Хо æмæ æфсымæр (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Хо æмæ æфсымæр  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991
Хо æмæ æфсымæр

Кавказы хохы сынæгыл райдианæй нырмæ бирæ адæмы мыггæгтæ царди æмæ цæры, фæлæ се ’хсæн иумæйаг хъуыддаг аразæн — тæрхондон никуы уыд. Иу адæм иннæйы нæ зыдта кæрæдзи нæ уарзтой, кæрæдзимæ лæбурдтой, кæрæдзийы фос тыхæй тардтой, кæрæдзийæ уацайрæгтæ хастой, кæрæдзийы цагътой. Гуырдзыстоны паддзахад æныгуыс — æдых уыди æмæ сæ уромын нæ фæрæзта, афтæмæй кæрæдзийы цыбырæй-цыбырдæр кодтой.

Гуырдзыстон Уырысимæ баиукæныны агъоммæ, Чысаны доны хæд сæр иу къæдзæх сынæгыл царди иунæг хæдзар, Битæрты Ахмæт, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны паддзахадæн йæ тых асастой Турк, Перс æмæ Лекъ. Уырыс та цæугæ нæма æркодтой æмæ адæм кæрæдзи мидæг схылымылы сты. Иудзырдæй, тынг змæст рæстæг уыди.

Ахмæтæн йæ кæстæртæ — дыууæ ’фсымæры, йæхицæн чызг æмæ лæппу — Тамар æмæ Хъазара. Тынг хъæздыг царди: фос, хæзна — бирæ, сæ хъæздыгады кой — дардыл хъуыст.

Иу уалдзыгон бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæзта. Фæскъæвда хурбоны бæстæ цъæх адардта. Хурзæрин арвы астæу тыбар- тыбургæнгæ фæцæйтахт. Хъазара сæрвæтæй фосы дзуг сæухиз дуцынмæ æртардта. Бинонтæ иууылдæр фос дуцыныл ныллæууыдысты, алкæмæн йæ къæрта йæ разы æхсырæй урс танхъа хаста. Иннæ ’рдыгæй дынджыр цæхгæры æхсыр фæрсыгътой, тæсчъыйас цыхтытæ тæбæгъты ахстой. Цард сæм йæ мидбылты худти, гуылф-гуылф кодта. Фос дыгъд нæма фесты, афтæ хъæды къохæй фынддæс лæджы æрбазынди. Ахмæт сæм кæсæнцæстытæй акасти æмæ афтæ зæгъы:

— Хуыцау нæ фесæфта! Лекъ нæм æрцæуынц, хæсдзысты нæ! — Цалынмæ бинонтæ ракæ-бакæ кодтой, уалынмæ лекъ фосы алыварс амбырд сты. Бæстæ гæрах сси. Топпыхъæр кæмтты арыдта. Ахмæт фæцæфис, былæй асхъиудта æмæ хæмпæлæй хъæр кодта:

— Хæмпæлмæ, Хъазара, хæмпæлмæ! Фæлæ Хъазарайы лекъ рацахстой, Тамарайы дæр, æмæ сын сæ къухтæ синагæй фидар абастой. Иннæ бинонтæ — сылгоймагæй, нæлгоймагæй хæмпæлы амбæхстысты. Лекъ Ахмæты хæдзары цыдæриддæр ссардтой — фосæй, хæзнайæ, Тамар æмæ Хъазара дæр семæ — Дагъистанмæ сæ афардæг кодтой:

Ахмæт кæд уæэзау цæфтæ фæцис, уæддæр æндон стæг æмæ тугæфсæст буар тагъд сдзæбæх ис, фæлæ цæмæй цардаид, уый йын нал уыди, æрмæст иунæг фысы йедтæмæ, уый дæр фосæй чи фæдзæгъæл ис, ахæм. Фæлæ цард кусæг лæджы уæхскыл бады. Ахæм хорз кусæг лæг, хæдзар та уайтагъд йæ былтæй акалд фосæй, хæзнайæ, æппæтдæр бирæ. Фæлæ Ахмæты Тамар æмæ Хъазарайы маст домдта, йæ зæрдæ йын хордта.

Тамар æмæ Хъазарайы лекъ акодтой Дагъистанмæ. Хъазарайы Дагъистаны иу æнæзæнæг Наиб балхæдта. Тамары дарддæр акодтой, Авары бæстæм æмæ уый дæр уым ауæй кодтой. Хъазара — куыстуарзаг, уынаффæджын, коммæгæс лæппулæг. Исдуг йæ фыдыбæстæ, йæ мад, йæ фыды мысыд, стæй Наибы хæдзарæн хицау сси. Æнæ Хъазарайы бафæрсгæ Наиб хæдзары хъуыддæгтæй иу дæр нал кодта, базыдта йын йæ зæрдæ, йæ хъару æмæ йæ йæхицæн лæппу скодта. Хъазара бирæ хæттыты лидзыны фæнд дæр скодта, фæлæ та-иу æй Наибы уарзондзинад баурæдта. Сахуыр ис лекъагау, базыдта сын се гъдæуттæ æмæ йæ адæм бирæ бауарзтой. Иудзырдæй, Хъазарайæн Дагъистан дыккаг райгуырæп бæстæ сси.

Тамар йе ’фсымæры мысыди, Авары бæсты зыбыты иунæгæй йæхи бынсæфтыл нымадта, æгоммæгæсаг, фыддзых, фыдуаг сси. Йæ хицау æй фæстæмæ дагъистайнагæн ауæй кодта. Уымæ дæр куыддæртæй фондз азы фæцарди, стæй та йæ уый дæр уæймæ ракодта æмæ раст Хъазара цы Наибмæ уыди, уый дуæртты æрцыд. Наиб дуармæ бандоныл бадти, йæ кæрц йæ уæхсчытыл æмæ йын афтæ зæгъы:

— Кæдæм кæныс уыцы чызджы?

— Уæймæ.

— Цас уыдзæн йæ аргъ?

— Дыууадæс сыгъзæрины.

Наиб чызгмæ бакасти æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз, зынаргъ нæу, кæд не ’фсины зæрдæмæ фæцæуа, уæд, — æмæ йæ усмæ бадзырдта, ус рацыди æмæ йын Наиб афтæ зæгьы:

— Фенма, уыцы чызг Хъазарайæн усæн бæздзæн æви нæ? Ус чызджы федта æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз, дзæбæх чызг у.

Наиб чызджы хицауæн дыууадæс сыгъзæрины радта æмæ Тамар уыдонмæ баззади.

Хъазара уым нæ уыдис, хуымкæрдынмæ уыдис. Изæры куы æрцыд, уæд ын Наиб афтæ зæгьы:

—Бакæс-ма, Хъазара, цы ус дын æрхастон! Аварханы чызджы хуызæн! — Хъазарайæ хъазыд.

Тамар уырдыг лæууыд æмæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, фæлæ кæрæдзи нал базыдтой. Тамарæн йæ чызгон хуыз сивта, цæсгом гæзæмæ æндæргсыд фæткъуыйау, сцъæхис, дыууæ æрфыджы астæу фæугард, æрмæст ма йæ сæвджын ныхыл сау æрфгуытæ чызджы рæсугъддзинад хъахъхъæдтой. Хъазара дæр йæ хуыз аивта, йæ зачъетæ ’рцыдысты, цæсгом фæлæгхъуыз ис, йæ лæппудзинады нысæнттæй йæм ницыуал уыдис æмæ Тамаримæ кæрæдзийæн æнæзонгæ сысты. Æхсæвæр бахордтой, Наиб æмæ йæ усы схуыссын кодтой æмæ сæ уатмæ ацыдысты.

Хъазара сынтæгыл æрбадт, Тамар йæ разы уырдыг лæууыд æмæ йын Хъазара афтæ зæгъы:

— Раздæр базонæм кæрæдзи. Нæ дыууæ дæр кæцондæр, кæйдæр бæсты баиу стæм, зæгъ мын, кæцон дæ, кæм бæстаг, кæй чызг дæ?

Тамар йæ кæлмæрзæны хаутæ асхъаудта æмæ афтæ зæгъы:

— Чысан хуыйны мæ бæстæ, ирон адæмæй мæ мыггаг, Битæрты Ахмæты чызг дæн, — æмæ йæ кæлмæрзæны къабазæй йæ цæстысыг асæрфта. Æмæ та афтæ зæгъы. — Куыдзы дæндаг бахæрæнт, лекъ нæ рахастой ме ’фсымæримæ. Ме ’фсымæры иу ран ауæй кодтой, мæн — иннæ ран. Нæ зонын, ме ’фсымæр цы фæци, æгас у, æви нæу, уый бæрæг нæ зонын. Батадтæн, бахус дæн уый мæтæй. Мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси.

Хъазара иудзæвгар ницыуал сдзырдта, хъуыдыты аныгъуылди. Сæрымагъз уылæнтæ кодта. Зæрдæ фырцинæй анæрст, фæцæйскъуыд. Хурхыуадындзтæ адымстысты, цæстысыг æркалд. Иу дзырд дæр йæ бон нал уыдис. Стæй афтæ зæгъы:

— Ис аллах, æгайтма тæригъæд нæ ракодтам. Æз де ’фсымæр дæн, Ахмæты фырт Хъазара.

Тамар фырцинæй йæхи нал баурæдта æмæ Хъазарайы æфцæджы атыхст æмæ йын ныпъатæ кодта.

Уымæн дæр цинæй йæ цæстысыг æркалд æмæ æнæдзургæйæ, кæрæдзи ’фцæджы тыхстæй бирæ, бирæ, тынг бирæ алæууыдысты. Стæй сынтæгыл æрбадтысты æмæ Тамар афтæ зæгъы:

— Мæ уд дæ нывонд, мæ сæр дæ фæхъхъау, мæ зæрдæ мын сæфтау æмæ йæ ахæр, ацы хабар Наибæн ма зæгъ!

— Цæуылнæ? — загъта Хъазара.

— Цæуылнæ, уый дын зæгъдзынæн. Хицæутты зæрдæ афтæ у, хорзæй, æвзæрæй цы сфæнд кæнынц уый сæ фæндыл куы нæ цæуы, уæд уыцы хъуыддаг халаг сты. Чизоны æмæ куы базона, мах хо æмæ æфсымæр стæм, уый, уымæн та йæ фæнд æндæр уыди, куы фæмæсты уа, искæй нæ куы ауæй кæна, уæд та фæхицæн уыдзыстæм. Фæлтау уадз æмæ афтæ цæрæм. Чи сæ фæрсы? Кæй цы хъуыддаг ис?

Хо æмæ æфсымæр кæрæдзи бавдыстой, цæмæй макæмæн зæгъой сæ хабар. Раст æмбисæхсæвмæ фæныхæстæ кодтой, сæ зындзинæдтæ, сæ хасты хабартæ, сæ царды уынаффæтæ. Стæй хо æмæ æфсымæр хъæбыс- хъæбысы фæлмæн лыстæн уатыл афынæй сты.

Райсомæй хур скасти, уаты рудзгуытæй хид авæрдта. Тамар æмæ Хъазара фестадысты. Хъазара хуым кæрдынмæ ацыди, Тамар та хæдзары зылд райдыдта.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Адæмæй афтæ, Тамар æмæ Хъазара ус æмæ лæг сты, уыдон та — хо æмæ æфсымæр. Фондз азы сыл ацыди. Иу бон Наиб йæ усæн афтæ зæгъы:

— Хъазарайы усæн зæнæг нæ гуыры æмæ йын дыккаг ус æрхæссæм, — загъта.

Наибы ус дæр уæлдай ницы сдзырдта. Цæмæйдæриддæр, Хъазарайы сæхи фыртæй дæр фылдæр уарзтой æмæ Хъазарайæн дыккаг ус æрхастой — лекъаг чызг. Уыцы усæй Хъазарайæн дыууæ лæппуйы райгуырди — Умар æмæ Ахмæт.

Тамар йæ фыццаг цæрæнбынæтты кæд фыдуаг, фыдæгъдау уыди, уæддæр уый йæхи аххос нæ уыди, фæлæ йе ’фсымæры мæстæй, йæ мад, йæ фыды мысынæй йæ зæрдæ сырды хуызæн сси, иу дзырд, иу ныхас никæмæн барста, йæ цардæй йæм мæлæт хуыздæр касти æмæ бирæ уæйтæ дæр уымæн фæци. Ныр, Наибы хæдзары'йе ’фсымæримæ куы баиу, уæд йæ зæрдæ схорз, сфæлмæн, хæдзары зылдæй йын амонын ницы хъуыд, æнæрынцойæ куыста, архайдта, æмæ йæ уый тыххæй Наиб æмæ йæ ус фылдæр бауарзтой. Иудзырдæй йын хæдзары мидæг уынаффæ иууылдæр йæ къухмæ радтой.

Адæмы аразгæ дæр уарзондзинад кæны, — сафгæ дæр.

Хъазара йæ усы уæлдай бирæ уарзта. Цыдæриддæр хъуыддагæй сусæгдзинад æм уыди, иууылдæр ын сæ-иу дзырдта, фæлæ Тамаримæ хо æмæ æфсымæр сты, уый йын никуы загъта, никуы схъæр кодта. Хъазарайы ус та дис кодта Хъазара æмæ Тамары цардыл. Уый тыххæй æмæ уыдонмæ ус æмæ лæджы ’гъдæуттæй ницы уыди.

Иу æхсæв сын цыдæр бæрæг æхсæв уыди, æмæ хъæлдзæг æхсæв адæм хъæлдзæг ныхас фæкæнынц. Хъазарайæн йæ ус уатыл афтæ зæгъы:

— Иунæг хуыцауы тыххæй, дæ устытæй кæй фылдæр уарзыс?

— Дæу, æндæр кæй?

— Хуыцауы тыххæй, раст зæгъ, дин Иманы тыххæй.

— Уæллæй, Тамары фылдæр уарзын, уый хуызæн ус лæгæн ссарæн нæй.

Айта, ус дын загъд самадта, стæргай ис æмæ уаты къуымы уыджы бадт скодта. Лæг æм дзуры:

— Дæу фылдæр уарзын, рацу схуысс, — хъазы дзы.

Нæй, нæ хуыссы, загъд кæны...

Иннæ уаты æртæаздзыд лæппу Тамары цур хуыссыд, уымæ дæр базгъордта æмæ йæ æрбаскъæфта. Æхсæвбонмæ загъд фæкодта. Райсом дæр уый хуызæн. Сæ загъд сын Наиб дæр фехъуыста. Дыккаг æхсæв дæр загъд райста: «Ахæм усæн дын ссарæн нæй?» — хъæр кодта. Куы нæ уал уагъта Хъазарайы, уæд ын афтæ зæгъы:

— Нæй, нæй йын ссарæн ахæм усæн, уый тыххæй æмæ мæ хо у.

— Куыд дæ хо у? Ныры онг дæ ус уыд, ныр та дæ хо фестад?!

— Ныры онг дæр мæ хо уыди, ныр дæр, æмæ амæй фæстæмæ дæр мæ хо у.

Тамар дæр сæм æрбацыди иннæ уатæй сæ хъæрмæ æмæ райдыдтой усимæ дзурын суанг сæрæй: лекъ сæ куыд рахастой, куыд сæ ауæй кодтой, Тамар кæмыты уыд, уыдæттæ йын фæдзырдтой æмæ йæ баууæндын кодтой æмæ бафидыдтой. Æртыккаг бон Хъазарайы усы Наибы ус фарста: цæуыл хыл кодтой, куыд бафидыдтой, уыдæттæй.

Хъазарайы ус Наибы усæн Тамар æмæ Хъазарайы хо æмæ æфсымæрдзинады хабар радзырдта, Наибы ус та сæ йæ мойæн фæдзырдта. Наиб дæр дис фæкодта.

Диссаг хъуыддагыл адæм дис фæкæнынц. Айхъуысти дзыллæйыл Тамар æмæ Хъазарайы хабар. Кæй уырныдта, кæй нæ. Иу бон Наиб Тамар æмæ Хъазарамæ басидти æмæ сын афтæ зæгъы:

— Гормæттæ, цæуылнæ мын загътат, хо æмæ æфсымæр стут, уый. Сымах дыууæ æнæаипп бæлоны дзæнæты дуар хъазуатæй бакодтат. Æз та зæрондæй тæригьæды хъуыддагæй хицæн нæ уыдтæн. Хуыцау уæ фæлвæрдта æмæ къæдзæхæй фидардæр разындыстут. Хæйрæджы хызы тыхст уыдыстут æмæ нæ бакуымдтат хæйрæгæн сайын. О, æнæсæтгæ хох, о, фидардзинады къæдзæх! Цы уæ хъæуы мæнæй хæрзиуæг, зæгъут мын æй, абон мæ гуырæн бон у!

Тамар æмæ Хъазара Наибы раз дæлгоммæ æрхаудтой, æрзоныгуыл кодтой, зæххы онг ын бакуывтой æмæ загътой:

— Дæ уындæй хуыздæр хорз махæн дунейыл ницы ис, фæлæ ма нын фенын кæн иу хатт нæ ныййарджыты,—æмæ зæххыл дæлгоммæ æрхаудтой.

Наиб сæм бавнæлдта, сыстын сæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Домбайы хъæвдын хъæргæнгæ агуры йæ фыдыбæстæ. Сыххæст кæндзынæн уæ курындзинад, — æмæ сын арфæ ракодта.

Хорз лæгæн йæ кой нæ сæфы, йæ хъуыддæгтæ нæ мæлынц. Наиб йæхи дард балцмæ цæттæ кæнын райдыдта æмæ сын загъта, æмбалæн йемæ куыд ацæуой, афтæ. Хорз лæджы фæстæмæргътæ дæр тæхынц. Иууылдæр сразы сты æмæ иу бонмæ æмгъуыд скодтой.

Тамар æмæ Хъазарайæн лæвæрдтæ фæкодтой: хæзна, топпытæ, цæуаг бæхтæ, дарæсы хæрзтæ. Се ’мгъуыды бонмæ сбадтысты дæс барæджимæ. Наибы ус сæ фæстæ кæугæ рацыд. Наибы дæр кæлмæрзæнæй йæ цæстысыгтæ асæрфта Хъазара Наибы усæн дзырд радта:

— Мæ фыды фендзынæн, кæд ма æгас уа, уæд, æмæ фæстæмæ Наибимæ раздæхдзынæн, — зæгъгæ, ууыл ын ард бахордта,

Умар æмæ Ахмæт дæр сæ фыды фæдыл куыдтой, фæлæ Наиб йæ бæхæн æртæ цæфы ныккодта æмæ дард фæндагыл араст сты. Раст цыппæрæм боны Ахмæты хæдзармæ бахæццæ сты Чысаны доны сæр æмæ хæдзары фæстæ хуымы фæзы æрхызтысты. Ахмæт фыццаг афтæ æнхъæлдта, цыма та тыхгæнджытæ сты, йæ топп йæ къухы, сæ размæ бацыд, фæлæ йын Хъазара хæццæиронау куы радзырдта, йæхи куы бацамыдта, Тамары йын куы базонын кодта, йæ чызг æмæ йæ лæппу кæй сты, уый йын куы загъта, уæд фырцинæй скуыдта, сбогъ-богъ кодта æмæ сæ йæ хъæбысы ныккодта. Уый фæстæ Наибы къух райста æмæ йын йæ къухы уæлæрттæн ныпъатæ кодта, зæххы онг ын бакуывта, зыр-зыргæнгæ сыстад æмæ афтæ зæгъы:

— Бузныг дæ дæн, æлдæртты æлдар, мæнæн мæ зæнæг чи фенын кодта. Уый фæстæ бузныг дæн иунæг хуыцауæй, дæуæн ахæм хорздзинады зæрдæ чи скодта. Кад дæттын дæ райгуырæн бонæн, лæгъстæ кæнын дæ мæлæты сахатæн. Сомы дын кæнын уарзондзинадæй, ард дын хæрын æцæгдзинадæй, куыд ацы хорздзинад фенынмæ æнхъæлмæ нал кастæн.—Æмæ та йын йæ къухы уæлармæн ныпъатæ кодта.

Наиб дæр.æм йæ мидбылты худгæйæ касти. Уый фæстæ хæдзармæ бацыдысты æмæ æгъдауæй æрбадтысты.

Æхсæвы сын Ахмæт нæл фыс аргæвста. Æхсæвæр цæттæ кæнын райдыдтой. Фæлæ иу аххос уыди, æмæ Ахмæтмæ дзуринæгтæ бирæ уыди æмæ йын, куыд хъуыд, ахæм тæлмац нæ уыди — Хъазара æмæ Тамар иронау хорз нал зыдтой æмæ-иу кæд Ахмæт бирæ фæдзырдта, уæддæр Наибæн æрдæг дæр нæ фæрæзтой зæгъын. Фæлæ Наиб ахæм æвронг зонды хицау уыди æмæ Ахмæты ныхæстæ, хъуыдытæ дæр æмбæрста.

Теуайы уаргъ, загътой, афтæ ма ныккæла, æмæ дзы бæхы уаргъ ма равзæра. Ахмæт кæд уыцы хасты фæстæ фæцудыдта, фæмæгуыр, уæддæр та йæм фаг фæллой æрæмбырд, мæгуыр нал уыди. Æхсæвы сæ хорз федта — хæрд, нуæзт — минас фæкодтой æмæ схуыссыдысты. Ахмæт дæр йæ чызг æмæ йæ лæппуйы ’хсæн хъæрмонæджы хуыст скодта, йæ цæнгтæ сын сæ нывæрзæн ауагъта æмæ сæ йæ хъæбысы аныуæрд-аныуæрд кодта, фырцинæй йæ цæстысыг цъæх бинаг нымæтыл, хуырызгъæлæгау, .калди.

Райсом раджы фестадысты. Нæл фыс та сын аргæвстой. Уазджытæ дæр сыстадысты, сæхи цæхсадтой, хуыцаумæ бакуывтой, аходæн сцæттæ æмæ минас фæкодтой.

Хæстæг сыхаг хъæутæ дæр фехъуыстой Ахмæты уазджыты .хабар. Уыдон дæр сæ суазæг кодтой. Чи сæ йæхимæ ахуыдта, чи уырдæм хуынтæ хаста. Цыппар боны сæ нæ ауагътой.

Цыппæрæм бонмæ Наиб цæуын æрæмысыди. Ахмæт Наибæн æртæ æстдæсы аргъ хæзна топп ралæвар кодта, йе ’мбæлттæн дæр ын фæлæвæрттæ кодтой — уæды рæстæджы æгъдаумæ гæсгæ — чи цухъхъа, чи куырæт, чи басылыхъхъ. Хорз сæ барæвдыдтой.

Бæлвырд, æцæг, загъта апостолминæвар: «Лæг ныууадздзæн йæ мад æмæ йæ фыды æмæ баиу уыдзæн йæ усимæ». Хъазара кæд йæ зæронд мад æмæ фыды федта, сæ уарзондзинадæй йæ зæрдæ срухс, сцин кодта, уæддæр æм йæ ус æмæ йæ зæнæджы уарзондзинад фæфылдæр æмæ æмбæрзæн æвæрдта йæ мад æмæ йæ фыды ’хсæн æмæ афтæ зæгъы:

— Æз хуыцауы раз дзырд радтон Наибы усæн, мæ кæнгæ мадæн, фæстæмæ куыд æрцæудзынæн, зæгъгæ, ууыл ын ард бахордтон, ард фæсайын зын хъуыддаг у, — загъта, — фæлæ æгас куы уон, уæд дæуæй дæр хæс дарын, Наиб æмæ йæ усæй дæр. Хуыцауы куы фæнда, дард бæстæй хæстæг æскæндзыстæм, кæрæдзи алы аз дæр уындзыстæм,—æмæ йæ цæсты сыгтæ асæрфта.

Ахмæт дæр скуыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Мæнгард лæг уæлæуыл дæр сæфт æмæ мæрдты дæр. Ма басæтт дæ ард, фæлæ мæн дæр ма ферох кæн, — загъта.

Кæрæдзийæн ныхъхъæбыстæ кодтой æмæ кæрæдзийыл скуыдтой. Наиб дæр йæ цæсты сыгтæ асæрфта. Кæрæдзи къухтæ райстой, фысымæн «хæрзбон» загътой æмæ дард фæндагыл араст сты. Тамар баззад йæ фыды хæдзары.

Раст цыппæрæм бон Дагъистанмæ ныххæццæ сты æмæ та алчидæр йæ царды æгъдаумæ гæсгæ цæрын райдыдта.

Хорз адæймаг адæмæн царды хос хæссы, йæ кой та мыггагмæ нæ сæфы. Тамар æмæ Хъазара Наибы руаджы хъуыддаг афтæ скодтой, æмæ фæсхох иры лекъ æппындæр нал хъыг дардтой, иу дзыллæ, иу адæмы хуызæн систы. Лекъ ирон адæмы ’хсæн базар кæнын райдыдтой, цыллæ, зæлдаг уæймæ хастой. Фæсхохы ирон адæм дæр æдасæй сулæфыдысты. Наиб æмæ Хъазара алы аз дæр Ахмæт æмæ Тамармæ хуынды цыдысты, лæвæрттæ сын хастой, лечъы хуыздæр адæмты иримæ лымæн кодтой. Афтæ Ахмæт æмæ Тамар дæр Наибмæ хуынды цыдысты, ирон адæмы лечъимæ лымæн кодтой. Æмæ лекъæй иры ’хсæн иу тых, иу лæбурд дæр нал цыд, уарзонæй цардысты.

Афонтæ цыдысты, рæстæг ивта. Гуырдзыстон Уырысимæ баиу сты. Фæлæ ма Кавказы хохы адæмтæ змæлыдысты. Уырысæн сæхи нæ лæвæрдтой. 1830 азы Абхадз хохы адæмты æрсабыр кодта, фæлæ ма Шамил хæцыд. Уыцы змæст рæстæджыты кæрæдзи нал федтой иукъорд азты. Ахмæт хæрззæронд баци, фезмæлынæн нал уыди, фæлæ Тамарæн Хъазарайы уындмæ бæллын йæ зæрдæ сыгъта, уырыдта. Иу æрæгвæззæг Тамар хуын сцæттæ кодта: хæрд, нуæзт, дарæстæ, хуынæн цы хъуыд — æппæт. Йе ’рвадæлтæ æртæ лæджимæ сбадт æмæ Дагъистанмæ Хъазара æмæ Наибы уынынмæ фæцыд. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ Наиб цы хъæуы цард, уый æфсæдтæ басыгътой. Наиб æмæ Хъазара йæ фыртимæ хæсты мард фесты. Наибы ус йæ фыды хæдзармæ ацыд. Æрмæст ма Наибы хæдзары къултæ сыгъды сау æндæрг хастой. Тамар фæкуыдта, фæхъыг кодта, йе ’фсымæры ингæн дæр нал федта æмæ кæугæ фæстæмæ йæ хæдзармæ æрцыд.

This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse