Цъиу йæ лæппыныл хъарæг кæны (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Цъиу йæ лæппыныл хъарæг кæны  (1910) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1910, Рауагъ аз: 1910. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ЦЪИУ ЙÆ ЛÆППЫНЫЛ ХЪАРÆГ КÆНЫ


Ма тæх дын загътон, нырма лæппын дæ,
Кæдæм атæхай, уый нæма зоныс;
Дардæй мæм хъуысдзæн фынау дæ зынтæ, —
Ихуарыны 'фхæрд тых нæма хоныс.

Ахстон фæкодтон хос, хъæмпыхæлттæй,
Мæ уалдзæджы цин ды бæргæ уыдтæ.
Сайд дыл æрцыди уалдзæджы сæнттæй,
Æркалд дыл цъити, къæдзæх хох-дуртæ.

Загътон дын: ма тæх, нырма лæппын дæ,
Хорз нæма зоныс уарын афонтæ,
Быдыртæм акæс, — ихдзагъд хъæмпытæ,
Кæнынц уым сагъæс цъиуты лæппынтæ.

Ныр мæ саузæрдæ цæгаты мигъмæ
Æхсæвæй-бонæй кæугæ дзыназы;
Ныр дæм сау цæргагс кæд кæсы тигъмæ,
Йæ къæдз цыргъ ныхтæй кæд дæуæй хъазы...

Кæд дæ сау тæнхъуын цыбыр коцбра
Цæргæс бындзыггай йæ ныхтæй исы;
Кæд дæ сонт буар, додой мæ къона,
Цæгаты бæсты ихæнæй ризы!..

Кæд дæ урс буар искуы ихы бын,
Æндондзæх дурау, уарынæй тайы;
Кæд дæ сонт зæрдæ, уæ мæ хуры тын, -
Фысы уæрыккау, ме 'рдæм æхсайы!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse