Хъарæг (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Хъарæг  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ХЪАРÆГ


«Дуне махæн у нæ бæстæ,
Дуне уарзæм-иу, зæгъынц, —
Мах цæрæм, хæрæм, нæ фæстæ
Урссæр цъититæй, нæ хæхтæй
Мацы баззайæд», — зæгъынц.

Уазал зæрдæтæн кæм зынд у
Хæхтæн, къæдзæхтæн сæ хъаст.
Цавæр цæстæй-иу фæкæсынц, —
Ризгæ зæрдæтæн сæ быны
Рох куы нæ кæны сæ маст.

Дардыл быдыртыл фæлгæсынц,
Дардмæ хорз фырттыл кæуынц.
Урссæр, сау цæсгомджын хæхтæ,
Къултæ, хъæдтæ 'мæ нæ дæттæ
Зæрдыл, сау чызгау, лæууынц.

Дæттæ уалдзыгон фæхъарынц,
Хæхты маст дзырдтæ кæнынц,
Сабыр сонт дымгæтæ уайынц,
Къултыл, дугъæттау, фæуайынц,
Сусæг аргъæуттæ кæнынц.

Уазал зæрдæтæ кæм хъусынц,
Хæхтæн не 'мбарынц сæ маст,
Иухуызон быдырты кусынц,
Хæхты, къæдзæхты нæ мысынц
Уарзон адæмæн сæ цард.

Махыл худынц: «Уарзут, уарзут,
Хæхты, къæдзæхты, — кæнынц, —
Чъизи, сау хæхты ыстаут,
Уазал цъититы нæ фаут!» —
Махæн худгæйæ зæгъынц...

Уадзут!.. Уарзон бæстæй лидзæнт —
Махæй, бафсæдынмæ дард,
Уым хъæздыг рæтты фæхизæнт,
Урс дзул, цаийæ нæ ивæм
Мах нæ хохы дæтты зард!



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse