Хъазтæ (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Хъазтæ  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


ХЪАЗТÆ


Дæ фыдæлтæ рухсаг,
Дæхæдæг мын бæзз!
Ныртæккæ уын диссаг
Æрхæсдзынæн æз.

Фæрссаг лæг, дыгурон,
Йæ хъазтæ уæймæ
Фæцæйтардта иу бон
Æлдары хъæумæ.

Цыма сæ фæдисæй
Ыскъæры – тындзы
Æмæ сæ йæ уисæй
Æнæвгъау хынцы.

Æрбаййæфта хъазты
Уæд иу дардбæстаг.
Нæ хъазтæ сæ масты
Фæкодтой хъæстаг:

– Ныллæу нын тæрхоны,
Дæ Хуыцаумæ скæс!..
– Мæгуыр лæг цы зоны?
– Нæй, нæй дын фæрæз!..

Æрлæууыд сæ астæу...
Фæрсы сæ: зæгъут!
– Хуымæтæджы хъазтау
Нын ласы нæ уд.

Æнтæфæй нæ мары,
Уæлдай та нæ над!..
Æрдумæ нæ дары
Нæ фыдæлты кад.

Нæ фыдæлты руаджы
Нæ бабын ис Ром...
– Уый фехъуыстам раджы,
Нæу сусæг сæ ном...

Уæхуыдтæг, уæхуыдтæг
Цæмæй хорз ыстут?
– Фæмæлæм, мæгуыртæг, –
Кæм ма ис рæстуд? –

Нæ фыдæлтæ чи сты, –
Нæ зоныс, сæрæй?
– Уæхицæй уæм исты
Æппæлинаг нæй?

– Нæ фыдæлтæ раджы...
– Уый фехъуыстон, гукк!..
– Нæ фыдæлты руаджы...
– Уæхуыдтæг цы стут?

Цы равдыстат кадæн,
Зæгъут-ма уæддæр?
– Мах?.. Ницы!.. – Æрра дæн –
Фæрсын уæ æз дæр!

Уæ фыдæлты хорз кой
Мыггагмæ цæрæд!
Куывдтæ-иу сын кодтой,
Сæ бадæн – дзæнæт!

Ныр рæстæджы хъазæн
Æндæр у йæ кад:
Йæ бумбули – базæн,
Йæ нард фыд – бæркад.

Нæ хъазты ныхасæн
Бæргæ ис кæрон,
Фæлæ искæй хъазæн
Æгæр хъыг куы уон!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse