Jump to content

Хъазахмæ (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
Хъазахмæ (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290356Хъазахмæ1902Гуырдзыбеты Бласка


ХЪАЗАХМÆ


(Балодтийæн Тускъати)

Гъæйтт, нæ хъазах, гъæйтт дзæгъетæ,
Зæрдеген сомий кадæй,
Паддзахи æппалд йеретæ
Уездон ижди 'ма кардæй!

Æзнаг уе 'хсарæй æстъæлфæд,
Æнцон комæд фæлмæцун,

Нæ реу уи бæрзонд уолæфæд,
Æппæлгæй уин уæ хуæцун!

Кади ном уин бафедауæд,
Ку хуæцайтæ нифсгондæй,
Стур Уашгерги, нæ идауæг,
Кæсæд уæмæ бæрзондæй!

Гъæйтт, нæ муггаг, гъæйтт Дигорæ,
Размæ цо нин, фæшевæд
Хъазауати уæ идонæ
Бæрæг федар æд нифс уæд!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.