Хæрзбон! (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Хæрзбон!  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


ХÆРЗБОН!


Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,
Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,
Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй...
Дард у мæ фæндаг... Зæгъын дын: хæрзбон!..

Рагæй мын “ацу” дæ цæстæнгас дзуры,
Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;
Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,
Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын...

Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,
Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!
Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,
Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном...

Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл
Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, –
Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл –
Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, –

Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ
Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, –
Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,
Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр...

Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, –
Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон
Уый “фæндарастæй” кæд ссарин æз йемæ..
Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.