Халон æмæ рувас (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Халон æмæ рувас  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


ХАЛОН ÆМÆ РУВАС


Цæстмæхъус ныхас
Фыдбылыз хæссы...
Хуыснæггаджы бас
Фу-фуйæ сысы...

Кæмдæр та халон –
Цыма дзы хъалон
Нæ фыййау дардта –
Цыхты къæртт ссардта.

Бæласы цонгыл
Цæргæсау сбадти,
Йæ сæфты стонгыл
Ныр диcæй марди.

Зæрдæхъæлдзæгæн
Тæрхæттæ кодта
Æмæ фыдæнæн
Йæ цыхт нæ хордта.

– Цæй, ныр æвналон, –
Фæзæгъы халон,
Фæлæ та 'взары, –
Цыхт дзыхы дары...

Уæд дын æм рувас
Кæцæйдæр рауад...
Уайтагъддæр минас
Йæ фындзыл ауад.

Цæст андæгъд цыхтыл...
Йæ къахы æлгътыл
Дæрдтыл æрзилы,
Йæ къуди тилы...

Нæ рагон фыдсыл
Нæ зоны бæгуы!
– Мæ хуры чысыл,
Куыд рæсугъд дæ, куы! –

Бынæй йæм дзуры, –
Уындæй дæ цуры,
Дæ фæхъхъау фæуон,
Кæмæй раппæлон?!

Дæ даргъ дæллагхъуыр,
Дæ сау базыртæ,
Дæ диссаджы гуыр,
Дæ худгæ былтæ!..

Æххæст ма зарын
Куы зонис, уæд дæ
Паддзахæн дарын
Фæразид зæрдæ...

Æфсæрмы ма кæ,
Мæ уды гага, –
Дæ зарæг акæ!..
Нæ халон “хъа, хъа!” –

Зæгъгæ, фæкодта
Йæ хъæлæсы дзаг...
Паддзахгæнæггаг
Кæйдæр цыхт хордта
Нæ гæды рувас, –
Ды та уал уым уас!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse