Jump to content

Хæрзбон (Тогуызты)

From Wikisource
Хæрзбон (1915)
by Тогуызты Газакк
290750Хæрзбон1915Тогуызты Газакк


ХÆРЗБОН


Хæрзбон, хæрзбон, мæ цард мæ суры,
Фæрыст мæ зæрдæ ‘мæ цæуын...
Фæстаг хатт абон æз уæ цуры
Лæууын, мæ хæхтæ, ‘мæ кæуын.

Мæ Иры сау къæдзæх, дæ риуыл
Мæнæн, æвæдзы, нæй фæндаг.
Уæд та фæкæуон, цæй, мæхиуыл
Фæстаг хатт абон æз мæ фаг.

Цæуын, цæуын, æрмæст уæ разæй
Нæ хæссы, оххай, мæн мæ къах.
Фæстаг хатт абон сæрæгасæй
Уынут, мæ хæхтæ, мæн сымах.

Цæуын, цæуын, æрмæст, дæ-да-дæй.
Мæ хæхтæй дард цы у мæ цард?
Æрцæудзæн искуы тагьд æгадæй
Мæнæн фыдраны дард мæ мард.

Кæсын фæстæмæ смахмæ дардæй,
Мæ фæстæ смах кæсут æнцад, –
Кæсы хъæбулæн дардмæ ‘нкъардæй
Йæ фæдыл афтæ ‘рмæст йæ мад.

æллæх, мæ бон цæрынæй уемæ
Мæнæн нæ бафсæсти мæ уд!
Хæссын уæ хуыз мæ риуы мемæ
Бæлвырдæй æз... Хæрзæбон ут!


1911 азæй 1915 азы ‘хсæн

Public domain
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States prior to January 1, 1929. Other jurisdictions have other rules. Also note that this work may not be in the public domain in the 9th Circuit if it was published after July 1, 1909, unless the author is known to have died in 1953 or earlier (more than 70 years ago).[1]

This work might not be in the public domain outside the United States and should not be transferred to a Wikisource language subdomain (or as a file it should not be migrated to the Wikimedia Commons) that excludes pre-1929 works copyrighted at home.


Данная работа, впервые изданная до 1929 года, находится в общественном достоянии по законодательству США, и может быть опубликована здесь, в мультиязычной Викитеке. Но эта работа не может быть опубликована в национальной Викитеке, которая должна подчиняться законодательству России, т. к. работы этого автора (за исключением изданных до 7 ноября 1917 года) пока не вышли в общественное достояние в России. Этот автор умер в 1938 году и был посмертно реабилитирован в 1955 году, соответственно эта работа выйдет в России в общественное достояние в 2026 году.

The author died in 1938, so this work is also in the public domain in countries and areas (outside Russia) where the copyright term is the author's life plus 80 years or less.

PD-US-1923-abroad Public domain in the United States but not in its source countries //wikisource.org/wiki/%D0%A5%C3%A6%D1%80%D0%B7%D0%B1%D0%BE%D0%BD_(%D0%A2%D0%BE%D0%B3%D1%83%D1%8B%D0%B7%D1%82%D1%8B)