Хетæг (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Хетæг  (1909) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1890, Рауагъ аз: 1909. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


Хетæг


Кадæг

Ох-хай, цы кæнон, зæгъ, ох-хай, цы ма кæнон!..
Хетæджы Уасджиорджи,— табу дæхицæн! —
Де'всургъы барцæй мын иу сызгъæрин æрду
Ме'взæр фæндырæн куы ратонис хъисæн...

Ох-хай, цы кæнон, зæгъ, ох-хай, цы ма кæнон!—
Чи дæ, мæ уарзон, мæ хæлар, мæ бæстон! —
Худгæ мыл ма фæкæ, азым мæм ма бадар,—
Ме'взæр фæндырæй та исты куы сцæгъдон...

Адæм æмхуызон кæм не сты æппæлынмæ! —
Дзурынц, æвзæр, дам, æппæлы йæхицæй,
Хорзæй фæзæгъынц, æппæлы йæ туджджынæй,
Чи та — йæ фыдæлтæй, чи та — йæ чындзæй...

Цæй-ма, цы кæнон, зæгъ, цæй-ма, цы дын кæнон,—
Чи дæ, мæ иубæстон, байхъус мæм цадæг...
Цалынмæ искуы мæхицæй дын раппæлон,
Баком уæдмæ уал мæ фыдæлты кадæг...

Раджы зæгъон, æмæ раджы куыд уыдаид?
Иууыл æрæджы зæгъон, æмæ — сайддæр!
Æз ныр мæхæдæг йæ дæсæм фыдыфырттæй
Сегасæй сæфтдæр, мæгуырдæр, æгаддæр...

Мах ын йæ рæстæг Мамайы рæстæджимæ
Иумæ нымайæм нæ хохаг нымадæй...
Рагæй, æрæгæй — йæ фæстæ фæцардыстæм
Мах дæр йæ мыггаг, йæ номæй, йæ кадæй...

Цæй-ма, цы кæнон, зæгъ, цæй-ма, цы дын кæнон,—
Чи дæ, мæ хæлар, æрбайхъус мæм цадæг,—
Ме'взæр фæндыр æй куыд зона, куыд арæхса,
Афтæ дын дзурдзæн нæ Хетæджы кадæг...

                        I

Далæ Хъобанæй, дам, Сау денджызы былмæ
Алан фæтæрынц Чынгысханы 'фсæдтæ...
Тугæй сырх-сырхид Хъобаны дон адардта,
Сакъадæхтæй дзы ныббадтысты мæрдтæ...

Бирæ хъæбатыр лæппутæ дзы разынди,
Бирæ дзы ссардта æнафон йæ мæлæт...
Чи ма дзы баззади, уыдон сæ хæдзæрттæм
Заргæ æрбацæуынц... Семæ сæ тæлæт...

Сегасы разæй Иналы æртæ фырты:
Бйаслан, Аслæнбег, сæ кæстæр та Хетæг...
Семæ сæ фыды нæ ауагътой лæппутæ:
Базæронд, дам, дæ... Сæтты йыл йæхæдæг...

Баззад æнæбары... «Ма фæхудинаг ут,—
Загъта сын,— науæд мын додой уæ сæртæ!»
—Ма тæрс, нæ фыдыхай,—загътой,—цагъайрагæн
Мах дæу нæ ратдзыстæм, дар ныл дæ зæрдæ!..

Се'ууæнк нæ фæсайдтой,— хæстæн йæ астæуты
Размæ лæбурдтой сæ бæхтæ, фæранктау,
Арæхст хæцæнгæрзтæй, калдтой æрттывдтытæ
Æртæ барæджы дæр, арвы цæхæртау...

Се'фсæдтæ дæр ма сæхиуыл кæм ауæрстой!..
Уалдзыгон зæйау, Чынгысханы 'фсæдтыл
Иу гуыпп фæкодтой... Сæ быны сæ афсæрстой...
Лидзæг куы фесты, уæд — гъай-да! — сæ фæдыл...

Иу абоны цъæхæй иу иннæ абонмæ
Никуы фæцух ысты адæм сæ хæстæй...
Алан Мамайæн йæ уæлвæд фæцыдысты,
Цалынмæ се знаг нæ ахызт сæ бæстæй...

Бирæ фæхъаудтой æнæвгъау йæ адæмæй,
Бирæ азйаг хæзнатæ сыл бафтыд...
Гъе ныр æрбаздæхынц хъæлдзæгæй, барджынæй...
Далæ сæ тырыса рагъæй æрбазынд.

Хъæуты цыдæриддæр баззад ма змæлæгæй,—
Лæгтæй та чи уыд, чи? — айдагъ зæрæдтæ! —
Дардæй сæ размæ цыдысты хæлæфгæнгæ,
Дзæгъæлы уагътой сæ фæрныг хæдзæрттæ...

Чи та Иналты хъæумæ тындзы рагацау,—
Алчи фæраздæроныл йæ уд хъары...
Акæс: сывæллонæй, усæй, чындздзон чызгæй
Хъæуы дæлвæд быдыр хъулæттæ дары!..

Уалæ Инал дæр йæ урс бæхыл рацæуы;
Йемæ йæ зæронд, йæ фæлтæрд æмгæрттæ:
Иу йе'мсæрон Солтан, иу абазехаг кънйаз,
Таубитæ, хантæ, æнæуый æлдæрттæ...

Дугъы обаумæ куыддæриддæр рахæццæ,
Афтæ йæм йе 'фсæдты зарын æрбайхъуыст...
Февзыста бæхмæ,— цæргæсау æй обаумæ
Сдавта йæ саулохаг... Бæхæй уым рахызт...

Уалдзыгон кæрдæгыл гауыз æрытыдтой,
Гауызы уæлæ æртæ туркаг базы:
Уæллаг Солтанæн, Иналæн — йæ дæллаг фарс,
Дæллаг баз баци абазехаг кънйазы...

Сбадтысты се'ртæ дæр... Фидауц фæсивæдау,
Дардыл уырдыг лæууынц иннæ зæрæдтæ...
Уалынмæ быдыр нынкъуысти, нызмæлыди,—
Схæццæ сты обаумæ аланы 'фсæдтæ...

Расæррæтт ластой Иналы æртæ фырты
Бæхтæй, сæ бæхтæ сæ кæстæртæм радтой,
Балæууыдысты сæ фыды раз... Уазджытæн
Загътой саламтæ,— «уæ бон хорз» сын загътой.

— 'Гас цæут, 'гас цæут! — загътой сын хистæртæ,—
Тагъд фездæхтыстут,— куыд фæци уæ фæндаг?
— Табу нæ дауджытæн,— загъта сын хъæлдзæгæй
Бйаслан,— нæ бирæгъæн асаст йæ дæндаг.

Хæсты хабартæ сæ сæрæй сæ кæронмæ
Арæхсгæ радзырдта Бйаслан фæд-фæдыл.
— Ардыгæй фæстæмæ,— загъта,— нæ тыхгæнæг
Басомы кæндзæн мыггагмæ тæлæтыл.

Иууыл, цыдæриддæр ласта йæ чырæты,
Алы хæцæнгарзæй, алы хæзнатæй,—
Махмæ æрхаудтой... Йæхæдæг тых-тухæнтæй
Фервæзт... фæлыгъди æгадæй, уырднадæй...

Йе'фсæдтæй 'гас чи зад, уыдон йæхицæн дæр
Нал уисæн кодтой фæстагмæ Мамайæн...
Чи нæм йæхæдæг лыгъд, кæй тыххæй раластам,—
Бахъæудзысты нæ, æппынфæстаг, найæн...

Чи сæ фæуыдзæн дзырд афæдзæй афæдзмæ
Не 'фсæдты диссæгтæ,— сегас нæ,— се 'рдæг!
Ноджыдæр уыдонæй диссагдæр расгуыхти
Мæнæ мæ кæстæр æфсымæртæй Хетæг...»

— Табу нæ дауджытæн! — загътой æмхуызонæй
Дзыллæйы хистæртæ,— дауджытæн табу!..
Абоны лæджыхъæд канд махæн нæ, фæлæ
Фæсфæстагæттæн дæр царды йаргъ кад у!

Баззад разыйæ Инал дæр йæ лæппутæй,—
Иу сæ сæ иннæйæ сагдæр, уæздандæр,—
Фестад йæ бадæнæй,— кънйаз ма кæм бадтаид,
Схæцыд уæззаугай йæхиуыл Солтан дæр...

Цъæх обауы сæрæй акасти йе 'фсæдтæм,
Хуры цæстау, Инал... Къух сæм фæдардта...
Дзыллæ фæхъус ысты... Тынг зæрдиагæй сын
Арфæтæ ракодта, бузныг сын загъта...

— Ацы лæджыхъæд уын,—загъта,—мæ зæронд сæр
Никæд бон бафиддзæн, ма мын ныммæлат.
Фæлæ уал уе'ппæт дæр абон — мæ уазджытæ...
Бахъæлдзæг мæ кæнут... суадзут уæ фæллад...

Гъай-да-гъа! — йе 'фсæдтæ бæстæ ныццараудтой
— Ой, берекет берсен,— загътой æмдзыхæй...
Райстой та зарын... цæуынтæ дын байдыдтой
Обауы цурты рæгъ-рæгъы, æмныхæй...

                        II

Уыцы иу абонæй иу иннæ абонмæ
Дзыллæтæ минас фæкодтой Иналмæ...
Ахæм куывд, ахæм хъазт никуыуал фендæуыд
Аланы зæххыл мыггагæй мыггагмæ...

Дунейы чызджытæ симды лæууыдысты,—
Ай дзы хæрзарæзтдæр, ай дзы рæсугъддæр! —
Гъе уæддæр дзыллæтæ иууылдæр кастысты
Зæронд Солтаны чызджытæм æдзухдæр...

Хистæр Чабæхан, бæрзонддæр чызг, нарæгдæр,
Сабыр, æнкъардхуыз, фæлурсдæр йæ цæсгом...
Сæрды мæйрухс æхсæв — растæй — йæ цæстæнгас,
Уымæн уыд чызгæн дæр «Мæйрухс» йæ фæсном...

Кæстæр Залихан, рæуæгдæр, хъæлдзæгдæр чызг,—
Кафты уæд, симды уæд, калда цæхæртæ...
Бакæс,— хæрз сывæллон, афтæмæй алкæмæн
Хуры цæстау-иу ныррухс кодта зæрдæ...

Арвы кæрæттæй цыдысты сæ курынмæ
Алы уæздан адæм таубитæй, кънйазтæй, —
Никæй дзы равзæрстой, никæмæн бакуымдтой,
Афтæмæй кæстæр дæр ахызт йæ азтæй...

Зæронд Солтан сæ йæ хистæр æхсæз фыртæй
Ноджы фылдæр уарзта, дардта сæ буцдæр...
Никуы дзы фехъуыстой уайдзæф, тызмæг ныхас...
Цардамондæн сын лæвæрдта йæ уд дæр...

Афтæ хъæлдзæгæй фæсивæды иу хъазты
Никуыма фендæуыд Ирæй, Кæсæгæй.
Иунæг Хетæг дзы нæ симдта, нæ кафыди,—'
Куывды йæ ничима федта хъæлдзæгæй...

Адæм ыл дис кæнынц,—дис дæр куыд нæ кæной!
Ахæм хъæбатыр кæм расгуыхти тохы,
Уым ма цы маст баззад уагæр йæ зæрдæйы,
Уагæр цы зæрдæйы мæт нæу уым рохы?..

Уæллаг уазæгдоны бадтысты хистæртæ...
Зæронд Солтан сын ныллæууыд рæгъгæнæг,—
Кувынмæ—пахуымпар, нуæзтæн—нæртон уæйыг,
Афтæмæй ноджы, лæппулæгау, хъæлдзæг...

— Адзурут Хетæгмæ! — радзырдта кæстæртæм
Зæронд Солтан хъæрæй иу рæгъы фæстæ,—
Бафсæстæн, срасыг дæн, афтæмæй лæппутæй
Ничима фæци мæ нуазæны хъæстæ...

Хетæг дæр уайтагъд æрбалæууыд дуаргæрон...
— Раздæр! — Солтан æм йæ урс сæр фæуыгъта...
Хетæг æм бахæстæг... Кувын дын райдыдта
Зæронд Солтан та уæд... Бирæ фæкуывта...

— Хетæг, мæ хуры хай,— загъта,— дæ фыдимæ
Бирæ фæцардтæн хæларæй, сыхагæй...
Абоны цин мæнæн фосæй зынаргъдæр у...
Фос та циу?!.. цардæй, зæнæгæй, мыггагæй!..

Цин та дæуыл кæнæм, афтæ чи расгуыхти,
Афтæ хъæбатыр, лæджыхъæдджын чи у...
Мæнæ дæ фыды цур, ацы уазджыты цур,
Хетæг, зæгъын дын: мæ сæр ныр дæхи у...

Айс æй!.. Дæ аккаг у... Абоны лæварæн
Фестæнт дæ сæрвæлтау негасы сæртæ!
Дыууæйæ дæр дын бар... равзар дæхи фæндæй
Бацамондзæн дын сæ хуыздæры зæрдæ...

Гъай-да-гъа! Уазджыты хъæрæй нынкъуыстысты
Цар æмæ къултæ... Кæй ма уыд дзырды бар!..
Арфæ йын кодтой, лæвæрдтой йын нуазæнтæ,—
Афтæ тынг хорз сæм фæкасти йæ лæвар...

Сыстад Инал, æмæ адæм фæхъус ысты...
— О Солтан,— загъта,— нæ туг æмæ не стæг
Рагæй æмхицтæ сты, фæлæ фæгæдзæ кæ,
Ахæм лæвар аккаг нæу кæд нæ Хетæг...

Гъай-да-гъа! Стай-тай та кодтой йæ уазджытæ:
— Хетæгæй хуыздæр ма чи у йæ аккаг?!
Нæй, Солтан! Не 'ппæт дæр бузныг дæ лæварæй...
Хетæгæй хуыздæр нæ райгуырдзæн сйахсаг...

— Хетæг, мæ хуры хай!—загъта Солтан дæр уæд, —
Ацы хъуыддагæн дæхæдæг йæ сæр дæ,—
Гъе ныр дæхи дзыхæй расид, куыд тæккæ дæр
Ме'взæр лæварыл тæргай нæу дæ зæрдæ...

Хетæг дын зæхмæ ныккасти, мæрдджын лæгау...
Уазæгдон бандзыг... Сыбыртт дæр дзы нал цыд...
Алчи фæдызæрдыг,.. Ай та цы диссаг у?..
Хетæг ма искуы нæ ардта уæздан дзырд!..

Лæппу йæ къахы зæвæттæм ныуулæфыд...
— О Солтан,—загъта,—хуыцау мын æвдисæн, —
Уый йæ куы снысан кодтаид мæ амондæн,
Хистæрæй адджындæр чиу уæд мæхицæн?..

Фæлæ... цы гæнæн ис?.. Чызджы нæ бафæнддзæн,—
Уымæн дын раздæр æвдисæн мæхæдæг...
Уадз æй йæхи адыл... цард ын цы ныв кæна,
Уымæ хæццæ кæндзæн искуы йæхæдæг...

— О Хетæг! Ма кæ-ма, ма хъаз мæ урс сæрæй,
Науæд та базонæм не'цæг ныртæккæ...
Бадзурут чызджытæм!.. Хистæр куы сразы уа,
Гъе уæд ма-иу æй мæ цуры фæмæнг кæ!..

Байдзаг фæсивæдæй уайтагъддæр уазæгдон,
Хетæг сæ фæстæты ралыгъд æддæмæ...
Разæй рæгъ-рæгъы лæууыдысты чызджытæ...
Лæппуты расырдтой уайтагъд фæстæмæ...

Бамбæрста хъуыддаг Чабæхан, Солтаны чызг,
Мардау ныффæлурс, йæ цæсгом нынцъылдтæ,
Тагъд-тагъд — йæ улæфт, мæлæтдзаджы улæфтау,
Зæхмæ ныккасти, рызтысты йæ былтæ...

— Ма тæрс, мæ Мæйрухс, æфсæрмаг дзы ницы ис!-—
Хъазæнæмхæст æм йæ зæронд фыд дзуры,—
Иунæг ныхасæн нын дзуапп ратт, дæ хорзæхæй,
Зæгъ... кæд разы дæ, уæд... Хетæг дæ куры.

Топпы гæрахæй хъæды сырд куыд фестъæлфы,
Афтæ Чабæханæн фестъæлфт йæ зæрдæ...
Тугæй сырх-сырхид йæ уадултæ адардтой,
Цæстытæ, стъалытау, калдтой цæхæртæ...

— О мæ фыд!—загъта чызг,—уый бæрц худинагæн
Ды мæн кæм аппæрстай 'гас дзыллæты раз,
Уым ма цы бамбæхсон, уым ма цы 'фсæрм кæнон?
Тæккæ зæгъын дын æргомазй мæ ныхас:

Уыцы лæппуимæ рагæй кæрæдзийæн
Адджын уыдыстæм,— йæхæдæг æй зоны...
Ничи нæ ахицæн кодтаид иу зæххыл...
Фæлæ нæ чи цыд хуыцауы тæрхоны!..

Ахуыр кæнынмæ йæ Хърыммæ куы арвыстой,
Бафтыд уæд иу грекъаг беримæ Хетæг.
Уый йæ сæхирдыгон карз дзуармæ акодта,—
Лæппу сæ афтæ фæдзуры йæхæдæг...

Мард сыстгæ дзы, зæгъы, федтон мæхи цæстæй,
Динамонджытæм дзы бирæ фæхъуыстон...
Бакаст сæ чингуыты... базыдта се 'гъдæуттæ...
Скодта йæ цæуынмæ уым йæхи... чрыстон...

Банцад чызг... Туджы цъыртт нал уыд йæ уадулты...
Базыр-зыр кодта, фæцудыдта размæ...
Февзыгъд æм кæстæр хо. Мардау æй чызджытæ
Рахастой уырдыгæй устыты уатмæ...

Зæронд Солтан, Инал, уазджытæ иууылдæр
Баззадысты куыддæр, цавддуртау, сагъдæй...
Иу сыбыртт нал цыди, иу ныхас нал ардтой...
Уайтагъд фæтарстысты се 'ппæт дæр загъдæй...

— Сбадут, мæ хуртæ!—Солтан та фæцæлхъ ласта,—
Хорз чызг йæ аипп йæхæдæг фæсиды...
Гъæ, йæ мад амæла, уастæн, зæронд сæрæн,
Ахæм бахъуыды ран зонд кæм æхсиды!..

                        III

Райхæлд куывд... Арфæтæгæнгæ сæ хæдзæрттæм
Адæм цыдысты иттæг бузныггадæй...
Диссаг уыд, уый бæрц сæ фысым куыд аххæсти
Уыйас дзыллæтыл хынцынæй, лæггадæй!..

Стыр кæсгон уæрдон, рæсугъд арæзт гауызтæй,
Хъал сырх уæныг галтæ раскъæфтой кæртæй...
Бирæ барджытæ йæ алы фарс уадысты,
Алы диссæгтæ æвдыстой уæлбæхтæй...

Уалынмæ зарæгæй хæхтæ ныццараудтой,—
Разынд Солтаны хъæу даргъ хиды хъусæй...
Се схæссæг мадимæ Солтаны чызджытæ
Уæрдоны бадынц æнкъардæй, фæлурсæй...

Рауайдзæн уайтагъд сæ размæ сæ ныййарæг...
Чи йæм фæлæудзæн йæ дзырдмæ, йæ кастмæ, —
Уайтагъд сæ базондзæн иу цæстæнгасæй дæр,
Мады зæрдæ зыд у хъæбулты мастмæ...

Зæронд Солтан ма Иналимæ афæстиат,
Ахибар кодтой сæхи бæласдонмæ...
Сбадтысты цъæх нæууыл, стыр тулдз бæласы бын,
Исдуг æнцадæй фæкастысты донмæ...

— Ма хъыг кæ,—загъта Иналæн зæронд Солтан,
Лæппу йæхæдæг æрæмбардзæн, ма тæрс!
Фыдæлты диныл æвдисæн нæ бакæндзæн...
Райсом ма-иу æй дæхæдæг дæр бафæрс...

Чызджы дзырд фехъуыстай... Баууæнд мыл, о Инал,
Ма'хсайæд уымæ æппындæр дæ зæрдæ,—
Чи ссардзæн дунейы уымæй хуыздæр амонд!
Иунæг Хетæджы аргъ не сты нæ сæртæ...

— О Солтан!—загъта Инал дæр,—мæ фыдыстæн,
Рагæй мæ фæндыд — мæ хæстæг ды к'уаис,
Фæлæ цы кæнон ныр,— бафæрс дæ зæрдæйы:
Чрыстон лæджимæ куыд кæндзынæ каис? —

Фарны хъуыдаггмæ кæм лæууы фыды зæрдæ,—
Дардæй йæ размæ, йæ дугъонау, тындзы...
— Фарны хъуыддагæн цыбыр дзырд — йæ аразæг:
Тæккæ райсом дæр æрхонут уæ чындзы!

Радтой сæ къухтæ кæрæдзимæ, рацæуынц
Кæртмæ, раст усгур лæппутау, хъæлдзæгæй...
— Дауджытæ не 'мбал! Хæрзбон ут, нæ фысымтæ!—
Солтан фæхъæр ласта уайтагъд уæлбæхæй...

Авд джигит барæджы Солтаны фæйнæ фарс
Уынджы фæбалц ысты, хъузæттау йемæ...
Ныхасы чи бадтис, уыцы зæронд лæгтæн
Арфæтæ ракодта, афæстиат семæ...

— Сбадут,—сын загъта...—Хæрзбон ут, мæ сыхæгтæ!
Тынг бузныггадæй цæуын æз Иналæй...
—О Солтан,—загъта йын ныхасы хистæр лæг, —
Мах дæуыл дардмæ дæр цин кæнæм рагæй.

Ацы хатты цыд та ноджы фæрнджындæр уæд,—
Уе 'хсæн хæрæфырт куыд райгуыра, афтæ!
— Бирæ фæцардтæн, ныр ма мын, мæ фыдыстæн,—
Ничима ракодта ахæм хорз арфæ.

Дауджытæн табу! Дæ арфæ сæм фехъуысæд! —
Иу хæрæфырт та циу! Раттæнт нын фараст!..
Цæй, ныр хæрзбон ут! Цæрут мын æнæнизæй...
Загътой йын адæм: «Фæндараст, фæндараст!..»



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse