Jump to content

Хур æмæ хæфс (Гæдиаты)

From Wikisource
Хур æмæ хæфс (1911)
by Гæдиаты Секъа
289743Хур æмæ хæфс1911Гæдиаты Секъа


ХУР ÆМÆ ХÆФС


Иу хатт хур куыдта,
Мæимæ дзырдта:
—Мæ лæппу амард—
Мæ иунæг бындар,
Стъалыты æлдар,
Чысыл мын ацард...

Уæд æм хæфс дзуры:
— Æз дæр дæ цуры
Куы фæдæн мæрдджын.
Мæ фырт амарди,
Чысыл мын ацарди
Мæ хъæбул — цæстджын.

Уæд æз куыд лæууын,
Куы нæ уал кæуын
Мæ хъамбулцæстыл.
Цъыфдзасты бадти,
Ирддзастæй касти
Дунеты бæстыл.

Хур загъта: — Уæууау,
Кæд мæ фырт дæуау
Æвзæрæй фæцыд, —
Афонмæ дæр ын
Куы хъуыд амæлын, —
Уый та дын мæ дзырд.

Йæхæдæг рахатт,
Бæстыл та ракаст,
Бæстæ ныррухси.
Ныккасти йæм хур,
Хæфсы цад ныссур,
Хæфс уым ныххуси.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.