Хæхты маст (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Хæхты маст  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ХÆХТЫ МАСТ


Хæдтулгæ уæрдоны сцæйцыдтæн, уарзон, нае бæстæм,
Хæдтулгæ уæрдонæй æз кастæн:
Зындысты мæм дардæй нæ рæгътæ, нæ хæхтæ,
Зындысты нæ цъититæ, урссæр къæдзæхтæ, —
Ысурс ысты митæй — сæ мастæй.

Æнкъардæй сæ хъæбысты бакодтой хъæуты,
Цыдæртæ сын сусæгæй дзурынц:
«Фæкæсут уæ бæстæм, уæ къултæм, уæ къуымтæм!..»
Æнкъардæй, сæркъулæй, кæугæйæ, нæ лæгтæй
Зæрдиагæй бирæ фæкурынц...

Кам хъусынц нæ лæгтæ, кæм ма уарзынц урссæр къæдзæхты
Кæм ма 'мбарынц хæхтæн сæ хъыг дæр!..
Æркæлы нæ цъититы цæссыг, нæ къултыл, нæ фæзтыл
Фæуайы, хæл-хæлгæнгæ, кургæ, нæ лæгтæй,
Фæдзуры сын хæхтæн сæ дзырдтæ.

Каем хъусынц нæ лæгтæ — фæтæрсынц нæ хæхтæн сæ митæй,
Фæлидзынц кæдæмдæр сæ бæстæй...
Куыд цæрынц æнæфыдыбæстæ, куыд кæсынц сæ хъыгмæ, сæ цинмæ,—
Куыд кæсынц сæ хæхтæм, сæ фæзтæм, сæ Ирмæ,
Куы нæ сæ уынынц, уæд, сæ цæстæй?



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse