Фын (Гæдиаты, 1910)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Фын  (1910) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1910, Рауагъ аз: 1910. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ФЫН


Дысоны.фынтæ, дысоны...
Терчы фæйнæ фарс æрзылдтæн;
Адæм мæ тынг буц ыскодтой,
Теркæй та бузныг нæ уыдтæн.

Уæлхох быдыр у Ирыстон,
Йæ бакаст зæрдæ рæвдауы.
Уылæнтæгæнгæ, Æрыдон
Теркæй дын хъазын фæлгъауы.

Терк æмæ Æрыдон — лымæнтæ,
Сур зæхх æртахæй рæвдауынц.
Æрджынарæджы рæбынты,
Хъæбыстæгæнгæ, фæкафынц.

Хъæрмыдон цъитирæбынæй
Æнæнизы хос фæрсудзы,
Алы низтæ мæ кæлæнтæ
йе 'хсидгæ донæй ныссудзы.

Ирдгæйы сыгъдæг уæлдæфæй
Хъæздыгдæр баестæ нæ уыдзæн.
Æз никуы федтон, Ирыстон,
Алцæмæй æххæст дæхуызæн.

Лæджы туг, лæгау, кæмæ ис,
Гъе, уый йæ хонæд сызгьæрин.
Æз æндæр хъуыды куы кæнин,
Уæд иунæг дзырд дæр нæ зæгъын.

Æхсæв дыл мæйрухс ызгъæлы,
Ирыстон, нæ уд, нæ зæрдæ.
Бон дæ хурзæрин рæвдауы,
Нывонд дын феста нæ сæртæ.

Куы дыл-иу цъити ныууарыд,
Куы дæ рагуалдзæг рæвдыдта.
Амонды цалх-иу рæстæрдæм
Цыдæр зæды хай фæзылдта...

Æврагъы сау тар æрхæцыд
Хохæй, быдырæй æмхуызон.
Фыццаг хорз цардæй — зæрдæхъал,
Абон æнкъард у Ирыстон.

Терчы бафарстон мæ фыны:
«Цæуыл æнкъард дæ, зæгъ мын æй?»
Хохы цæссыджы æртæхтæ,—
Фæлæууыди уæд цæуынæй.

Ирыстонæй гуырд цæсты сыг,
Сау хохы бынæй лæдæрсыс...
Чи уын ныссаста уæ зæрдæ,
Кагуындзастæй мæм куы кæсыс?..

Куы туджы малы тылдыстут,
Куы хъæлдзæг рæстæг æрвыстат,
Æфсымæртау, иу уыдыстут,
Афтæмæй иумæ фæкуыстат.

Ныр уын цы фæци уыцы 'хсар,
Зæхмæ куы 'руагътат уæ сæртæ?..
Афтæ цæстмæ-цæст куыд ферох,
Пы уын аивта уæ зæрдæ?

Дон æмæ хæхтæ, быдыртæ
Æнкъард цæстæнгас куы дæтты,
Адæмты царды тыхстдзинад
Хуыздæрты зæрдæ ныссæтты...

Уæд Терк æнкъардæй ысдзырдта:
— Искæй низы низ нæ хоныс?
Фæстагмæ махмæ цы кæсы,
Уымæй ды бæрæг нæ зоныс...

Тых нын нал хъæуы, нал дæр хæст,
Æнæ хъæр-цъистæй куы мæлæм.
Æнцад-æнцад кæмæдæр
Æхсæвæй-бонæй лæдæрсæм.

Хист нæ фæкодта йæ быны;
Ирæдæй хæдзар-фæнык нæй.
Уастæн, фæбада хæрам уд
Зындоны цады рæбынæй!

Ирон лæг хицау нæ арæм, —
Чи ма нын райса нæ хæстæ.
Æнцад-æнцад фæцæуы
Кæйдæрты къухмæ нæ бæстæ.

Æппын æнæтуг, хæдмæлæй
Сау хъæды дзæгъæл фæхилæм.
Искæй хуымы стæм цыргъ æхсырф.
Нæхимæ гыццыл ныхилæм.

Гъе, уый дын нæ мæт, нæ сагъæс,
Фæнды йæ фых хон, фæнды — хом.
Хуыздæрæнхъæлæй фæстагмæ
Зынæй-зындæрмæ фæцæуæм...

Афтæ та сдзырдта Терчы дон, —
Фезмæлыд, денджызы аныгъуылд...
Мæ фыны фынтæ — диссæгтæ,
Æхсæв, мæйрухсау, аныгуылд.

Бирæтæ федта зынтимæ,
Къæвда æмæ хур бон Ирыстон,
Уæддæр бынтонæй нæ фесæфт,
Зиан не 'руагъта йæхи 'фсон.

Æнусмæ цæрай, нæ бæстæ,
Адæмыл хыгъд уæнт дæ зæнæг.
Курын дæ, хуыцау — дæ саби,
Арфаг сын ракæн дæхæдæг.

Райхъал дæн æмæ рабадтæн,
Иунæгæй уаты хуыссыдтæн.
Фынтæй хъæлдзæг уыд мæ зæрдæ,
Ныр та фырмæстæй ыссыгътæн.

Хурмæ баззайа сæ хæдзар, —
Махæн нæ цардæй чи хъазы!
Сæхи амарой сæ кардæй, —
Нæ сæр нын хуыскъæй чи' дасы.

Цасдæр фыд-зынтæ бавзарак,
Уыйас дæ номæн — хуыздæр кад-
Мауал рахъыг кæн, Ирыстон,
Нæ фесæфдзæни дæ хорз цард.

Хохы цъупп быдыр нæ комы,
Сæнæфсир сындзыл нæ зайы.
Æцæгæлонæй æфсымæр —
Гæды дзырдтæй нæ ныссайы.

Дысоны фынтæ, дысоны,
Сæ уынд мын уыди æхсызгон.
Фæлæ мæ афтæ хæрзбынсайд
Фæкæндзысты, уый нæ зыдтон.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse