Jump to content

Ханиффæйы мæлæт (Коцойты)

From Wikisource
Ханиффæйы мæлæт (1934)
by Коцойты Арсен
289660Ханиффæйы мæлæт1934Коцойты Арсен
Ханиффæйы мæлæт

Абон бакастæн газеты, уæртæ, дам, кæмдæр хохы цъасы, горæтæй сæдæ километры дæрддзæф, байгом ис рынчындон 25 сынтæгимæ, æмæ, дам, хъæууон совет уыйохыл сарæзта стыр цины æмбырд. Куы бакастæн уый, уæд мæ зæрдыл æрлæууыди иу хабар. Рагон хабар. Уый уыди мæ уалдзыгон бонты рæстæджы. Ныр мæ æрæгвæззæджы бонты хъуамæ радзурон уыцы хабар. Хъæуы йæ радзурын. Тынг хъæуы. Стыр зонды скъола у ивгъуыд рæстæг, — фæкæсын æм-иу хъæуы хаттæй-хатт фæстæмæ.

Уыцы сылгоймаг, Ханиффæ йæ ном, царди горæтæй дыууадæс версты дæрддзæф, стыр хъæуы (уыди дзы цыппарсæдæ хæдзары). Фæтæныстæг, фыдджын, цыма æхсыр æмæ туг йæ рустыл хъазыдысты, уый хуызæн хæрзуынд уыди Ханиффæ. Фæд-фæдыл ын, дыууæ азæй дыууæ азмæ, райгуырди цыппар лæппуйы, фæлæ рынчын никæд фæци. Йæ хæдзары йæхи йеддæмæ сылгоймаг фезмæлæг нæ уыди æмæ-иу, цы бон ныййардта, уыцы бон дæр хæдзары куыстытæ нæ уагъта.

Иу хатт сыхæгтæ фæфиппайдтой, Ханиффæ тынг æнкъард кæй уыди, хæдзары куыстытæ дæр куыддæр æвæндонæй, химæ хъусгæйæ, кæй кодта. Йæ лæг Аслæнбег дæр фæхъуыды кодта Ханиффæйы æнкъарддзинад, фæлæ йæм хъус не ’рдардта, æнæмæтæй быдыры куыстытæ кодта.

Иу райсом сыхæгты ус цæйдæр тыххæй бауади Ханиффæмæ, бадзырдта, фæлæ йын дзуапдæттæг нæ фæци. Къæсæры раз тымбылæй хуыссыди куыдз æмæ йыл уый зивæг хъырнд скодта. Фæкасти сыхæгты ус кæрты ’рдæм. Уым кæронæй бæлæсты бын хъазыдысты Ханиффæйы кæстæр лæппутæ. Сæ иу сдзырдта:

— Нана хуысгæ кæны. Рынчын у.

Бацыди ус мидæмæ, уатмæ! Æцæг, Ханиффæ хуыссы уæлгоммæ, — йæ сæр хæцъилæй баст, йæ цæстытæ дзæгъæлгаст кæнынц. Рынчын сыхаг усы æвиппайды нæ фæхъуыды кодта. Куы йæ ауыдта, уæд ын скъуынгæ хъæлæсæй радзырдта йæ удхары сæр æмæ йын загъта:

— Фæкæс, дæ хорзæхæй... Сывæллæттæ æххормаг... Кæрдзын конд нæй... Дон хаст нæй... Адисæйæн (Аслæнбеджы хо — зæронд ус) дæр фехъусын кæн...

***

Рынчыны цур бадтысты дыууæ усы — Аслæнбеджы хо Адисæ æмæ æндæр зæронд ус, фæсусхъæлæсджын, æвæццæгæн, арахъимæ лымæн чи уыдис, ахæм, Адисæ йæ хуыдта — Зæлда. Уый дæр цыдæр хæстæг уыдис Аслæнбегæн. Дыууæ усы ныфсдæттæг ныхæстæ кодтой рынчынæн, фæлæ сæм уый нæ касти, сæ ныхæстæ йæм хъуыстысты, уый ницæмæй бæрæг уыди. Бындзытæ йæ хъыгдардтой æмæ, цыма уыдон дæр не ’мбæрста, уый хуызæн уыди. Адисæ бæласы къалиу тылдта, фæлæ дзы бындзытæ тынг нæ тарстысты, уайтагъд та-иу абадтысты Ханиффæйы цæсгомыл. Æвиппайды къалиу йæ хъæбысмæ æрæппæрста!

— Зæлда, мæ хур, Гæлианы фæрсын хъæуы.

Зæлда, цыма ныртæккæ райхъал ис йæ фынæйæ, уыйхуызæн базмæлыди мидбынаты, уæрæх фегом кодта йæ цæстытæ, дыууæ къухæй æрцавта йæ уæрджытæ:

— Цæй мæрдырох мæ баци. Ныронг цæуылнæ фарстам дæсныйы? Фæлæ уæд Бæдтионы бафæрсын хуыздæр нæу?.. Уæлæ, дам, уæлæсыхы кæмæдæр æрфысым кодта... Уый диссаджы дæсны хонынц.

Адисæйæн Гæлиан йæ хæлар уыдис æмæ быцæуы бацыди Зæлдаимæ, зæгъгæ, Гæлиан хуыздæр дæсны у, уый фæрсын хъæуы. Быцæугæнгæ дыууæ усы рацыдысты кæртмæ. Аслæнбеджы сæ афæрсын хъуыдис дæсныйы тыххæй. Къæсæрæй куы рахызтысты, уæд сын судзгæ уæлдæф сæ былтæ ныццавта, — уаты уæлдæф рæууондæр уыдис. Змæлæг нæ уыдис кæрты, хæдзарон мæргътæ дæр алы къуымты, аууæтты бамбæхстой сæхи. Сарайы аууоны ныффæлдæхти куыдз, æмæ, йе ’взаг раласгæйæ, лæф-лæф кодта. Устыты ныхасмæ йæ сæр схъил кодта æмæ йæ фæстæмæ æрæппæрста. Аслæнбег бадти кæрты кæрон фæткъуы бæласы бын, йæхимæ хъусгæйæ, — лулæйы фæздæг калдта. Уый ныртæккæ хъуыдытæ кодта дохтырты тыххæй. Къорд хæттыты фехъуыста, уыдон, дам, хос кæнынц алы низæн дæр... Фæлæ сæ кæм ссардæуа? Горæты йеддæмæ æндæр кæм ис дохтыр?.. Дыууадæс версты ардыгæй уырдæм... Уырдæм æй ластæуа, æмæ ма кæм бахæццæ уыдзæн — уыцы æвзæр фæндагыл искуы йæ уд сисдзæн. Ардæм хонгæйæ... æрбацæудзæн æви нæ, чи йын цы зоны... Уыцы хъуыдытæ кæнгæйæ, Аслæнбег айхъуыста устыты ныхас. Ныхæстæ кæрæдзи дзыхæй исгæйæ йын устытæ дзырдтой дæсныйы бафæрсыны тыххæй. Аслæнбег ахъуыды кодта:

«Дохтыр зын ссарæн у. Кæд уыдзæн, цы уыдзæн?..

Дæсны та — нæ фарсмæ. Чи зоны, кæд ын феххуыс уаид».

Ханиффæ йæ низыхатт сыхаг усæн куы загъта, уæд уый бахудти.

— Мæ къонайыл. Æмæ уый та цæй низ у? Дзæбæх алæмар дæхи, æндæр дзы исты ис?

Аслæнбег куы фехъуыста хабар, уæд уый дæр загъта, мидбылты худгæйæ:

— Уый кой дæр кæнут, йæхæдæг адзæбæх уыдзæн.

Фæлæ низ йæхæдæг нæ дзæбæх кодта, тыхджынæй-тыхджындæр удхары æфтыдта Ханиффæйы. Сыхæгты устытæй йыл йæ зæрдæ кæмæн рысти, уыдон æм бауай-бауай кодтой, мæт ыл кодтой, æххуыс, цы сæ бон уыдис, уымæй сæхиуыл нæ ауæрстой — чи дон хаста, чи кæрдзын кодта, чи хъуг дыгъта, чи та рынчынæн йæ бындзытæ сырдта. Устытæй мæрддзыгойы цæуын чи уарзта, марды уæлхъус гæды куыд дзæбæх кæмæ касти, хист æмæ сабатизæртæм æнæзивæг чи уадис, уыдон дæр базмæлыдысты — рагацау æхсызгондзинад хъарын байдыдта сæ зæрдæтæм. Хъæуы зæронд лæгтæй дæр бирæтæ сæ кæрдтæ цыргъ кодтой, сæ былтæ сдæрдтой, хистмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Сырхдзаст сауджын Бетъре æмæ йæ диакъон дæр сæхимидæг цыдæр сусу-бусу кодтой, — уыдонæй пайдадæр кæмæн уыдаид мард: иуæй, æхца — аргъауæггаг, иннæмæй, сæхи хисты хорз ныддæнгæл кæндзысты, æртыккаг та — сæ хæдзармæ ахæсдзысты хæйттæ хордзены дзаг — æгас бинонтæн къуырийы фаг.

Абон чидæриддæр зоны, гуыбыны хъæбæр æнцон дзæбæхгæнгæ кæй у, йæ хос дыууæ-æртæ суарийы аргъ йеддæмæ кæй нæу, фæлæ уæды рæстæг уыди дæсныты рæстæг.

***

Гæлиан, мыддзаст, худгæбыл, бæрзондæрфыг, саулагъз ус, уæзбын къахдзæфтæй бараст ис кæрты астæуты рынчыны уаты ’рдæм. Йæ фарсмæ цыди, иу цъус раздæр къахдзæф кæнгæйæ, Адисæ. Аслæнбег æмæ дыууæ сыхаг лæджы лæууыдысты кæрты. Гæлианы ауынгæйæ, йæ размæ ракъахдзæфтæ кодтой, загътой йын «æгас цу».

— Æвдадзы хос ын фæуæд де ’рбакъахдзæф! — йæ худ сисгæйæ, загъта лæгтæй иу.

— Оммен уæд! Мæ бон цы у, уымæй нæ бацауæрддзынæн... Хуыцау уын æй ма байсæд!

Иннæ сыхаг дæр йæ худ фелвæста.

— Оммен уæд, оммен!

Аслæнбег æнцад лæууыди, ницы сдзырдта.

Рынчыны цур бадтысты æртæ усы. Дуар куы фегом ис æмæ дзы Гæлиан куы базынди, уæд уыдон уырдыг алæууыдысты.

— Табу, табу... табу! — сдзырдта Гæлиан.

Уыцы дзырдмæ Ханиффæ фæкасти, базыдта Гæлианы æмæ йæ цæстытæ ныфсы æрттывд фæкодтой, фæлæ уайтагъд ахуыссыдысты, — йæ удхар ыл йæ тæккæ тыхджынæй уыдис. Рæстæгæй-рæстæгмæ туг йæ сæрмæ калдис æмæ йæ цæсгомы хуыз рафæлив-бафæлив кодта, куы-иу басырх ис, куы-иу бафæлурс ис...

— Сымах уал уæртæ кæртмæ ацæут! — лæгъз хъæлæсæй загъта Гæлиан дыууæ усæн.

Рынчынимæ баззадысты дæсны æмæ Адисæ.

Бацыдис дæсны рынчынмæ нывæрзæны ’рдыгæй, сдзырдта сындæг хъæлæсæй:

— Табу, табу, зæдтæ, дауджытæ! Уæ уазæг фæуæд! — къалиу бандонæй фелвæста æмæ рынчынæн йæ бындзытæ асырдта, сыгъдæг къухты кæлмæрзæн фелвæста æмæ дзы йæ хид асæрфта. Уый фæстæ Адисæмæ асидти иуварс, йæ хъусы йын дзуры: — Фæрсæггаг дæттын хъæуы раздæр — æнæ уый фæрсæн нæй... Æхцайæ æртæ сомы, æвзист сомтæ, стæй рынчынæн йæхи къухæй куыст исты дзаума, ног дзаума.

Ус хъуыста æмæ йæ сæрæй амыдта «хорз, хорз», зæгъгæ. Дæсны æрбадти бандоныл. Адисæ ацыди Аслæнбеджы фенынмæ — хъуамæ иумæ бауынаффæ кæной хъуыддаджы тыххæй.

Гæлиан йæ фæрсæн дзауматæ рудзынджы дæлвæйнæгыл æрæвæрдта. Рынчынæн йæ цæсгом сыгъди, хъулон стъæлфытæ йыл бадти. Къуымых рыстæй рысти хуылф, фæлæ ус йæхи ныффидар кодта, йæ хъæрзт урæдта, — йæ разы бады, зæдтæ æмæ дауджытимæ «уынаффæ чи кæны», уыцы адæймаг æмæ йæм кæсын дæр нæ уæндыди.

— Ма тæрс, мæ чызг, ма тæрс, — сдзырдта йæм Гæлиан. — Фервæзын дæ кæндзыстæм.

Уæд Ханиффæ разылдта йæ сæр, бузныг каст скодта дæснымæ. Уалынмæ Адисæ æрбацыди, ратта Гæлианмæ æртæ æвзист сомы æмæ тинтычъийæ басылыхъ тъæпæн тыхтæй. Гæлианы цæстытæ фæрухс сты. Æхца йæ дзыппы авæрдта, басылыхъ асгæрста йæ уырзтæй æмæ йæ рудзынджы дæлвæйнæгыл æрæвæрдта. Адисæ дуар æнгом æрбахгæдта, æмæ уæд Гæлиан фæрсынмæ бавнæлдта. Йæ фарст уыди дон æмæ фæрдыгæй.

Кæрты æбыхсгæ æнхъæлмæ кастысты лæгтæ (ныр уыдысты фондз), кæд рацæудзæн Гæлиан, цы зæгъдзæн, цымæ? Уаты дуармæ фæкæс-фæкæс кодтой. Къухтæй сырдтой сæ бындзыты, сæрфтой сæ хид — чи фæдджийæ, чи кæлмæрзæнæй. Гæлиан дуарæй куы разындис, уæд фондз лæджы æмызмæлд фæкодтой сæ бынæттæй, сындæг къахдзæфтæй бацыдысты йæ размæ.

— Табу уæд Тыбаууациллайæн! Уый аххосæй рынчын у уыцы мæгуыр уд, — загъта дæсны.

Лæгтæ сæ худтæ фелвæстой.

— Табу йын уæд!.. Табу йын уæд!..

— Нывонд ын æрхæссут, мартъийы мæйы чи райгуырдис, ахæм сау уæрыкк. Сыхы хистæр — йæ кувæг. Фæрсæн фæрдыг цы доны уыдис, уый йын ардыгæй изæрмæ баназын кæнут... Уæрыччы хом нардæй йын йæ буар иууылдæр байсæрдæнт, — бацамыдтон устытæн... Куыд загътон, афтæ бакæнут, уыййеддæмæ йын мауал тæрсут... Тæккæ райсом ыл фæзындзæн. Уæхи фæндиаг уæд!.. Хæрзбон ут!..

Гæлианимæ кæрты дуары онг ацыди Адисæ, фæнд æм уыди суанг æй йæ хæдзармæ схæццæ кæнын, фæлæ йæ дæсны баурæдта.

Адисæ касти дæсныйы фæдыл. Федта — иу ран Гæлиан йæ къахдзæф фæсындæг кодта, йæ дæларммæ æркасти басылыхъмæ, рахиз къухæй йæ асгæрста, стæй уæд тагъддæр араст ис йæ фæндагыл. Адисæйы зæрдыл æрлæууыди — уыцы басылыхъ Ханиффæ буц лæварæн фæцæттæ кодта йæ мойæн... «Ныр ын æй Хуыцау йæхицæн æнæнизы хос фæкæнæд!»

***

Æхсæвы стыр минас уыдис Аслæнбеджы хæдзары. Сыхы зæрæдтæ иу-дæсы бæрц уым зæхбын хæдзары мидæг хъæлдзæгæй æрвыстой сæ рæстæг. Нывонды уæрыкк физонæггондæй, тымбылфыхæй æмæ æндæр хуызты æвæрд уыди даргъ фынгыл, æртæ-цыппар раны дзы хъæдын тæбæгъты мидæг фæлмæн уæливыхтæ ленк кодтой царвы. Бадт арахъ æмæ бæгæны кæрæдзи фæдыл зылдысты уазджыты къухтыл. Сыхы хистæр арæхст уагъд кодта гаджидæуттæ. Уæлдай фæдзæхст кодта рынчыны. Цы аххос æм ис, уый йын хатыр куыд уа, йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ æнæниз куыд суа. Аслæнбег зыдта, уым чи бады, уыдонæй йæм иу хæрам зæрдæ кæй дары, фæлæ ныр уый дæр зæрдиаг куывд, зæрдиаг арфæтæ кодта. Йæ хъæлæсы ахастæй та бæрæг уыдис, йæ ныхæстæ æмæ йæ зæрдæйы фæндон кæрæдзимæ дард кæй сты. Аслæнбег æмбæрста уый, æмæ йæхинымæры дзырдта: «Дзыхæй мын цы зæгъыс, уыдон мыл æрцæуæнт, зæрдæйæ мæм цы фæндон дарыс, уымæй та мæ Хуыцау бахизæд!»

Бирæ фæбадтысты уазджытæ. Иуæй-иутæ дзы афтæ бахъæлдзæг сты, æмæ та-иу уайтагъд исты зарæг бахъырныдтой. Æппынфæстаг хистæр райста нуазæн æмæ загъта:

— Ацы æмбырд у куывд, æмæ куывды зарын дæр хъæуы. — Уыцы дзырдтимæ нуазæн авæрдта, зарын чи зыдта, ахæммæ. Афтæмæй ма, заргæ-худгæйæ, уазджытæ дзæвгар абадтысты, — æмбисæхсæв уыдаид, афтæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.

Лæгтæ хæдзары минас куы кодтой, уæд, дæсныйы амындмæ гæсгæ, устытæ сбæгънæг кодтой Ханиффæйы æмæ йæ сæрстой нывонд уæрыччы хом нардæй, куы йæ иуæрдæм фæлдæхтой, куы иннæрдæм, æмæ йæ хъæрзынæй уат байдзаг ис. Сæрст æй куы фесты, уæд рынчын ус уадзыгæй баззадис.

Уыцы æхсæв Аслæнбег дæр фаг расыг уыди, фæлæ расыгæй дæр йæ зæрдæйæ цух нæ кодта мæт... Афарста, куыд у, зæгъгæ, рынчын, æмæ йын «иухуызон у» куы загътой, уæд ацыдис хæдзармæ хуыссынмæ. Рынчыны раз та радгай бадтысты æнæ фæцухæй Адисæ æмæ сыхæгтæй иу ус.

Рыст, фæллад, хуыссæгхъуаг æмæ ноджы нуæзты тæфагæй Аслæнбег тарф фынæйæ фæхуыссыди стыр аходæны афонмæ. Йæхæдæг нæ райхъал ис, Адисæ йæ райхъал кодта. Куы базыдта, рынчын уæззаудæр у, зæгъгæ, уæд тагъд-тагъд йæ дарæс скодта йæ уæлæ, йæхи ахсадта æмæ кæртмæ рауади. Уаты дуарæй иу каст бакодта, ауыдта — йæ къай фæлурсæй, æнæ змæлгæйæ, цæстдзагъырæй хуыссы уæлгоммæ — йæ цуры иу къорд устытæ, чи лæугæ кæны, чи бадгæ. Дуар ахгæдта фæстæмæ — худинаг у лæгæн искæйты цур йæ усы размæ цæуын, мæлгæ куы кæна, уæддæр. Йæ фæдыл рауади йæ хæстæг ус — Зæлда.

— Дæ ныфс ма асæттæд, Аслæнбег... Фыддæр хуызы вæййынц рынчынтæ, уæддæр фервæзынц... Фæлæ æнцад бадын нæ хъæуы... Дзырдтон знон дæр, Бæдтионы фæрсын хъæуы, зæгъгæ... Бафæрсæм æй ныр — хорз дæсны йæ хонынц... Мæ мæрдтыстæн, уымæй цы диссæгтæ дзурынц, ахæмтæ никуы фехъустон... Гæлиан уый раз ницы у, ницы, æппындæр.

Аслæнбег хорз зыдта, Зæлда æмæ Гæлиан рагæй хыл кæй сты æмæ, уымæ гæсгæ, Зæлдайы ныхæстæн бирæ аргъ нæ кодта. Уæддæр арф ныхъхъуыды кодта, — цы кæна, цы хуыздæр æрхъуыды кæна ныр?.. Хардзы тыххæй къуылымпыдзинад нæй... Бафæрсид Бæдтионы дæр, æмæ та уымæй дæр куы ницы рауайа... Нæ бафæрсгæйæ та, æрæджиау фæсмоны куы бахауа... Алæууыдис, æнæ дзургæйæ, дзæвгар, стæй загъта:

— Дохтыры хос мæм æцæгдæр кæсы. Арвитын хъæуы горæтмæ...

Дохтыры коймæ Зæлда фесхъиудта. Йæ цæстытæ мæсты æрттывд фæкодтой. Схъиугæ хъæлæсæй загъта:

— Кой дæр æй мауал скæн, дæ хорзæхæй! Дохтыртæ æнад куы сты зæдтæн, дауджытæн... Дохтыртæ фыдбылыз куы сты.

Аслæнбег ма ныхмæ цыдæр сдзурынмæ хъавыди, фæлæ йын Зæлда ахгæдта йæ дзых.

— Кой дæр æй мауал скæн!.. Кой дæр нал, дæ хорзæхæй!

— Бафæрсут, кæд ыл истæмæй уæ зæрдæ дарут, уæд! — сразы ис Аслæнбег. — Хардзы тыххæй ницы бацауæрддзынæн.

Ус фæныфсджын ис, фæцырд ис æмæ загъта:

— Æхцайæ иу сом, æвзист сом æмæ исты ног дзаума. Æндæр ницы хъæуы фæрсæггаг.

Лæг бирæ нæ ахъуыды кодта, — ахæм сахат ауæрдын ницæуыл хъæуы, загъта:

— Уæртæ дзы кæмдæр иу тын ис æмæ йæ ахæссут! — Систа æвзист сом æмæ уый дæр ратта усмæ.

Зæлда æмæ Адисæ æвæстиатæй араст сты хъæуы сæрмæ Бæдтионы фæрсынмæ. Бæдтионмæ бафтын афтæ æнцон нæ уыди, — бирæ устытæ лæууыдысты рады, хуынтимæ, фæрсæггаг лæвæрттимæ. Уаты, тыргъы фезмæлæн нæ уыдис. Зæлда æмæ Адисæ дæр æрцахстой рады бынат æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдтой. Тыргъы афтæ æнтæф уыдис, æмæ устытæй кæлмæрзæн йæ сæрыл никæмæн баззади, систой сæ æмæ сæ сæ къухты дардтой, сæ хид уысмæн асæрф-асæрф кодтой къухтæй, кæлмæрзæнтæй. Фæрсæг адæм ноджыдæр цыдысты, рад фылдæрæй-фылдæр кодта.

Бæдтион дардæй æрцæуæг дæсны кæй уыдис, уый тыххæй йæ кад фылдæр ахадыдта, — æнæбавзаргæ истæмæй адæм фылдæр фенхъæлынц. Гæлиан — бынæттон дæсны — уыдта Бæдтионы æнтыстдзинæдтæ æмæ фырмæстæй цы ракодтаид, уый нæ зыдта. Алы æвзæрдзинæдтæ мысыди Бæдтионы дæсныдзинадыл, нæ йыл ауæрста алцæмæй дæр æгад кæныныл. Дзырдта афтæ дæр, Аслæнбег, зæгъгæ, йæ фыццаг фарст фесæфта, нал ын феххуыс уыдзæн.

Хур арвы астæумæ схæццæ ис, уæд Адисæ æмæ Зæлда дæсныйы уатмæ бахызтысты. Дæсны бирæ ракал-бакал фæкодта йæ къамтæ, стæй систа трефты дамæйы æмæ загъта:

— Ай у Зины авд усæн сæ хистæр. Фæмæсты ис цæйдæр тыххæй Ханиффæмæ æмæ йыл рахаттис. Йæ зæрдæ йын балхæнын хъæуы. Æрхæссут ын нывондæн фондзмæйдзыд сыл сæныкк. Авд усы, рынчыны хæдзармæ хæстæгдæр чи у, ахæмтæ, скувæнт уыцы нывонд рынчыны цур, дуарæхгæдæй. Ногуагъд арахъ — сæ нуазинаг. Нывонд æрхасты фæстæ рынчыны æрæвæрут фидар хъæццулыл æмæ йæ афтæмæй царыл æрцауындзут. Уым æй сахаты бæрц æнæрæнцойæ фæхеры кæнут — уый йæ фервæзын кæндзæн.

Радзырдтой Адисæ æмæ Зæлда Бæдтионы амындтытæ Аслæнбегæн. Уæлдай ницыуал загъта Аслæнбег:

— Кæнут, куыд уын бацамыдта, афтæ! — фæлæ уæддæр Аслæнбегæн йæ зæрдæ æхсайдта дохтыртæм. Устытæй никæмæн ской кодта, афтæмæй се ’рвадæлты лæппутæй иуы абадын кодта бæхыл æмæ йæ арвыста горæтмæ, загъта йын: «Хардзыл ма бацауæрд, æрбакæн дохтыр».

Адисæ, Зæлда æмæ ноджы Аслæнбеджы хæстæджытæй фондз усы æрæхгæдтой сæхиуыл уаты дуар. Сæ разы стыр тымбыл фынгыл — сæныччы фыд аджы фыхæй, тæф калы. Астæуæй хъæдын тæбæгъы мидæг — дзаджджын уæливыхтæ. Адисæйы фарсмæ нарæгхъуыр дурыны мидæг ногуагъд арахъ. Устыты хистæр райста сыкъа æмæ лæгъз хъæлæсæй, йæ цæстытæ бынмæ æруадзгæйæ (уæлæрдæм кæсын не ’мбæлдис, — уæлейы зæдтæ æмæ дауджытæ сты, дæлимонтæ та бынæй сты, зæххы бын, зæгъгæ), зæрдиагæй скуывта Зины хистæр усæн, арф ныуулæфгæйæ дзы хатыр куырдта Ханиффæйæн, цы аххосджын дзы фæцис, уый тыххæй. Куырдта дзы, цæмæй йæ тæккæ абон сæнæниз кæна.

Ханиффæ ныр фылдæр рæстæг, не ’мбаргæйæ, хуыссыди, фæлæ куывды дзырдтæй йæ хъустыл цыдæртæ ауади æмæ уый дæр арф ныуулæфыдис. Нæ йæ фæндыди мæлын — цард æм хорз касти, йе ’нахъом сывæллæттæн дæр тæригъæд кодта — цытæ кæндзысты, куыдтæ уыдзысты. Уайтагъд та йæхи нал бамбæрста æмæ зынулæфт кодта. Бындзытæ бадтысты йæ цæсгомыл, хордтой йæ, фæлæ сæ не ’мбæрста. Авд усы дæр ууыл нал уыдысты. Уыдон бадтысты фынджы алыварс æмæ сæ алцы дæр ферох ис, мæнæн фылдæр бантысгæйæ æвнæлдтой хæринæгтæм, быннозт кодтой арахъ сыкъайæ. Фыццаг сæ ныхас уыди сабыр, лæгъз, хиуылхæцгæ, фæлæ фæстагмæ уат байдзаг ис худтæй, хъыллистытæй, æмхæццæ ныхасæй. Иу тæнтъихæг, зылынфындз ус дзы уыдис, Ханиффæйы æмхæрæфырт, æмæ æппын бынат уый нал ардта, йæ кæл-кæл, йæ хъыллистытæ, йæ æнæуаг ныхасæн кæрон нал уыди. Йæ фарсмæ чи бадтис, уый-иу æй басхуыста, зæгъгæ, нæ фидауы афтæ, фæлæ уымæн йæ идон аскъуыди, æмæ ауагъта йæхи уæгъд быдырты. Адисæ иннæ устытæй æвзонгдæр уыди, æмæ устытæ, цыма цины куывды бадтысты, уый хуызæн кæй дардтой сæхи, уый йын хъыг уыди, фæлæ йæ хъыгдзинад ницæмæй æвдыста.

Рынчын иннæ устытæй ферох ис, æрмæст ма йæ Адисæ хъуыды кодта, фæкæс-фæкæс æм кодта, бындзытæ-иу ыл æгæр куы æрæмбырд сты, уæд-иу фестади æмæ сæ-иу асырдта. Йæ сыхаг ус ма йын бустæ дæр бакодта:

— Цы фест-фест кæныс?.. Дæхицæн бынат куынæуал арыс?

Адисæ йеддæмæ иннæтæ тынг æхсызгонæй арвыстой сæ рæстæг. Фæлæ фынг куы раафтид ис, дурынæй арахъы цæллахъ куынæуал хъуысти, уæд, цудтытæ кæнгæйæ, сæ бынæттæй стын байдыдтой. Зылынфындз ус сыстынмæ куыд хъавыди, афтæ æд бандон афæлдæхти. Адисæйы фæдджийыл фæхæцынмæ хъавыди æмæ йын нæ фæрæвдз ис, бандоны бынæй алывыд скалдта Адисæйыл, ды мæ фесхуыстай, зæгъгæ. Куы сыстади, уæд дардыл нал фæхъуыды кодта, фæлæ фæтæргай ис æмæ алыгъд йæ хæдзармæ. Бирæ рахъуыды-бахъуыды кодтой устытæ рынчыны ауындзыны тыххæй æмæ ницы æрхъуыды кодтой, — царыл, бæндæн цæуыл абастæуыдаид, ахæм ницы уыди. Уæд Адисæ ауади кæртмæ Аслæнбегмæ:

— Цы кæнæм, Аслæнбег, бæндæн цæуыл абастæуа, ахæм куы ницы ис царыл?

Аслæнбег, лулæйы фæздæг калгæйæ, æнкъардæй рацу-бацу кодта кæрты. Фæлæууыди. Æнæдзургæйæ йæ сæрæй ацамыдта сарамæ.

Рынчын хуыссыди, хи не ’мбаргæйæ, хаттæй-хатт-иу ныхъхъæрзыди, æрра кæстытæ-иу акодта йæ алыварс æмæ та-иу æрæнцой ис. Æхсæз усы йæ систой дыууæ хъæццулы уæлæ æмæ йæ рахастой сарамæ. Сахаты бæрц фæцархайдтой устытæ хъæццулты кæрæттыл бæндæнтæ бабæттыныл, стæй бæндæнтæ хъайвантыл фидар кæныныл. Аслæнбегæн йæхицæн бацæуæн нæ уыди сарамæ, йæ усы цурмæ, æфсæрмы кодта, фæлæ йæ хойæн аивæй амбарын кодта, зæгъгæ, хъæццултæн æртонынæй тас у, æмæ ма гуыры бын иу-дыууæ раны бæндæн ауадзын хъæуы. Уыцы амынд дæр æххæстгонд куы фæцис, уæд рынчыны дыууæрдæм рауз-бауз байдыдтой. Рынчын хъæццулы мидæг байдыдта тæлфын, хъæрзын æмæ уынæргъын, æвæццæгæн, æй йæ хуылф тынгдæр хъыгдарын байдыдта.

— Уынут, уынут? Уый йын феххуыс уыдзæн, — сдзырдтой чидæртæ.

— Ныронг дæр æй афтæ хъуыди, афтæ, — загъта устытæй иу.

— Куыд уынæргъы! Уый дзæбæхы ’рдæм у, гъе!

— Цæрæд бирæ Бæдтион — уый у йæ ирвæзынгæнæг!

— Тынгдæр!.. Ноджыдæр! — дзырдтой алырдыгæй. Афтæ æгас сахаты бæрц хъæццулты мидæг рахау-бахау кодта рынчын, тæлфыди, æрдиаг кодта. Уыцы тæлфт, уыцы æрдиагмæ устытæ зæрдиагдæр, кæрæдзи ивгæйæ, рассон-бассон кодтой рынчыны. Се ’ппæтæн дæр сæ хид цъыкк-цъыкк кодта зæхмæ, асæрф-асæрф æй кодтой, бафæлладысты, уæддæр сæ куыст нæ уагътой. Фæстагмæ рынчын нал тæлфыди, нал æрдиаг кодта.

— Ныр æгъгъæд уыдзæн, — загътой уæд устытæ æмæ стыр зынтимæ æристой рынчыны зæхмæ. Уыцы сахат Аслæнбег кæимæдæр лæууыди кæрты дуармæ. Йæ зæрдæ рысти æнæрæнцойæ, йæ хъуыдытæ уыдысты Ханиффæйы тыххæй. Цы ма йын æрхъуыды кæна?.. Фыдæлтæй баззадис дæсныйы бафарст, æмæ йын дыууæ дæсныйы бафарста... Ныр зæгъынц дохтыртæ... Æмæ кæм сты? Чи сыл хæст кæны? Арвыста горæтмæ тæргæ бæхæй... Дыууадæс версты — иуæрдæм, дыууадæс — иннæрдæм...

Нæ бацауæрста æхцайыл, цы муртæ ма йæм уыдис, уыдон ратта æрвыст лæгмæ, чи зоны, кæд сразы уаид дохтыр æрбацæуыныл... Фæлæ, куы рацæуа, уæддæр кæд хæццæ кæндзæн?.. Уæртæ уал æй рауил-бауил кæнынц дыууæрдæм... Нæ зонын, уый йын хуыздæрырдæм фæуа... Ахæм хъуыдытæй дзаг уыди Аслæнбеджы сæр. Фæлæ сын æддæмæ раргомгæнæн нæ уыди, — худинаг уыди хи усы кой кæнын искæмæн, мæлгæ куы кæна, уæддæр, æмæ мæнæ ныхас кæны йæ сыхагимæ, йæ зæрдыл æппындæр чи нæ æмбæлы, ахæм хъуыддæгты тыххæй... Уалынмæ кæрты айхъуысти устыты куыд æмæ æрдиаг, — уыцы минутыл æристой уыдон Ханиффæйы зæхмæ. Нал змæлыди, нал улæфыди Ханиффæ, йæ цæстытæ дзагъырæй баззадысты. Аслæнбегимæ цы сыхаг лæууыди, уый бараст ис кæртмæ, йæ сæр хойгæйæ, хъæрæй кæугæйæ. Аслæнбег дуармæ баззади, — нæ йын уыди мидæмæ цæуæн, нæ йын уыдис кæуæн — худинаг у хи усыл кæуын.

Уайтагъд сыхбæстæ æмæ уыйфæстæ хъæубæстыл айхъуысти, Аслæнбеджы ус Ханиффæ, дам, амардис.

Устытæ чыртæ-чыртæй цыдысты Аслæнбеджы хæдзармæ. Кæрты дуарæй-иу куыддæр фæмидæг сты, афтæ-иу байдыдтой кæуын. Иу хъæлæс фесхъиудтаид чыры æхсæнæй, ныдздзынæзтаид, йæ фæдыл æй æмдзыхæй иууылдæр айстаиккой... Цыбыр рæстæгмæ хæдзар йæ тæккæ дзаг бацис устытæй. Иу ус, йæ хъæлæсы уадындзтæ тыхджын кæмæн уыдысты, ахæм, кодта хъарæг, дзырдта, æвæццæгæн, алыран дæр цы ныхæстæ кодта, уыдон. Уыцы ныхæстæм гæсгæ, иннæ устытæй алчидæр йæхи зиан хъуыды кодта æмæ ууыл куыдта. Æвæццæгæн дзы Ханиффæйы мардыл æцæг куыд кодтой иугæйттæ, иннæтæ та иууылдæр куыдтой сæхи мæрдтыл... Афтæмæй хæдзар байдзаг ис богъ-богъ æмæ æрдиагæй, æмæ уыцы богъ-богъ, уыцы æрдиаг хъуыстысты дардмæ æмæ æгас сыхбæсты зæрдæтæ дæр уынгæг кодтой. Уый у ирон устыты куыд. Цыдысты алырдыгæй лæгтæ дæр къордгæйттæй, тæфæрфæс кодтой æмæ дуармæ, иннæ адæмимæ, ахстой сæхицæн бынат. Кæд-иу уыдонимæ, Аслæнбегæн хæстæг чи æййæфта, ахæм уыдис, уæд-иу уый фæхицæн ис иннæтæй æмæ-иу, сæр хойгæйæ, хъæрæй кæугæйæ, бараст ис кæртмæ. Ахæмтæн сæ куыды ныхæстæ уыдысты иухуызон: «Уæу, мæ хæдзар куыд фехæлди, цæй дзæгъæлæй нæ ныууагътай. Цы ма кæндзыстæм нырæй фæстæмæ!»

Чи зоны, ахæм кæуæгмæ æппындæр маст нæ хъардтаид, æппындæр æм кæуын нæ цыдаид, чи зоны, уыцы хъæртæ кæнгæйæ, иу цæссыг не ’рæппæрстаид йæ цæстытæй, фæлæ уæддæр афтæ... Уый та у ирон лæгты æнаккаг гæды куыд. Уæртæ Аслæнбег, æцæг йæ хæдзар кæмæн фехæлди, æцæг стыр маст кæмæн ис йæ зæрдæйы, уый нæ кæуы, иу цæссыг дæр нæ разынди йæ цæстытæй. Кæд уый фæразы нæ кæуын, уæд иннæты куыд гæды куыд у, æфсоны куыд.

Кæрт æмæ уынг дæр хæдзары раз дзаг уыдысты адæмæй. Æппæтæн дæр сæ цæсгæмттыл фыст уыди æнкъарддзинад. Ныхас бирæ нæ хъуысти сæ астæуæй, цы дзырдтой, уый æнкъардæй. Фæлæ рох нæ уыди уæлмæрдхæрнæг. Бирæтæ аивæй сæ хъус дардтой, кæддæра дзы цы уыдзæн æргæвст, цы дзы уыдзæн нозтæй, зæгъгæ. Быдырæй Аслæнбеджы стыр цъæх гал куы æрбазынди, иннæрдыгæй та æртæ фысы, уæд бирæтæ сæ хъаматы бын асгæрстой сæ кæрдтæ, — кæд сын, мыййаг, сæ хæдзæртты ферох сты. Уыйфæстæ дæлæсыхы ’рдыгæй уæрдон куы æрбазынди, йæ гуыффæйы авд-аст стыр дурыны къæрмæджытæй æхгæд, уæд адæмæн сæ зæрдæтæ иудадзыг се ’муд æрцыдысты. Уыдон фенгæйæ, йæ зæрдæ кæмæн нæ барухс ис, ахæмтæ бирæ нæ разындаид адæмы æхсæн.

Хур дзæвгар акъул ис, афтæ адæм æнкъардæй рараст сты марды фæстæ Аслæнбеджы хæдзарæй. Адæм кæрты дуарæй æххæст нæма фæхицæн сты, афтæ уынджы кæронæй æрбазынди файтон, йæ фарсмæ цыдис бæхджын. Уый уыдис дохтыр йæ фæндаггон аптечкæимæ. Барæг та уыдис Аслæнбеджы æрвадæлты лæппу. Файтон æмæ барæг фæлæууыдысты, — хосты æххуыс нал хъуыди Ханиффæйы. Файтон дохтыримæ фæстæмæ аздæхти.

Бæдтионмæ куы байхъуысти Ханиффæйы амæлыны хабар, стæй дохтырмæ æрвысты хабар, уæд загъта:

— Дохтырмæ кæй арвыстой, уый аххосæй амарди уыцы мæгуыр ус... Зæдтæ, дауджытæ æмæ дæлимонтæ дæр нæ уарзынц дохтырты.


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
This work was in the public domain in Russia on the URAA date January 1, 1996, according to the Law 09.07.1993 No 5351-1 which was enacted on that date:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 50-year protection term was applied;
  • and the creator died before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996).

The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 89 years or less since publication (if applicable).