн, цас æм баззайдзæн æхца æмæ, цы баззайа, уый куыд хардз кæндзæн — 2–3 къурийы фаг куы суа, уæд уалынмæ бынат дæр зындзæн.

Кусгæйæ, цæугæйæ, хуысгæйæ, — æдзухæй йæ балц йæ сæрымагъзæй цух нæ кодта. Уый уыдис йæ фæстаг фезмæлд йæ фервæзыны тыххæй, уыцы фезмæлд ын нæ бантыстис, зæгъгæ, уæд ын æнæ сæфгæ нæй — уыцы хъуыды йæ уæгъд нæ уагъта.

24-æм бон, хур арвы астæумæ куы схæццæ ис, уæд Тотырадз æрæвæрдта дыккаг экземпляры кæрон фæстаг стъæлф. Фæстаг стъæлф куы æрæвæрдта, уæд иу дзæвгар рæстæг æнæзмæлгæйæ йæ бынаты баззадис.

— Оф... оф... оф... бафæлладтæн! — уæззау ныууынæргъыдта Тотырадз.

Бады дарддæр.

Бахъардта йæм, кæй бафæлладис, уый, бамбæрста, фыркуыстæй йæхи кæй бафæлмæцын кодта, цы тыхтæ ма йæм уыдис, уыдон кæй бахардз кодта ацы куыстыл. Мæнæ йæм ныр йæ бынатæй фенкъуысын дæр зын кæсы.

Бады дарддæр.

Æрлæууыдысты йæ зæрдыл йæ фыдæбæттæ, йæ мæстытæ, æрлæууыдис йæ зæрдыл йæ ирвæзыны фæнд æмæ уæд загъта хинымæры йæхицæн:

— Сыст уæлæмæ, тагъд райс дæ куысты аргъ æмæ-иу бон дæр мауал фæстиат кæн ам!

Сыстадис æмæ, дзойтæ кæнгæйæ, араст ис сауджыны хæдзармæ.

Сауджын æмæ диакъон бадтысты кæрты, бæлæсты бын, æмæ-иу хъæуккагимæ хъæрæй ныхас кодтой.

— Аст сомы уын æгъгъæд у, мæгуыр лæгæй хъуамæ къаддæр исат! — дзырдта хъæуккаг.

— Закъон куыд амоны, афтæ исæм, фæндонмæ гæсгæ, мыййаг, нæу, — загъта диакъон.

Хъæуккаг дзырдта дарддæр.

— Ирæдæй мæ бастыгътой мæ хæстæджытæ. Ницыуал мæм баззадис. Сразы ут аст сомыл!.. Цас куыст уын у — иунæг сахатæй фылдæр ыл нæ афæстиат уыдзыстут!

Уыцы ран сауджын бамæсты ис, æбыхсгæ змæлд бакодта йæ бынатæй. Йæ сырх цæстытæ ферттывтой.

— Дзæгъæлы дзурыс, нæй гæнæн туманæй къаддæр. Дæу тыххæй закъон нæ фехалдзыстæм.

— Иу сом дзы уæддæр аппарут! — ныллæууыдис хъæуккаг. — Нал мæм баззадис æхца. Айсут уæ фараст сомы!..

Сауджыны бæзджын былтæ базыр-зыр кодтой æмæ хъуызгæйæ раппæрстой ацы дзырдтæ:

— Райс, диакъон... фараст сомы... Цы гæнæн ис!

Хъæуккаг æхца бафыста æмæ ацыдис.

Уæды онг Тотырадз лæууыдис иуварс, дзурджыты бахъыгдарынæй тæрсгæйæ. Ныр бахаста йæ куыст — дыууæ стыр журналгонды æмæ сæ оригинал. Сауджын æмæ диакъон бирæ рафæлдах-бафæлдах фæкодтой Тотырадзы куыст. Сæ зæрдæмæ фæцыдис куыст, уый бæрæг уыдис æмæ, уымæ гæсгæ, æхсызгондзинад анхъæвзта Тотырадзы фæлурс цæсгомыл.

— Хорз тагъд сæххæст кодтай дæ куыст. Почерк дæр дын хорз ис, — загъта сауджын.

Тотырадз уæлæнгай бахудтис.

— Æнæбары, Михал, æнæбары. Æхца мæ æхсызгон хъуыдис, æмæ уый æнæбары. Уыййеддæмæ йæ дыууæ мæйы дæр нæ фæцадаин.

Сауджын æмæ диакъон кæрæдзимæ бакастысты. Бамбæрстой кæрæдзи, зæгъгæ, йæ куыст зынаргъдæрыл нымад цæмæй æрцæуа, уый кæны.

Сауджыны бæзджын былтæ та базмæлыдысты æмæ, ивазгæйæ, рауагътой ахæм дзырдтæ:

— Лæппуйæн та ахæм куыстытæ цы сты — хи ирхæфсæнтæ, хи ахуыргæнæнтæ. Фæлæ дын мах цы æмбæлы, уый ратдзыстæм.

Изæрырдæм-иу æрбауай. Мæнæ диакъонимæ кæрæдзи бамбарæм.

Тотырадз араст ис йæ хæдзармæ æмæ фæндагыл хъуыдытæ кодта: «Куыст сæ зæрдæмæ фæцыдис, уый бæлвырд у... Куыд вæййы, цы вæййы, чи зоны, æмæ мын кæд 25 сомæй дæр фылдæр дæттынмæ хъавынц. Æндæра сæ ницæй тыххæй кæрæдзи цы æмбарын хъæуы?»

Цæуы Тотырадз фæллад цыдæй æмæ дарддæр хъуыдытæ кæны: «Цардæй къæртт æппарынц. Кæсыс сæм — иу ацаргъуыды тыххæй туман исынц. Иу сахаты куысты тыххæй. Фæлæ ацы хатт мæгуыр адæймагимæ уыдис сæ хъуыддаг æмæ йын «фæтæригъæд кодтой» — иу сом аппæрстой туманæй».

Куыддæр Тотырадз кæрты дуармæ бахæццæ ис, афтæ йæм æвиппайды бахъардта йе стонгдзинад. Уый кæддæриддæр адджынæн хордта йæ нартхоры кæрдзын цæхх æмæ донимæ, фæлæ йæм ацы хаттæй адджындæр никуы фæкастис йæ сихор. Адджын дæр æм куыд нæ кæса — мæнæ æрхæццæ ис йæ ирвæзæн бон.

Цы боны æрдæг ма баззадис, уый ныддаргъ ис Тотырадзыл. Цæмæй йын æнхъæлмæ кæсын æнцондæр уыдаид, уый тыххæй алы амалтæй йæхи ирхæфста, куы уынгмæ цыдис, куы чиныджы кæсын æвзæрста, фæлæ йæ зæрдæ æппындæр ницæмæ радис — йæ балц лæууыдис иудадзыг йæ цæстыты раз...

Цыфæнды даргъ ныццис бон, уæддæр ын кæрон æрцыдис, æмæ Тотырадз араст ис йе ’хца исынмæ.

***

Сауджын æмæ диакъон бадтысты аргъуаны кæрты дуары фарсмæ, сæ чъылдымтæй сисыл банцой кæнгæйæ, æмæ сындæг ныхас кодтой. Сæтой Дзибо дæр сæ разы лæууыдис. Тотырадзы куы ауыдтой, уæд сæ ныхас фæурæдтой. Сауджын азылдис Тотырадзы ’рдæм æмæ райдыдта:

— Лæппу, иучысыл æхца дæр куы акуса, уæд уый дæр хорз. Исты алхæндзæн йæхицæн — кæм папиростæ, кæм æндæр исты, иу дзырдæй, истæмæн ын бабæздзысты. — Уыцы дзырдтимæ рясæйы рахиз тар иуварс акодта æмæ куырæты дзыппы йæ къух ауагъта. Дзыпп афтæ арф уыдис, æмæ сауджыны бахъуыдис дзæвгар рахизæрдæм акъул кæнын. Сæрак чыссæ байгом ис, æмæ дзы Тотырадз ауыдта алыхуызон гæххæттын æхцайы дзæвгар гуппар. Уыдис дзы фæндзгай сомтæ, тумантæ æмæ æндæртæ. Сауджын афæлдæхтытæ кодта гæххæттытæ æмæ се ’хсæнæй систа æртæ сомы гæххæтт.

Тотырадз кастис Михалы тыппыр æнгуылдзты змæлдмæ, æмæ, æртæ сомы чыссæйæ куы фæхицæн сты, уæд уый хинымæры ахъуыды кодта, зæгъгæ, сæ саужын истæй тыххæй Дзибойæн дæтты кæнæ та йæ исты æлхæнынмæ æрвиты æмæ йæ каст уыдис иннæ гæххæттытæм. Дзибо дæр кастис иуварсæрдыгæй сауджыны æнгуылдзты змæлдмæ æмæ æртæ сомы куы ауыдта, уæд хинымæры загъта: «Æй-джиди, уыцы æртæ сомы кæй сты!». Дзибо лæуд уыдис аргъуангæсы бынаты æмæ уый тыххæй иста мызд мæй дыууæ сомы, фæлæ ма уый сауджынæн дæр цыдæр куыстытæ æххæст кодта: кæрт сыгъдæг кодта, фаджыс марзта, дон хаста цæхæрадонмæ, хуымтæ къахта æмæ рывта, суг саста, арт кодта æмæ ма ноджы æндæр цыдæр куыстытæ.

Сауджын дæр ын-иу уый тыххæй хаттæй-хатт авæрдта куы абази, куы æхсæз суарийы, æмæ сыл-иу уæд уый цинæй мардис...

Фæлæ-иу тынгдæр цин Дзибо кодта ууыл, æмæ-иу хæдзарæй хъуццытæ æмæ куыдзæн хæринаджы уæлдæйттæ, æндæртæ куы рахастой, уæд-иу дзы уый дæр æнæ хай нæ уыдис. Ныр, æртæ сомы уынгæйæ, Дзибо хæлæг кодта Тотырадзмæ, дзырдта хинымæры: «Кæсыс уымæ, цас бакуыста!»

— Уый дын дæ фæллойы аргъ, Тотырадз, — загъта сауджын, къух æртæ сомимæ радаргъ кæнгæйæ. — Хæлар дын уæнт!

25 сомæй къаддæр кæй нæ райсдзæн, уыцы уырнындзинад афтæ фидар бадтис Тотырадзы сæрымагъзы, æмæ ныр æвиппайды нæ бамбæрста хъуыддаг æмæ ницы сарæхстис зæгъынмæ, фæлæ æхца исынмæ дæр нæ бавнæлдта. Æрæджиау куы бамбæрста хъуыддаг, уæд судзгæ маст йæ зæрдæйы æрбадтис — дзæгъæлы фесæфтысты 24 боны, йæ балц æнæбæрæг дард рæстæгмæ адаргъ ис. Дзурынмæ хъавыдис, фæлæ дзырдтæ хъуыры ныббадтысты, йæ фæлурс былтæ дзæгъæл змæлд кодтой. Æрæджиау дзырдтæ æнæуаг хъæрæй расхъиудтой дзыхæй.

— Цыппар æмæ ссæдз боны фæкуыстон хуры скастæй хуры ныгуылдмæ. Куыст тагъддæр ахицæн уа, зæгъгæ, иу сахат дзæбæх никуы баулæфыдтæн. Нывыл кусгæйæ, уый дыууæ мæйæ къаддæры куыст нæ уыдаид... Ныр мын уыцы куыстæн æртæ сомы дæттыс? Дæхæдæг иунæг сахаты куыстæн туманæй къаддæр куы нæ комыс!.. Æри мын мæ фæллойы аргъ куыд æмбæлы, афтæ.

Дис кæнгæйæ, аздæхта Михал йæ сырх цæстытæ диакъоны ’рдæм.

— Адæм сфыдуаг сты. Акæс-ма амæ! Лæппуйыл ахæм ныхæстæ кæнын æмбæлы? Лæппу хъуамæ ахæм куыстытæ лæвар дæр акæна... Цæй, айс де ’ртæ сомы!

Тотырадзы зонд атары ис. Цæстытæ азылдысты зæххыл — агуырдтой дур. «Сисон æмæ йæ сырх цæстыты сæрмæ фæкæнон!» — уый уыдис иу секунды бæрц Тотырадзы хъуыды. Уыцы секунды дæргъы сауджын æндæр цæмæдæр кастис æмæ нæ федта Тотырадзы цæстæнгас, уыййеддæмæ йæм, чи зоны, æндæр фæнд фæзындаид, чи зоны, æмæ 25 сомы дæр бафыстаид. Фæлæ та уыйфæстæ Тотырадзмæ куы бакастис, уæд уымæн йæ цæстыты маст æмæ фыдæх йеддæмæ ницыуал зындис, æмæ уымæ кæсгæйæ ахъуыды кодта афтæ: «Бæрæг суммæйыл, мыййаг, дзырд нæ уыдыстæм, цæмæн ын дæттын ацы æртæ сомы дæр?» Байгом кодта фæстæмæ чыссæ æмæ æртæ сомы гæххæтт иннæ гæххæттытимæ бафснайдта.

— Лæууæд ам — ды дæр иу хатт дины пайдайæн æртæ сомы куы рауæлдай кæнай, уæд цас диссаг у, — загъта сауджын æмæ диакъонмæ бакастис.

Диакъон дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ сæрæй ацамыдта, зæгъгæ, афтæ хуыздæр у.


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
This work was in the public domain in Russia on the URAA date January 1, 1996, according to the Law 09.07.1993 No 5351-1 which was enacted on that date:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 50-year protection term was applied;
  • and the creator died before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996).

The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 89 years or less since publication (if applicable).