Хин (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Хин  (1901) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1901, Рауагъ аз: 1901. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
Хин

(Ирон цардæй)

Хъасболат, фæсномыгæй йæ хуыдтой «Къуылых», уыд Хуссарыхъæуы æппæты бонджындæр цæрæг. Йæ скъæтты стуртæ уыд иу-дæс æмæ ссæдзы бæрц, цалдæр бæхы, йæ фысвос та сæдæгæйттæй нымад цыдысты. Хъасболатæн уыд бирæ бинонтæ, æмæ хъæубæстæ куыд нымадтой, афтæмæй уыдысты, фæрныг хæдзар, хохаг бинонты амондæн цы хъæуы, уыдтой сæ æххæст уыдæттæй. Хъасболатæн уыд æртæ фырты, æмæ цоты цот, цардысты хæлар æмæ æнгомæй, адджынæй цардысты хъæубæстимæ дæр — Хъасболат искæимæ фæхъаугъа, уый дзы ничи фехъуыста. Нымад æмæ уарзон уыдысты адæмæн Хъасболаты бинонтæ. Фæлæ хъæубæстæ уæлдай аргъ кодтой Хъасболаты усæн, зæронд Гыццийæн, уый уыд хæларзæрдæ æмæ рæдау сылгоймаг, ницæмæй райстаид мæгуырты зæрдæхудт.

Уалдзæг хаста къæвдаджын. Мигътæ бæзджынæй бадтысты хæхтæ æмæ хъæдтыл. Æнæрæнцойæ сæлфынæг кодта, æмæ цыд уымæлы тæф. Стыхстысты адæм, сфæлмæцыдысты фос дæр. Уыцы уалдзæг Хъасболатыл æрцыд æнамонд хабар — цагъды кодтой йæ хъомвос; ахæм бон нæ уыдаид, хъуг, гал кæнæ дзы рæуæд кæд нæ фæхъуыдаид. Лæг скатай. Бинонтæ дæр дис кодтой: цы уа, цы фыдбылыз уа? Хъомрын уа, æмæ уæд иннæты хъомыл куыннæ зынид?

Иуахæмы, æхсæвæры фæстæ, бинонтæ нæма схуыссыдысты, афтæ сын Гыцци загъта ахæм хабар, æмæ сæм гуырысхойæ ницыуал баззад.

— Мæ хуртæ! — баздæхт Гыцци йæ фырттæ æмæ сæ цотмæ. — Сымах дис кæнут, нæ хъом цæмæй скъуыйынц, ууыл. Зонут, ам фыдгулты цæст æмæ хæлæг сты аххосджын. Æз æй тынг хорз зонын... Мæ мæрдтыстæн, чидæр нын хæлæгæй аразы фыдбылыз.

Гыццийы ныхæстæ иууылдæр айстой сæ зæрдæмæ, уæлдайдæр Хъасболат. Уый йæ бынаты базмæлыд, йæ цæстытæ ферттывтой. Зæронд ус бинонтыл ахаста йæ цæстæнгас, цыма, йæ ныхæстæ сæм куыд фæкастысты, уый бакæсынмæ хъавыд сæ цæсгæмттыл. Сæ хистæр фырт Сосе æнæ дзургæйæ раздæр бабадт, систа, артдзæстæй цы ’хсидав рахауд, уый æмæ йæ фæстæмæ арты баппæрста. Бакаст йе ’фсымæртæм æмæ куы федта, æдзæмæй бадынц, уый, уæд сабыр, йæхинымæры дзурæгау, загъта:

— Цæмæн, цæй тыххæй?.. Фыдæх куы никæимæ стæм, æвзæр куы никæмæн фестæм... Чи уыдаид, чи?!

— Хæлæг, хæлæг! — загъта та зæронд ус.

Хъасболат сурдымæн йæ дзыхæй райста, йæ сæрыл схæцыд æмæ дзуры йæ фырттæм:

— Лæппутæ, гуырысхо дзы нал и — хæлæг у аххоссаг. Мæ цæрæнбонты бирæ федтон ахæм хъуыддæгтæ... Ард хæрын нæ Сафайы рæхысæй, — лæг къухæй ацамыдта артдзæсты сæрмæ ауыгъд рæхысмæ, — нæхи сыхæгтæй нын чидæр скодта хин: æндæр хъæуæй нæм чи æрцыдаид, чи нæ зоны æмæ кæй хъæуы нæ байсæфт?..

— Чи уыдзæни? Чи нын сарæзта уыцы фыдбылыз?.. Чи? — фарстой лæппутæ. Иннæ бинонтæ хъуыстой æнæ дзургæйæ.

— Ныхас дæр ыл нæй, нæ фос сæфынц хинæй,— загъта Хъасболаты астæуккаг фырт Тезей. — Хъуыды ма кæнут, фарон Битарты фос хинæй куыд сыскъуыдысты, уый? Дæсны дæр загъта, хин уыд, уый.

— Æмæ базыдтой, хин сын чи скодта, уый?— афарста Тезейы йæ кæстæр æфсымæр Сабан.

— Цы базыдтой! Дзурынц дæсныйæн, дам, æхца нæ раттой æмæ сын не схъæр кодта сæ фыдгулы. Сæ хин фесафынæн дæр сын ницы сарæзта.

— Ард хæрын мæнæ ацы æвзистæй, — тызмæг хъæлæсæй сдзырдта Сабан æмæ æрхоста хъамайы фистон,— æз афтæ нæ ныуагътаин фыдгулы... Фысы æргæвст æй акодтаин. — Сабаны цæстытæ сыгъдысты цæхæрау, уыцы сахат йæ цæсгом æвдыста тæссаг хуыз. — Аргæвстаин æй цыргъ кардæй нæ, фæлæ къуымыхæй, йæ хъуыр куыд лыг цæуы, æмæ йæ фыдтæ къæртгай куыд кæлынц, уый куыд æнкъара, афтæ...

Сабаны ныхæстæй иннæтæ дæр фæразæнгард сты. Хъуысын байдыдтой æртхъирæнтæ æмæ æлгъыстытæ.

— Цæмæн, цæй тыххæй нын счындæуыд хин? — хъæр кодта Хъасболат, йæ маст тынгæй-тынгдæр æхсыст, афтæмæй. — Уый куы базонин, уæд ма мæ зæронд къух ныццæвын бафæразид, бæргæ...

Сосе æмæ Тезей кастысты зæхмæ æмæ æнæ дзургæйæ здыхтой сæ рихитæ, фæлæ Сабан фырмæстæй рафт-бафт систа, куы-иу фестад йæ бынатæй, куы та-иу фæстæмæ æрбадт æмæ дзырдта:

— Базондзынæн, базондзынæн æй æз æмæ дзы райсдзынæн нæ маст!..

— Цавæр хин у уый æппынфæстаг? — ризгæ хъæлæсæй сабыргай сдзырдта Сосейы æстдæсаздзыд фырт Элберд. Лæппу ахуыр кодта Стъараполы гимназы æмæ куадзæнмæ ссыд бинонты уынæг.

Цыппæрæм къласæй фæстæмæ Элберд æдзух дæр дзырдта, хинтæ æмæ диныл æууæндын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй. Уырнын сын кодта йæ хъуыдытæ æмбаргæ ныхасæй, фæлæ йæм бинонтæ мæсты кодтой уæддæр æмæ алы хуызты архайдтой, йæ зонд кæмæн фæцыд, уыцы лæппуйы раст фæндагмæ раздахыныл. Фæлæ Элберд тынгæй-тынгдæр дзырдта æдылы зæронд æгъдæуттæ æмæ мæнг уырнындзинады ныхмæ, арæх-иу худт бинонтыл.

Хæдзаронтæ тарстысты, Хуыцау сыл уый тыххæй йæ азар куы ныккала, уымæй æмæ-иу мæстыйæ домдтой, цæмæй лæппу ныууадза йæ митæ æмæ йæ ныхæстæ, ма чъизи кæна Хуыцауы сконд æгъдæуттæ. Фæстагмæ йæм афтæ сфыдæх сты æмæ йæм зулмæ кæсын райдыдтой, хистæртæм гæсгæ йыл сæхи тигъ кодтой сывæллæттæ дæр. Гыцци та йæм дзыхæй дæр нал дзырдта. Иу хатт æй Сосе ахæм над скодта æмæ ма йæ цъæхтæ къуырийы фæстæ дæр зындысты. Элбердыл ма иузæрдион уыд йæ къаннæг æфсымæр. Уый нады ныв куы федта, уæд нырдиаг кодта æмæ хъæр систа: «Нана!.. Нана!..» Иннæ бинонтæ растыл банымадтой уыцы хъуыддаг æмæ дзырдтой:

— Хорз ын фæци, ныр нал кæндзæн Хуыцауы кой, нал худдзæн бинонтыл.

Уыцы бонæй фæстæмæ Элберды зæрдæ фæхъæбæр йæ фыдмæ, кæсын æм байдыдта æцæгæлоны цæстæй, фæлæ йæ хъуыддаг нæ ныууагъта, æрмæст ныр архайдта арæхстгайдæр. Уыцы изæр дæр, хин æмæ дæсныйы кой куы рацыд, уæд æй, загъды хай цæмæй нæ фæуа, уый тыххæй фæндыд хæдзарæй æддæмæ рацæуын, фæлæ йæ фæндыд байхъусын дæр æмæ баззад хæдзары. Кæсы æмæ, хъуыддаг фыдбылызмæ сайы, уый куы бамбæрста, уæд йæхи нал баурæдта æмæ сын айста сæ ныхас:

— Цæй хин у уый!.. Хъомдон ахæм ранмæ ахастат æмæ дзы фос æнæниз ницы хуызы уыдзæн. Ныллæг, уымæл, цъыф — æмæ куыннæ скъуыйой уæ хъом! Хус бынаты саразут хъомдон, сыгъдæг æй дарут, хорз зилут фосмæ æмæ æнæниз уыдзысты... Æндæр дзы цæй хин ис?!

Сосейы маст рафыхт, туг сæрмæ ныццавта, ныррызт.

— Дæ хъуыддаг нæу! Дæ дзыхыл хæц... ныммардзынæн дæ!

Иууылдæр ныссабыр сты. Къултæ ныррызтысты лæджы хъæрæй, ердойы сæгтæ æрызгъæлдысты артдзæстмæ, Тезейы æртæаздзыд лæппу фесхъиудта æмæ тæссæй йæхи нылвæста йæ мады риумæ.

Элберд сыстад æмæ рацыд хæдзарæй. Уыцы изæр ацыд Дзæуджыхъæумæ, уырдыгæй та райсомы поездыл — Стъараполмæ.

Уыд æрхæндæг, хъуынтъыз бон. Кодта сæлфынæг, мигътæ уæззау æрынцадысты хъæдтæ æмæ хæхтыл. Алырдыгæй хаста уымæлы тæф.

Райсомæй раджы Фæзыхъæуы иу хæдзары раз адæм æмбырдтæ кодтой. Кæрты хъуыддагхуызæй рауай-бауай кодтой устытæ, зынди дзы лæгтæ дæр. Уынджы кулдуары раз амбырд иу къорд сылгоймаджы æмæ цæуылдæр зæрдиагæй уынаффæ кодтой; доны был дондзау сылгоймæгтæ дæр фæкъордтæ сты æмæ кæрæдзийæн æхсызгонæй цыдæртæ дзырдтой; иннæ бонты хъауджыдæр, фыййаумæ фос цы лæппутæ ратардтой, уыдон дæр æрлæуу-æрлæуу кодтой фæндагыл æмæ-иу сын ныхас бацайдагъ.

Уыцы афон, комы фахсыл Фæзыхъæумæ къæдз-мæдзытæй цы нарæг къахвæндаг цыд, ууыл æрцæйцыд мæллæг, ихсыд зæронд ус. Йæ хуызыл зынд, бирæ зынтæ æмæ фыдæбонтæ кæй бавзæрста, уый. Йæ урс дадалитæ æмæ, алыхуызон хъуымацы гæппæлтæй æмпъузæнтæ кæуыл уыд, уыцы зæронд къаба дардтой бурбын, — бæрæг уыд, ус фæздæгджын агъуысты бирæ рæстæг кæй æрвиты, уый.

Усæн йæ дæларм уыд æнæхсад кæрдæнæй æмбæрзт стыр хъæдын тæбæгъ. Йæ фæдыл уад, иу-дыууадæс азы кæуыл цыдаид, ахæм чызг, йæ къухы — цыдæр тыхтон. Чызг-иу фæсте куы аззад, уæд ус мæсты кодта æмæ æнæдæндаг дзыхæй дыгъалдыгъулгæнæгау хъæр кодта:

— Зæли, къæхтæ дыл нæй æви, тагъддæр уай!

Чызг-иу баййæфта усы, фæлæ та-иу ног фæсте аззади.

— Сбон ныл ис, — йæ цыд фæтагъддæр кæнгæйæ хъуыр-хъуыр кодта зæронд ус. — Байрæджы мын... Ай мын Сабаны бæллæх у, æз, дам, ацæудзынæн, æз, дам, хуыздæр бафæрсдзынæн... Бирæ æмбарынц нæлгоймæгтæ уыцы хъуыддæгты! Цы зонынц — уый хъыгдарын...

Уый уыд Гыцци.

Айхъуыст æгас комыл, Фæзыхъæумæ, дам, æрцыд номдзыд дæсны Айсæт. Уый царди дард, æндæр комы, фæлæ йæ кой дæрдтыл хъуыст, зыдтой йæ алы кæмтты, алы къуымты.

Бирæ хабæрттæ цыди адæмы ’хсæн Айсæты тыххæй. Дзырдтой, æрыгон чызгæй, дам, æй зæдтæ ахастой, нал уыд йæ кой æнæхъæн мæй, стæй фæзынд сæ хæдзармæ, æцæг хуымæтæг сылгоймагæй нæ, фæлæ дæсныйæ. Дзырдтой, зæгъгæ, дам æм ис цыкурайы фæрдыг, арвæй йын кæй æрхастой, ахæм, æмæ дзы дзæбæх кæны рынчынты. Дзырдтой, Айсæт, дам, дзыхæй-дзыхмæ фæныхас кæны зæдтæ æмæ дзуæрттимæ... Æмæ цавæр таурæгътæ нæ дзырдтой адæм Айсæты тыххæй!.. Ус искæцы хъæумæ фæзынди, уæд уый стыр хъуыддагыл нымад уыд; ныхасы уа, хæдзары уа — æндæр кой-иу нал уыд; куы-иу ацыд, уæддæр-иу бирæ рæстæг мысыдысты æмбисонды дæсныйы. Æрымысыдысты-иу, ахæм æмæ ахæм рынчын куыд сдзæбæх ис, Айсæты къухæй конд мысайнаг йæ хъуырыл куы бабаста, уæд; æрымысыдысты-иу, ахæм æмæ ахæм чызджы зæрдæ Айсæт ахæм æмæ ахæм лæппуйы уацар куыд фæкодта, æмæ ноджы бирæ цыдæртæ.

Айсæт Фæзыхъæуы ис, уый Хуссармæ куы байхъуыст, уæд Хъасболаты бинонтæ бацин кодтой. Бауынаффæ кодтой æвæстиатæй искæй лæвæрттæ æмæ хæринæгтимæ Фæзыхъæумæ арвитын æмæ дæсныйы, сæ хъом цæмæй мæлынц, уымæй бафæрсын. Сабаны фæндыд ацæуын, фæлæ зæронд ус загъта, зæгъгæ, хуыздæр уыдзæн, йæхæдæг куы ацæуа, уæд.

Дæсны кæм уыд, уыцы хæдзармæ куы баввахс Гыцци, уæд федта, адæм æгæр бирæ кæй æрæмбырд, уый æмæ бахъынцъым кодта. «Цæй, ницы кæны, исты хуызты йæм бабырсдзынæн»,— ныфсытæ авæрдта йæхицæн. Кулдуары раз иу цъус алæууыд, стæй чызджы къухыл ахæцыд æмæ кæртмæ бацыд.

— Дæсны та кæм и? — афарста ус.

— Мидæгæй, уаты, — раттой йын дзуапп.

Гыцци тæбæгъ хæринæгтимæ барвыста хæдзармæ, йæхæдæг бараст дæсныйы уатмæ. Къæсæрыл куыд бахызт, афтæ сагъдау аззади. Гыцци дæсныйы никуы федта, фæлæ устытæй Айсæт кæцы уыдзæн, уый уайтагъддæр базыдта. Ахæм сылгоймаг Гыцци йæ цæрæнбонты никуыма федта: тæрхæгыл æвæрд уыд баз, æмæ йыл бадт бынтон стыртæ ус. Йæ уадултæ æрзæбултæ сты фырнæрдæй æмæ сойæ æрттывтой; йæ бæрзæй нæ зынди æппындæр, цыма сæр гуырыл цæрдæвæрд уыди, уыйау; йæ гыццыл сау цæстытæ ма гæзæмæ зындысты. Ахæм фыдджын уыд, æмæ йыл дыууæ лæджы не ’рбаххæссыдаиккой. Уыдис ыл æвзист рон æмæ йын уый бæлвырдæй æвдыста йæ астæуы ставд. Дæсныйы улæфт уыд тагъд-тагъд æмæ цыбыр; йæ ных хид кодта æмæ усы æнæрæнцойæ хъуыд уый сæрфын, уый тыххæй дардта бирæ фындзы кæлмæрзæнтæ æмæ сæ минутæн ивд кодта.

Уаты цы устытæ уыд, уыдонæй дæсныйы фарсмæ бадт æрмæст хæдзары æфсин — урссæр зæронд ус. Уый уыд цола, фæлахс æмæ дæсныйы фарсмæ зынд хъазæн чындзау. Иннæ сылгоймæгтæ лæууыдысты къуымы æмæ, диссагмæ кæсæгау, сæ цæстытæ нæ истой дæсныйæ.

Гыцци ахæм сылгоймаджы раз йæхимæ афтæ ницæйаг фæкаст, æмæ фырдисæй йæ бон зæгъын дæр ницыуал сси, арфæ дæр нæ ракодта, афтæмæй къæсæргæрон слæууыд æмæ касти Айсæтмæ.

— Æгас цу, хорз ус! — сдзырдта, Гыццимæ кæсгæйæ, дæсныйы фарсмæ бадæг мæллæг ус.

— Зæрдæрухс у æмæ дæ Хуыцауы арфæ уæд! — загъта, къæзгæйæ, Гыцци, хæдзары æфсинмæ йæ тыхтон ратта æмæ бафтыдта: — Айс ацы лæвæрттæ, æз дæсны фæрсынмæ æрцыдтæн. — Гыцци слæууыд къуымы иннæ устытимæ. Æфсин райхæлдта тыхтон æмæ æркаст лæвæрттæм.

— Уый уал къабайаг, уыдон кæрдæнтæ, уый кæлмæрзæн,— дзырдта æфсин, алыхуызон дзаумæттæ æмæ уæлæдарæсæйдзаг чи уыд, ахæм стыр чырынмæ лæвæрттæ калдта, афтæмæй. Ставд ус иу каст фæкодта тыхтонмæ, стæй та фæстæмæ азылд æмæ бады æнцад.

— Тыхтонимæ æндæр ницы ’рхастай? — фæрсы æфсин Гыццийы.

— Хæринæгты тыххæй зæгъыс? — Куыннæ, æрхастон æмæ сæ хæдзармæ балæвæрдтон, — сæрбæрзондæй загъта Гыцци. — Сывæллон, мыййаг, куы нæ дæн, уыцы æгъдæуттæ мын æнæзонгæ не сты.

Æфсин, дæсны дзуапп кæмæн ратта, уыцы устытæн бамбарын кодта, æмæ иууылдæр ацыдысты.

— Цæй, цы зæгъдзынæ, хорз ус? — бафарста ставд ус фæсус, нæлгоймаджы хъæлæсæй.

— Ныр дыккаг къуыри нæ хъом скъуыйынц, — райдыдта Гыцци. — Æгас хъæуы рæуæд дæр никæмæн фæрынчын, махæй та дæс стуры фæхъуыд. Ды дæ нæ ирвæзынгæнæг, нæ Хуыцауы минæвар, æмæ дæ курæм æххуыс: фервæзын нæ кæн æлгъысты тыхæй, нæ фос нын чи цæгъды, уыцы рынæй!

— Хуыцауæй та куыннæ тæрсынц, Хуыцауæй, фыд-зæрдæ адæм, кæнæ цы фос фæкæнынц искæй æнамондæй?! — сдзырдта дæсны, йæ сæр банкъуыста, стæй йæ гыццыл цæстытæ ныццавта дуармæ.

Уыцы ныхæстæм Гыцци дисы бахауд... «Куыд æй базыдта æвиппайды?» — ахъуыды кодта уый.

— Фервæзын нæ кæн знаджы къухæй, нæ Хуыцауыхай, — лæгъстæ кæны Гыцци, йæ гыццыл сæр æркъул кодта, афтæмæй. Йæ цæстыты бын ферттывтой цæссыгтæ, ферттывтой æмæ æртылдысты æнцъылдтæ уадултыл. Хъавгæ схъил кодта йæ къабайы фæдджи, асæрфта дзы йæ цæстытæ æмæ та райдыдта: — Фыд-зæрдæ знаджы фæндиаг нæ ма бауадз, нæ фарс фæу æмæ нæ фервæзын кæн!..

Зæронд усы цæстыты та фæзындысты цæссыгтæ.

Йæ цæссыгтæ æмæ йæ тæригъæддаг сабырхуыз бахъардтой Айсæты зæрдæмæ, бамбæрста усы æнамонд æмæ маст. Йæ цæсгом фæтызмæг, æрфгуытæ ныттар сты, цæстытæ та бынтондæр бамбæхстысты, æрмæст ма дыууæ æрттиваг стъæлфæны æнæбары зындысты стыр хъуынджын æрфгуыты бынæй.

— Охх, цæй зын фæрсæн у хины тыххæй! — загъта дæсны æмæ фæрсæджы каст ныккодта Гыццимæ.

— Афтæ у, афтæ, мæ бон, тынг зын у, — дзуапп ратта Гыцци.

Дæсныйы зæрдæмæ фæцыд ус, дзæбæх цæстæй йæм ракаст æмæ та загъта:

— Хуыцау дын йæ хорзæх раттæд, хорз ус. Бæрæг у, æмбаргæ кæй дæ, уый. Ис ахæмтæ дæр, уæлдайдæр лæгтæй, æмæ мур дæр ницы зонынц дæсны фæрсыны æгъдæуттæн.

Гыцци дæр бузныгæй баззад, дæсны йæ æмбаргæ кæй схуыдта, уый тыххæй.

— Уæдæ афтæ, — дарддæр кодта йæ ныхас Айсæт, — уый стыр хъуыддаг у... Хъуамæ мын раттай иу туман, дæсны фæрсынæн та хъуамæ уæ фосæй рауæлдай кæнат иу сæр, æз кæмæй зæгъон, уый... Рæуæд уæм ис, нæ?

— Ис нæм рæуæдтæ, ис...

— Сау дзы ис, нæ?

— Ис дзы сау, йæ гуыбын урс, ахæм.

— А-гъа, уый мæ хъæуы, уый; æрмæст мæнмæ афтæ фæкаст, цыма бынтондæр сау у...

Гыццийы зæрдæ ныссæххæтт кодта... «Уый та куыд! — хъуыдыты ацыд зæронд ус. — Дæсны нæ хъæуы никуы уыд, афтæмæй нæм сау рæуæд ис, уый кæцæй зоны?»

— Раст уыцы рæуæд бахъæудзæн дæсны фæрсынæн. Райсом æй æркæнут æмæ уæд базондзыстут хабар.

Гыцци разыйæ баззад. «Дыууæ-æртæ сæры суæлдайгæнæн ис, — хъуыды кодта уый, — æрмæст иннæтæ аирвæзæнт».

Уатмæ бацыд гыццыл чызг.

— Иу ус æрцыди, — загъта чызг æмæ дуарæн æдде фæци. Уыцы ныхæстæй дæсныйы гыццыл цæстытæ ферттывтой æмæ дыууæрдæм рауай-бауай систой, мыст цы гæды ауыны, уый цæстытау. Архайын райдыдта, Гыцци тагъддæр цæмæй ацæуа, ууыл, райста дзы туман æмæ йын загъта:

— Афтæ уæдæ, райсом æркæндзыстут рæуæд, æмæ уын ратдзынæн дзуапп.

Зæронд ус тыхст, дæсны фæрсыны æгъдæуттæй дзы куыд ницы ферох уа, ууыл æмæ бафарста:

— Æндæр нæ ницы хъæуы?

— Куыд ницы, куыд, хæринæгтæ дæр хъæуы, гуыдын æмæ двайнойы авг.

— Æндæр ницы?

— Ноджы иу цыхт.

Фæстаг лæвар хъуамæ уыдаид фысымты, æмæ дæсныйы ныхæстæй æфсины цæсгом барухс, цинæй йæ мидбылты бахудти.

— Хорз, хорз, мæ бон, æппæт дæр æрхæсдзыстæм, — загъта Гыцци æмæ, арфæтæ кæнгæйæ, уатæй ахызти.

Зæронд ус кулдуармæ куы ахæццæ, уæд æй гыццыл чызг аййæфта æмæ йын загъта:

— Айсæт афтæ, ноджы ма, дам, гогыз дæр хъæуы, физонæгфыхæй.

— Хорз, хорз, мæ къона, — дзуапп ратта Гыцци. Стыр ныфс дзы бацыд, дæсны йын хорз кæй бафæрсдзæн æмæ сæ хин кæй фесæфдзæн, уыцы хъуыдыйæ æмæ атындзыдта сæхимæ нарæг къахвæндагыл.

— Афтæ уæдæ, хорз ус, уæ фос фæнизджын æмæ скъуыйы хиндзинадæй,— дзырдта дæсны дыккаг бон Гыццийæн. Уый йæм сæумæцъæхæй æрхæццæ лæвæрттæ æмæ хæринæгтимæ. — Хин иу ран ныгæд нæу, — дзырдта дарддæр Айсæт, — пырхгонд æрцыд æгас хъомдоныл, уымæ гæсгæ йын ссарæн нæй... Арæхстджын уыдысты, ахæм тыхджын хин цы къухтæ скодтой, уыдон... Фæлæ Айсæт цы нæ базондзæн, цæмæн не схос кæндзæн!.. Уый зонут, æмæ уыцы бынат нал бæззы фос дарынæн, скæнут æндæр ран скъæттæ... Зæронд куыдз æртæ хатты æрзилын кæнут æнамонд бынаты алыварс, стæй æртæ азы фæд-фæдыл, гутоныл-иу сифтындзут æртæ цæды хъуццытæ, афтæмæй йæ хуым кæнут, æрмæст дзы цыппæрæм азы онг таугæ мацы бакæнут.

Гыцци æгасæй дæр хъустæ фестади.

— Мæнæ ацы авджы ис дон, æз дзы ауагътон мæ цыкурайы фæрдыг, — дзырдта дарддæр дæсны. — Баназут æй уæ хæдзары, бинонтæй алкæмæн дæр куыд сфаг уа, афтæ, æмæ уæд цæрæнбонты дæр ирвæзт уыдзыстут хинтæй.

Цалынмæ дæсны йæ уынаффæтæ дзырдта, уæдмæ Гыцци лæууыди сагъдауæй, куы фæци, уæд æй лæгъстæ кæнæгау бафарста:

— Чи уыд, чи? Чи нын фехæлдта нæ хæдзар?

— Цæмæн дæ хъæуы, уый зонын,— куыд дын бацамыдтон, афтæ бакæн, мацы дзы ферох кæн, мацы сæм бафтау, — æмæ та уæм амонд фæстæмæ æрцæудзæн.

— О нæ ирвæзынгæнæг, нæ зæдыхай, дæ хорз дын цæмæй бафидæм, уый нæм нæй, фæлæ, дæ мæрдтыстæн, зæдтæ æмæ дзуæрттыстæн, ма мæ бамбæхс нæ фыдгулы, никæмæн æй схъæр кæндзынæн. Зæгъ мын йæ ном, Хуыцауы хатырæй!..

Айсæтмæ лæгъстæгæнæджы каст бакодта хæдзары æфсин дæр, æмæ уæд дæсны ахъуыды кодта: «Цæй, искæмæ йын бацамонон».

— Хорз ус! — баздæхт Гыццимæ, — фæуæд дæ фæнд: хин уын чи скодта, уый цæры уæ фарсмæ, рахизырдыгæй.

— Рахизырдыгæй ничи цæры, — сдзырдта ус.

— Æцæг, æцæг, æцæг... Иннæрдыгæй, иннæрдыгæй... Дæсны куы фарстон, уæд мæнæ афтæ лæууыдтæн æмæ мæм афтæ дæр уымæн фæкаст, — уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Айсæты стыр сæр иуварсырдæм азылд æнæбары.

— Галиуырдыгæй, уæдæ, нæ, мæнæ афтæ, нæ? — афарста Гыцци, дуары ’рдæм амонгæйæ.

Айсæт сразы, æмæ уæд Гыццийы цæсгом æваст фæтар æмæ нырхæндæг.

Дæсны бафиппайдта, усы цæсгом йæхи куыд аивта, уый æмæ фæтарст, кæд та йæ дыккаг амынд дæр нæ фæрæстмæ, зæгъгæ, фæлæ йæ Гыцци йæхæдæг фервæзын кодта йæ зын уавæрæй.

— Мæнæ цытæ кæнынц, мæнæ, нæ хуыздæр лымæнтæ! — ризгæ хъæлæсæй сдзырдта зæронд ус.

Дæсны бамбæрста хъуыддаг æмæ загъта:

— Ау, æмæ никуы фехъуыстай æмбисонд: разæй дæм худы, фæсте та дын де счъилы нуæрттæ лыг кæны? Сымахыл дæр уыцы æмбисонд æрцыд.

— Ныр байгом сты мæ цæстытæ! — фæхъæр кодта Гыцци æмæ, хæрзбон дæр нал загъта, афтæмæй тагъд-тагъд цæуыныл фæци.

Уыцы бон æгас комыл айхъуыст æнамонд хабар: Хуссарыхъæуы æрцыд стыр фыдбылыз. Къуылых Хъасболаты фырттæ фæхыл сты сæ сыхæгтæ Дадиатимæ, хылы фæмард Хъасболаты фырт Сабан æмæ уæззау цæфтæ фесты Дадиаты дыууæ æфсымæры...

Нарæг къахвæндæгтыл Хуссармæ чыртæ-чыртæй цæуынц адæм. Зæронд лæгтæ, сæ сæртæ æруагътой, афтæмæй лæдзæджы æнцæйтты, сабыр цыдысты размæ. Сæ цæсгæмттæ — æрхæндæг...

Адæм хъыг кодтой Сабаны мардыл — уый канд сæ хъæуы нæ, фæлæ æгас комы дæр нымад уыд сахъдæр гуырдыл; хъыг кодтой, адæмимæ хæларæй чи цард, уыцы Дадиаты æфсымæртыл. Хъыг кодтой зианджынты хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ, сæ хъарджытæм æрыхъуыстой хæхтæ.

Бирæ адæм æрцыд Хуссармæ. Иутæ лæууыдысты цавддуртау, æрæнцой кодтой сæ лæдзджытыл æмæ кастысты зæхмæ; иннæтæ джис-къус кодтой æмæ дзырдтой кæрæдзийæн:

— Диссаг та куыд нæ у, куыд æрæгмæ базоны лæг, знаг ын чи у, æмæ йын æрдхорд чи у, уый!.. Æмæ куыд арæх рæдийæм! Уый та дын ног цæвиттон. Афтæ зынд, цыма ацы дыууæ хæдзарæй адджындæр ничи цард... Фæлæ нын зæды хуызæн дæсны байгом кодта нæ цæстытæ...

Уыцы афон уарыд æмæ уарыд. Мылазон мигътæ уæззау æнцадысты хъæдтæ æмæ хæхтыл, алырдыгæй хаста уымæлы тæф...

This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 122 years or less since publication (if applicable).

Public domainPublic domainfalsefalse