Jump to content

Халон æмæ хæрæг (Гæдиаты)

From Wikisource
Халон æмæ хæрæг (1911)
by Гæдиаты Секъа
289744Халон æмæ хæрæг1911Гæдиаты Секъа


ХАЛОН ÆМÆ ХÆРÆГ


Халон æмæ хæрæг
Æрбадтысты къуыбырыл.
Халон загъта: — Нæхæдæг
Цæй бавзарæм зарыныл.

Æрбахъырн мын дæхæдаег
Бæзджынгомау, дзæбæхдæр...
Ныууасыди нæ хæрæг,
Ныннæрыди къæдзæх дæр.

Халон загъта хæрæгæн:
— Хорз нæ фæци нæ зарæг.
Хæстæг ма мæм æрбабад,
Мæ цард æмæ мæ дарæг!

Æрбадтысты хæстæгдæр,
Райдыдтой та сæ зарæг.
Фæлæ уæддæр нæ фæхорз, —
Сæ фыдхъæлæс — сæ сафæг.

Уæд булæмæргъ къуыбырæй
Афтæ дзуры зарджытæм:
— Кæд уыдыстут дæснытæ
Ахæм диссаг кадджытæм?!

Цасдæриддæр фæзарат, —
Æвзæр уыдзæн уæ зарæг.
Уæхи цыфæнды хъарат, —
Уæ фыдхъæлæс — уæ сафæг.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.