Царды зилдухæны (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Царды зилдухæны  (1927) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1927, Рауагъ аз: 1927. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
Царды зилдухæны

Æвæццæгæн, хæдзар уыди ног арæзт, кæнæ ног цалцæггонд. Чъырæйдзаг къултæ митау урс дардтой. Хатæны бур ахуырст асдæрд афтæ æрттывта, æмæ-иу Буцæ йæ нарæг сынтæгыл куы рахъил ис æмæ-иу куы ’ркасти бынмæ, уæд-иу айдæны уынæгау йæхи уыдта. Йæ сæнт сау сæрыхъуынтæ фыццагау уырынгтæ бадтысты, сау цæстытæ дæр ма фыццагау æрттывтой, фæлæ цæсгом фыццаджы хуызæн нал уыди. Ацы хуызæнæй Буцæ æппындæр нæ хъуыды кæны йæхи: уыди дзагдзæсгом, ныр рустæ бахаудтой, кæрæдзиуыл сæмбæлынмæ сæ бирæ нал хъæуы.

Цы ми кæны, цы хуыссы ам Буцæ? Ацафон-иу Санибайы йе ’мгæрттимæ хъæлдзæгæй æрвыста рæстæг. Кæм цуаны цыдысты фæсивæд, кæм-иу бамбырд сты иумæ æмæ исты ног чингуытæ кастысты, кæм хъæзтыты кафыдысты, кæм-иу куывдтыл дæр азылдысты.

Куыд æхсайы ныр йæ зæрдæ уыцы хъæлдзæг цардмæ! Фæлæ кæм ис, мæнæ ам, рынчындоны, хуысгæйæ, баззади... Йæ зæрдæ бауынгæг Буцæйæн, йæ цæстытæ доны анхъæвзтой: æрбалæууыди йæ зæрдыл йæ уарзон мад Зæлда дæр. Куыд хъынцъым кæндзæн ныр йæ фырты æрæгмæ цыдыл! Æвæццæгæн, æхсæв дзæбæх фынæй дæр нал кæны йæ мæтæй... Афонмæ та йын Зæлда йæ разы авæрид хъæрмуст гуылтæ фæлмæн цыхтимæ, кæнæ физонæггонд бæдул!

— О нана, цы кæндзынæн, цы, куынæуал дæм фæзынон, ам, мыййаг, ныгæд куы ’рцæуон! — ныдздзынæзта Буцæ хинымæры æмæ йæ сæр базы атъыста.

Сæры бын уайтагъд цæссыгæй ахуылыдз сты къухтæ æмæ баз.

Нæ зоны, нæ зоны Буцæ, фæцæудзæн ма афтæмæй йæ райгуырæн бæстæм, æви ам, уазал Петербурджы, фæуыдзæн йæ цард! Æвæццæгæн, ам æцæгæлон бæсты, иу цæссыг ыл ничи æркалдзæн, афтæмæй æхгæд æрцæудзæн цъыфдзаст ингæны. Æмбæлттæй ма уæддæр исчи куы аззадаид ам... Фæлæ нæй, куыддæр ахуырафон аивгъуыдта, афтæ цæуыныл фесты иууылдæр сæ хæдзæрттæм.

Хуыссы Буцæ ингæнау æнцой хатæны æмæ удхарæй мæлы. Бон иу хатт фæзыны дохтыр, дыууæ-æртæ дзырды скæны æмæ фæстæмæ лидзæг фæвæййы. Фæзыны рæстæгæй-рæстæгмæ рынчынгæс чызг, фæлæ хионы хъыг æмæ æцæгæлоны хъыг иу не сты. Йæ бинонтæй искæй хъæлæс куы фехъусид, уæд йæ зæрдæ фæфидар уаид, бæргæ, фæлæ дард сты уыдон, фендзæн ма сæ искуы, уый ныфс дæр æй нæй... Ацы хатæн йæ урс къултимæ, бур ахуырст пъолимæ, ингæнау æнад сси Буцæйæн... Уæртæ ма къуымы иу афтид сынтæг, уым ма уæддæр исчи куы хуыссид, ныхæстæй уæддæр сæхи рæвдауиккой.

Хъынцъым кæны Буцæ йæ райгуырæн бæстæ ныууагъдыл æмæ ацы фыдран бахаудыл. Хъынцъым кæны, мысы йæ царды бонтæ.

Реалон скъола каст куы фæци, уæд цæй стыр бæрæгбон уыд йæ ныййарджытæн! Хæсгæ фыр æмæ дыууæ фысы æргæвст уыди йæ куывды, дыууæ тъæпæнбыны бæгæны, арахъ æнæнымæцæй. Цин кодтой бинонтæ æмæ æгас хъæубæстæ йæ каст фæудыл... Стыр бон уыд уый, никæд æй ферох кæндзæн... Рацыди ацы æгæрон уазал горæтмæ. Уый уыди фарон августы. Ныр у июль... 10 мæйы... Уыдонæй аст мæйы диссаджы тагъд аивгъуыдтой, фæлæ фæстаг дыууæ мæйы ныддаргъ сты.

***

Технологон институтæй фондз минуты цыдæй дарддæр нæ уыди Буцæйы фатер. Хорз хатæн ссардта. Дыууæ рудзынджы кæртмæ, алы дзуамайæ фаг ифтонг. Зымæг — хъарм. Æфснайд вæййы афойнадыл. Цы ма хъæуы æндæр — ахуыр кæн фæндоны бæрц. Фæлæ нæй! Алцы зæрдæйы фаг кæм ис... Буцæ йæ сæр æргуыбыр кæндзæн лекцитæ цæттæ кæнынмæ, кæс, æмæ та дуар чидæр хойы. Зоны раздæр Буцæ, уый та у Верæ Петровнæ — фатеры хицауы ус. Йæ мой ам куы вæййы, уæд бæргæ нæ цæуы, фæлæ лæг йæ куыстмæ куы ацæуы, уæд ус уайтагъд ам æрбалæууы. Кæд ын Буцæ «æрбад» зæгъа, уæд æрбаддзæн къæлæтджыныл, æмæ дæ къухтæ ауигъ дæ куыстыл. Кæд ын «æрбад» нæ зæгъа, уæддæр бирæ фæдзурдзæн, стæй тынг æвæндонæй ацæудзæн... Цы хъæуы ам ацы усы, ницы йын æмбары Буцæ! Цал хатты баззадысты уый тыххæй йæ куыстытæ æнæххæстæй?..

Буцæмæ æвзæр адæймаг нæ кæсы Верæ Петровнæ, уындджын, зæрдæмæдзæугæ ус у. Цæудзæн ыл иу-30 азы бæрц, йæ бур сæры хъуынтæ — хъуымбылтыхт къæбуты ’рдыгæй. Хорз ус у Верæ Петровнæ, зæрдæхæлар! Фæлæ Буцæйы цы хъуыддаг ис уымæ, Буцæ æрцыди ардæм ахуыр кæнынмæ æмæ йæ куы ничи хъыгдарид, уæд ын æхсызгон уаид... Хаттæй-хатт фатерæй хъæлæба дæр фехъуысы — Верæ Петровнæ æмæ йæ лæг арæх хыл кæнынц. Буцæйы уыцы хъæлæба дæр хъыг фæдары, фæлæ уый афтæ нæу — кусын æм куы фæцæуы, уæд хъæлæба хъуыды дæр нæ кæны.

Ныр мæй рацыди Буцæйы ам æрцардæй. Мæнæ та стъолыл æргуыбыр кодта, архайы рессин æмæ ресфедерæй. Æвиппайды та лæппуйы хъустыл ауади хъæлæбайы уынæр. Йæ фæстæ — бандæтты гуыппытæ, тæбæгъты зæлланг, стæй усы цъæхахст:

— Цæй æнамонд бон мæ Хуыцау æрбахаста ардæм!

Уый фæстæ фехъуысти бæзджын хъæлæс:

— Тыхæй дæ ничи ласта ардæм. Æнхъæлдæн, барвæндонæй æрцыдтæ!

Ацы дзырдты фæстæ дуары гуыпп сармадзаны хъæрау фехъуысти.

«Исты фыдбылыз дзы æрцыди, æвæццæгæн» — фæхъуыды кодта Буцæ æмæ рацæйуади уатæй — кæд дзы, мыййаг, йæ æххуыс истæмæн хъæуы. Фæлæ уыцы минут дуар чидæр æрбахоста.

— Мидæмæ, мидæмæ! — сдзырдта Буцæ.

Æрбауади Верæ Петровнæ. Йæ цæсгом сырх, æвæццæгæн, мæстæй. Цæстыты бын æрттывтой дыууæ гыццыл цæстысыджы.

— Нал фæразын, нал, афтæмæй цæрын! — уыди йæ фыццаг сныхас усæн.

Æрбадти, æнæ хонгæйæ, диваныл æмæ къухæй ацамыдта Буцæйæн, зæгъгæ, ам æрбад ды дæр.

Буцæ æрбадти усы фарсмæ дæрддзæфгомау. Ус æм бабадти хæстæгдæр æмæ тагъд-тагъд дзурын байдыдта:

— Лæг йæ куыстæй куы ’рцæуы, уæд загъдæн æфсон агурын байдайы... Хæринаг дæр нæ бæззы, тæбæгътæ дæр сыгъдæг не сты æмæ ноджыдæр ахæм цыдæртæ мысы... Ныр дæр та азагъд кодта æмæ афардæг ис.

Буцæ нæ зыдта, цы сдзырдтаид усы хъæстытæм æмæ æнцад хъуыста, йæ цæстытæ уаты пъолы атъысгæйæ.

— Нал фæразын, нал... Кæдæм ма мæ сæр фæхæссон, уымæн ницы зонын! — загъта æппынфæстаг æмæ ноджы хæстæгдæр бабадти лæппумæ.

Уыцы минут лæппу цыдæр рæвдауæн ныхас зæгъынмæ хъавыди усæн, фæлæ йын нæ бантысти: ус ын йæ дыууæ къухæй йæ сæры фæхстæ ацахста æмæ йын йæ былтæн æнгом æмæ даргъ пъа ныккодта.

Стыр æфхæрд фæкасти уыцы пъа лæппумæ. Йæ цæссыгтæ æвиппайды фемæхстысты æмæ цæсгомыл бынмæ афæд кодтой.

Къухтæ сæры фæхстæй куы фæхицæн сты, былтæ былтæй куы феуæгъд сты, уæд цæссыджы æртæхтæй иу къорд бахаудтой гом дзыхы æмæ æвзаг ацахуырстой. Ныры йеддæмæ Буцæ никуы бавзæрста, куыд цæхджын сты цæссыгтæ, фæлæ йын ныр ахæм хъуыдытыл фæстиат кæныны фадат нæ уыди... Хъуамæ усæн исты уайдзæф зæгъа.

Фæлæ Буцæ йæ цæстытæ уæлæмæ нæма схъил кодта, афтæ дуары гуыпп фæцыд.

Ус уаты нал уыди.

Нæ фезмæлыди Буцæ йæ бынатæй.

Ацы хабарыл рацыди 3–4 боны.

Буцæ сихор хæрынмæ бацыди иу аслам хæрæндонмæ. Æрбадти. Никуыма уыди ам æмæ фæлгæсы, цавæр у, зæгъгæ, ацы хæрæндон. Хæринаджы кæлдтытæ ныхъхъæбæр сты стъолæмбæрзæныл æмæ кæм бур дардтой, кæм — саубын. Хуылыдз ма дзы кæм уыди, уымыты ныггуппартæ сты бындзытæ. Буцæйæн йæхи раз тамакойы æртхутджытæ дæр дзыгуыртæй лæууыдысты. Æвæццæгæн, стъолæмбæрзæнтæ дæр æхсад арæх не ’ййæфтой, цагъд дæр. Ноджы ацы тæф. Къухнæ уыди тынг хæстæг, туаг къабускайы тæф дзы бæзджынæй калди æмæ фындзы хуынчъытæ æхгæдта.

Буцæ хæрæндоныл йæ цæст куыд хаста, афтæ йæ разы æрлæууыди урскуатæджын чызг. Буцæ йæм скасти. Комкоммæ йæм арæзт уыдысты, æнæ ныкъулгæйæ, чызджы дыууæ цъæх цæсты. Уыцы кастмæ нæ баурæдтой сæхи Буцæйы цæстытæ æмæ фæстæмæ стъолæмбæрзæны чъизийыл андæгъдысты.

«Цы мæм кæсы комкоммæ ацы чызг!» — хъуыды кодта Буцæ. Иуварсæрдæм фæкасти, — сыхаг стъолы ’рдыгæй дæр æм касти æндæр чызг, — уый дæр куатæджын. Цы базонын хъуыди, адон уыдысты ам кæстæриуæггæнджытæ. Скасти та Буцæ уæлæмæ — чызджы цæстæнгас зæрдиагæй зылди йæ цæсгомыл.

— Что Вам угодно? — фехъуысти чызджы адджын ризгæ хъæлæс.

— Цы уæм ис сихорæн? Æри-ма картæ!

Буцæ равзæрста йæхицæн хæринаг. Иу-æртæ минуты фæстæ та чызг фæзынди хæринæгтимæ.

Лæппу та йын ацахста йæ комкоммæ каст.

— Ныры йеддæмæ дæ никуыма федтон ам, — сдзырдта чызг.

— Кæм мæ федтаис, ныры йеддæмæ никуыма уыдтæн ацы хæрæндоны.

Чызг йæхи æрбахæстæгдæр кодта.

— Ардыгон цыма нæ дæ, уый хуызæн мæм кæсы.

— Дыууæ мæйы дæр нæма цæуы, афтæ Кавказæй æрцыдтæн.

— Уырдыгон дæ?

Лæппу дзуапп нæма ратта, афтæ æндæр фынджы ’рдыгæй тæбæгъы зæлланг ссыди, æмæ чызг уырдæм ауади.

Буцæ хæрын райыдта æмæ хъуыды кодта: «Цы хынцфарст у ацы чызг!.. Махмæ афтæ худинаг у».

Иу хатт, хæргæ-хæрын, лæппу йæ цæст ахаста хæрæндоныл æмæ федта: чызг та йæм дардæй комкоммæ кæсы.

— Дзæбæх чызджы хуызæн у, фæлæ æгæр къæйных каст кæны, — сдзырдта хинымæр Буцæ.

Уалынмæ чызг æрбахаста дыккаг тæбæгъ æмæ хæстæг æрбалæууыди лæппумæ.

— Дæ фатер кæм ис? — сындæг бафарста чызг.

«Ай æцæг хынцфарст куы у», — фæхъуыды кодта Буцæ æмæ фæрсы чызджы:

— Цæмæн дæ хъæуы?

Чызг йæхи тынг æрбахæстæгдæр кодта æмæ хæрз сындæг сдзырдта:

— Зæгъ мын дæ адрес, æмæ дæм æз бацæудзынæн.

Лæппуйæн йæ цæстытæ атартæ сты. Æвиппайды ницы сарæхсти дзурын. Æппынæрæджиау загъта:

— Хъуамæ нæлгоймаг райдайа ахæм ныхас. Чызгæн не ’мбæлы афтæ!

Ацы дзуапмæ чызг бахудти æмæ та тæбæгъы зæллангмæ ауади.

Буцæйæн йæ хъуыдытæ атахтысты йæ райгуырæн бæстæм, азылдысты хæхтыл, быдыртыл, Дзæуджыхъæуыл. Ныр цы уыны, ахæмæй дзы никуыма ницы федта.

— Ай æндæр дуне куы у, æндæр! — сдзырдта Буцæ хинымæр. Уым та чызг йæ разы фегуырди æмæ, мидбылты худгæйæ, сындæг сдзырдта:

— Абаддзыстæм. Аныхас кæндзыстæм!

Кæмдæр та стъол æрхостой, æмæ та чызг уырдæм ауади.

Ныронг Буцæ амы цардмæ лыстæг нæма æркасти. Нæ уыди рæстæг, фыццаг экзаментæ, стæй фатеры мæт, стæй та зæрдиагæй ахуыр кæнынмæ бавнæлдта — хъуамæ йе ’мбæлттæй фæстæдæр ма зайа... Хъуыста цыдæртæ, уыдта, зæронддæр студенттæ чызджытимæ куыд рауай-бауай кодтой, фæлæ йæ хъус æппындæр ахæм хъуыддæгтæм нæ дардта. Иу хатт æй иу æмхъæуккаг студент базонгæ кодта иу уырыссаг чызгимæ, ныууагъта сæ иумæ, йæхæдæг афардæг. Буцæйы не ’вдæлди, цавæрдæр лекци йæ сæрæй нæ хицæн кодта, уайтагъд хæрзбон загъта чызгæн æмæ йæ фатермæ ацыди... Йæ зæрдыл æрбалæууыди Буцæйæн Верæ Петровнæйы пъа, ныр ацы чызджы ныхæстæ дæр, æмæ сдзырдта хинымæр:

— Нæ, махмæ афтæ нæу. Ай æндæр дуне у!

Хæрд фæци Буцæ æмæ кардæй тæбæгъ æрхоста.

Чызг æрбауади. Цыдæр зæгъынмæ ма кæй хъавыди, уый лæппу фæхъуыды кодта, тагъд-тагъд æхца ахицæн кодта æмæ дуары æдде фæци.

***

Иу хатт ирон студенттæй чидæртæ бамбырд сты се ’мбæлттæй иуы фатеры. Уым, бæгæны нуазгæйæ, хъæлдзæг ныхас кодтой. Буцæ дæр радзырдта Верæ Петровнæйы пъайы тыххæй, стæй хæрæндоны хабары тыххæй.

Лæппуты худтæн кæрон нал уыди.

Æппынфæстаг сæ иу загъта Буцæйæн:

— Ду...р...р...ак!

Иннæ йын загъта:

— Дзидзидай!

Æртыккаг загъта:

— Фæлæууæд, мах æй тагъд ацахуыр кæндзыстæм!

Иу хатт та Буцæ, æвдæлон уæвгæйæ, рæстæг арвитыны тыххæй киномæ бацыди. Нывтæ æвдисын нæма райдыдтой, адæм рæстæг æрвыстой тыргъты. Чи бадгæ кодта, чи — лæугæ, чи — рацу-бацу. Кæсы Буцæ, уæртæ йе ’мбæстон студенттæй æртæ. Бадынц чысыл фынджы алыварс æмæ лимонад нуазынц, семæ цавæрдæр дыууæ чызджы. Ауыдтой студенттæ дæр Буцæйы. Сæ иу æм йæ къухæй фæсидти.

Бацыди Буцæ, студенттæн сæ къухтæ райста, чызджытæн йæ сæрæй акуывта.

Лæппутæй иу чызджытæм бакасти.

— Нæ зонут кæрæдзи? — Базонут!.. Не ’мбæстон... Ногфых студент.

Буцæ йæ ном загъта. Чызджытæй иу æнæбæрæг цыдæр сдзырдта, фæлæ иннæ, цæхæрхуыз сæрыхъуынджын, хъæрæй загъта:

— Аннæ Калашникова, цыбырдæр Анет, медикон факультеты кæсæг... Мæ фыд дæр дохтыр у... Рынчын куы уай, уæд-иу æм фæбæрæг кæн!

Буцæ бахудти:

— Бузныг дæ саламæй, фæлæ рынчын кæныны фæнд æппындæр нæ кæнын.

Æрбадти Буцæ дæр семæ. Иууылдæр хъæлдзæг ныхас кодтой, дзырдтæ кæрæдзи дзыхæй скъæфгæйæ.

Анет йæхи чи хуыдта, уыцы чызг йæ каст æмæ йæ ныхас Буцæйы ’рдæм скодта. Буцæ уыдта, ацы дзæбæх чызг ын иттæг зæрдиагæй йæ цæсгомыл кæй фæлгæсы, æмæ йын æхсызгон уыди. Йæ зæрдыл æрлæууыди Верæ Петровнæйы пъа æмæ мидбылты бахудти... Нæ, ацы чызджы пъайы тыххæй йæ цæссыгтæ не ’ркæликкой.

***

Дзæнгæрæг ныццагъта. Адæм сæ бынатæй фенкъуыстысты, æвдисæн залмæ фæцæуынц. Буцæ æмæ Анет бацыдысты иумæ, сбадтысты фæрсæй-фæрстæм. Сеансы фæстæ чызг загъта лæппуйы цæстытæм комкоммæ кæсгæйæ:

— Нæхимæ мæ ныххæццæ кæндзынæ? Æнафон у ныр.

Лæппумæ дзæбæх касти ацы чызгимæ дзурын дæр, цæуын дæр æмæ загъта:

— Тынг æхсызгонæй дæ ныххæццæ кæндзынæн. Кæцы ран цæрыс?

Чызг бахудти:

— Нæ дын æй зæгъдзынæн. Куы ныххæццæ уæм, уæд æй дæхæдæг фендзынæ.

Сахаты æрдæджы фæстæ æрлæууыдысты рæсугъд фондзуæладзыг хæдзары раз. Чызг загъта:

— Ай у нæхи хæдзар. Нæхæдæг цæрæм дыккаг уæладзыджы. Цом, нырма баддзысты, базонын дæ кæнон мæ ныййарджытимæ!

Буцæмæ ацы афон искæй хæдзармæ цæуын аккаг нæ касти æмæ цæйдæр æфсон тагъд цæуыныл фæци сæхимæ. Чызг дзы уæддæр дзырд райста, куыд сæм хæстæгдæр хуыцаубоны фæзындзæн сихормæ.

Фыццаг хуыцаубоны нæ, фæлæ уый фæстæ дыууæ хуыцаубоны дæр нæ фæзынди Буцæ Калашниковтæм.

***

Уыди уазал æрæгвæззæг изæр. Буцæ бадти йæ хатæны æнæ тузуркæйæ, туфлиты мидæг, фæлмæн къæлæт бандоныл йæхи фæстæмæ ауадзгæйæ, къæхтæ бандоныл сæвæргæйæ архайдта «сопротивление материалов» бамбарыныл. Йæхицæн дзырд ратта Буцæ, зæгъгæ, цалынмæ фæстаг лекци биноныг бамбара, уалынмæ не схуысдзынæн.

Фæлæ мæнæ æвиппайды йæ хъустыл ауади дуары хост. Куыддæр «мидæмæ» сдзырдта, афтæ бырсæгау смидæг ис уаты Анет.

— Æз дæм æрбацыдтæн хыл кæнынмæ! Дзырд раттай æмæ нæ фæзындтæ! — афтæ райдыдта Анет.

— Фæлæуу, фæлæуу, — фестгæйæ сдзырдта Буцæ. — Æлгъитыны фаг дæр дын рæстæг уыдзæн! — Райста чызгæн йæ пъалто, худ, æмæ сæ рагъæныл сауыгъта.

Уым цавæрдæр фыдуаг хъуыдытæ фегуырди лæппуйы сæрымагъзы.

— Æй-джиди! — сдзырдта хинымæр. — Ахæм дзæбæх чызг!..

Фæлæ, æвæццæгæн, йæхимæ уæлдай дзырд дæр скæнын нæ бауадздзæн...

Сбадтысты. Ныхас кæнынц студентты царды тыххæй.

Буцæ цай рахæссын кодта.

Ныхасгæнгæйæ, цай дæр ахицæн кодтой.

Аивгъуыдта дыууæ сахаты бæрц, уыди раст дæс сахаты.

Буцæйы сæрымагъз æхгæд уыди лекцитæй, ам та йын студентты царды кой кæнынц... Анет куы сыстид æмæ йæ хæдзармæ куы ацæуид, уæд Буцæйы æндæр бæргæ ницы хъæуы ацы сахат.

Фæлæ чызг бады, цæуыны фæндæй йæм ницы ис. Райдыдта та ныхас абоны хабæртты тыххæй.

Сахат ныццагъта иуæндæс.

— Афон цы тагъд цæуы! — дисгæнæгау сдзырдта Буцæ. Уый афтæ æнхъæл уыди, æмæ афоны кой куы скæна, уæд чызг фæхъуыды кæндзæн, цæуыны афон кæй у, æмæ ацæудзæн сæхимæ.

Нæй, чызг бады, ныхас дардæй-дарддæрыл нывæнды. Буцæ мæстæй мæлы, йæ лекциты мæт йæ сæрæй нæ хицæн кæны, фæлæ æнæбары йæ ныхас у хъæлдзæг, ницæмæй æргом кæны æддæмæ йæ æцæг хъуыдытæ... Мæнг уыдысты Буцæйы дзырдта, афтæ куы загъта: «Цы тагъд цæуы афон!»

Афон тынг сындæг цыди Буцæйæн, минут æм сахаты бæрц касти.

Скæс-скæс кодта Буцæ сахатмæ, — хатт æм афтæ касти, цыма сахат ныллæууыди. Нæй, лæугæ дæр нæ кодта сахат, йæ цæуыны зæлланг дардмæ хъуысти.

Буцæмæ афтæ кæсын байдыдта, æмæ чызг 12 сахатмæ бадыны фæнд кæны æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта уæдмæ.

«Дыууадæсыл куы ацæуа, уæддæр хорз!» — хъуыды кодта Буцæ. — Иу-дыууæ сахаты ма акусид æмæ фæрогдæр кæнид йæ райсомы хæс.

Сахаты дзæнгæрæг ныццагъта дыууадæс.

Цыма стыр маст йæ зæрдæйæ ахаудта, уыйау арф ныуулæфыди Буцæ — ныр сыстдзæн æмæ ацæудзæн Анет... Æгас æртæ версты цæуын бахъæудзæн чызгимæ, фæлæ уый ницы кæны, фæстæмæ трамвайы абаддзæн.

Уым чызг йæ ныхас аргъæвта дунейы хабæрттæм. Дзырд бацайдагъ Герман æмæ Уæрæсейы хъуыддæгты тыххæй.

Чызг дзырдта:

— Уыдзæн хæст.

Лæппу дзырдта:

— Нæ, нæ уыдзæн.

— Уый æнхъæл ма у, — загъта чызг, — æмæ Англис афтæ кæсдзæн. Нæ, уымæн йæ интерестæ амонынц схæцын Францы æмæ Уæрæсейы фарс.

Уыцы ран Буцæйæн йæ цæстытæ æнахуыр æрттывд фæкодтой.

Сыстади лæппу йæ бынатæй.

— Кæд афтæ нæ уа, уæд иу...

Чызг хъавыди дарддæр дзурынмæ, фæлæ йын нал бантысти.

Бандоны фæстæ лæугæйæ, агуыбыр кодта Буцæ æмæ Анетæйæн йæ дзураг былтæн даргъ пъа ныккодта.

Райхъал ис нæлгоймаг. Ферох сты лекцитæ. Технологон институт дæр нал уыди. Уыдис ма æрмæст цæхæрхуыз сæрыхъуынджын Анет.

Чызг «нæ, нæ» кодта, фæлæ...

***

Сахуыр ис Буцæ.

Кæмдæриддæр дзæбæх сылгоймагыл æмбæлди, исты æфсæнттæй йын æнæ базонгæ нæ уыди. Цал хатты йæ федтой йе ’мбæлттæ уынджы дæр сылгоймæгты фæдыл тындзгæ.

— Кæсут, кæсут Буцæмæ? — дзырдтой-иу æмбæлттæ. — Уæртæ та кæйдæр фæсуры!

Æмбæлттæ хонын байдыдтой Буцæйы бабник, юбочник, фæлæ Буцæйæн уый æхсызгон йеддæмæ хъыг нæ уыди.

Афтæ аивгъуыдта дæс мæйы.

Хуыссы Буцæ рынчындоны нарæг сынтæгыл, æрдиаг кæны йæ царды æрбайсæфтыл. Лæг суын æнхъæлæй рацыди ардæм, фæлæ мæнæ куы фервæза, уæддæр, æвæццæгæн, нал фæцæудзæн йæ райгуырæн бæстæм. Кæйдæртау нæ ацæудзæн Буцæ æвзæр низтæ тауынмæ. Йæ уарзон Аминæтмæ дæр нал бадзурдзæн, зæгъгæ, рацу, нæ цард иумæ сбæттæм. Нæ, Буцæ кæйдæрты нæ бафæзмдзæн. Фæлтау... Хъуыды йын уыди.

Райсомы газеты лыстæг хабæрттимæ уыди фыст: «Петербурджы æртыккаг рынчындоны, венерон хайады æрцауыгъта йæхи кавказаг студент, йæ ном Б-ы Буцæ».

Стъолыл зынди æхгæд фыстæг йæ ныййарджытæм.


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 96 years or less since publication (if applicable).