Jump to content

Хист (Гæдиаты)

From Wikisource
Хист (1905)
by Гæдиаты Секъа
289458Хист1905Гæдиаты Секъа


ХИСТ


Лæгай, ма 'ппæл дæ тыхæй,
Дæхи ма стау расыгæй;
Фесæфдзынæ дæ дзыхæй,
Хъæмпы халы басыгъдау.

Куы ивгъуыйынц мин азы„
Изæры хур ныгуылдау;
Адæмы цард чи уарзы,
Уый нæ уыдзæн ныгъуылдау.

Мæлæтæн дын йæ фæстæ
Фæсмондзинад куы нæ ис, —
Тондзынæ ма дæ фæрстæ,
Дæ митæ-иу æрæмыс.

Æрмæст де 'мбал уыдзысты
Дæ хъуыддæгтæ, дæ митæ...
Ам дзæгьæлы лæудзысты, —
Æхца дæм куы уа кæритæ.

Хистытæ дын кæндзысты—
Хынджылæггаг æлæмтæ1;
Мæрддзыгой дыл кæудзысты,
Кæндзысты дыл уылæнтæ.

Арахъхъ æмæ фыды мур
Дæуæн цы 'ххуыс бакæна,
Уый дын фена нæ фыдгул,
Уымæй хуыздæр ма фена...

Мæгуыртæн дæтт дæ исæй,
Дзæгъæл дзырдæй дæхи хиз...
Фæивылæм фæдисæй, —
Тæригъæд у бирæ низ...




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.