Фын (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Фын  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991
Фын

Уалдзыгон бон изæрмæ гутоны фæдыл афтæ ныффæлладтæн, æмæ фезмæлынхъом нал уыдтæн. Изæры лæппутæ касдонхъæрмхуыпп скодтой, фæлладæй дзы афтæ адджынæн бацымдтон, æмæ буар иууылдæр хид фестад. Лæппутæ æхсæвхизмæ галтæ .аскъæрдтой, æз мусонджы мидæг бæмбæджы хъæмпын, — мæ быны нымæт, мæ кæрц мæ уæлæ æркодтон, — афтæ бафынæй дæн, æмæ мæ цуры хох куы калдаид, уæддæр нал сæхъал уыдаин.

Фыны иу æнахуыр бæсты фестадтæн. Иууыл быдыр, цæст ыл не 'ххæсти. Быдыры астæу карст айнæг къæдзæх — галуан. Галуанæн йае разы хæдзар, айнæгыл æмхæст, йæ дуар ме 'рдæм.

Æз дойныйæ нал фæрæзтон. Мæ уд сцæйхаудта. Дон та быдыры æппындæр нæ уыд. Цон, загътон, уæртæ уыцы хæдзармæ, кæд сæм дон уаид, æмæ мын раттиккой. Дуар бакодтон æмæ бацыдтæн, фæлæ мæ бацыдыл фæсмон фæкодтон, мæ дойны цы фæци, уый нал базыдтон: хæдзары астæу стъолы фарсмæ иу лæг бадт, йæ цæсты къæлæттæ сасиры чъилы йас, йæ фындз даргъ гутоны гинонæй къæдздæр, сау сыджыты хуызæн, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта, йæ худыл стыр дамгъæтæй фыст уыд «Белиер», йæ цуры дыууадæсы бæрц лæгтæ, салдæтты лæуд кодтой.

Белиеры чъылдыммæ, фæстейы, айнæджы — хуынкъ, лæг дзы бацыдаид æви нæ, ахæм рудзынг. Рудзынг æфсæйнагæй æхгæд. Рудзынгæй мæм бирæ адæм зынд, бындзыты хъæр кодтой, кæцондæр æвзагæй сæ хъæлæба цыд.

Белиер стъолыл цыдæр цъæх гæххæттытæ рафæлдах-бафæлдах кодта, æмæ-иу хаттæй-хатт гæххæттыты бакаст афтæ: «Иегула-дыгула, дзадæджын-дзыджыда, хъарахъуыстил, менталачъи, хæццу-мæццу, гæбыты- габо, рæнхъыл бега, авггæнæнтæ-чъыр-чъырæгтæ, донмыстытæ- сæлавыртæ, хохыл бады чысыл цъупп». Æмæ-иу гæххæтт, йæ разы чи лæууыд, уыдонæй иу лæгмæ авæрдта, уый-иу гæххæтт кæдæмдæр аскъæфта.

Мæн тынг фæндыди уыцы адæмы хабар бафæрсын, фæлæ . нæ уæндыдтæн. Размæ-иу бакъахдзæф кодтон, бафæрсон æй, зæгъгæ, фæлæ- иу мæ зæрдæ Белиеры тасæй аталынг, цæстытæ-иу атарытæ сты æмæ-иу фæстæмæ ралæууыдтæн. Афтæ иукъорд хæттыты бафæлвæрдтон. Иу хатт мæхи фæхъæбатыр кодтон, бафæрсон æй, зæгъгæ, хæстæгдæр бакъахдзæфтæ кодтон, фæлæ фыртасæй цы сдзырдтон, уый нал базыдтон. Мæ зæрдæ кæдæмдæр атахт, дуне мыл аталынг, марды хуызæн уадзыгæй баззадтæн.

Хуыцау зоны, цас фæдæн уадзыгæй. Куы 'рчъицыдтон, уæд, уыцы галуаны цы адæм уыд, уыдоны 'хсæн фестадтæн. Дис фæкодтон, ардæм кæцæй æрхаудтæн, зæгъгæ. Гъе дзы дуар куы нæй, гъе, фæрсаг, уæлейæ мæ æруагътаиккой, зæгъын, æмæ галуаны фæрстæ цъæх айнæг, тынг бæрзонд уыдысты æмæ йæм уæлейæ æруадзæн дæр нæ уыд.

Адæм цыдæр хъæлæба кодтой, кæрæдзийы дзырд не 'мбæрстой, æз дæр сын се 'взаг нæ зыдтон. Сæ уындæй зæрдæ рыст, фæлурс, марды хуызæн. Æз галуаны къуымы дурыл сбадтæн æмæ хъуыдытæ кодтон. Иу ирон лæг атæппæт адæмимæ куыд нæй, зæгъгæ, дзырдтон.

Уалынмæ иу лæг мæ цурмæ æрбацыд æмæ афтæ зæгъы:

— Ды та ам цы ми кæныс, кæцæй дæ хуыцау æрхаста? Æз уырдыг фестадтæн æмæ йын афтæ зæгъын:

— Нæ зонын. Мæ фыдбылыз мæ ардæм æркодта. Фæлæ, хуыцауы тыххæй, ацы адæм цы сты, ацы галуанмæ кæцæй æрцыдысты?

Уый ныууылæфыд æмæ афтæ зæгъы:

— Адон — цардагур адæм, царды фæндаг сæ ардæм æрхаста, æмæ сын ацæуæн ничердæмуал ис, цалынмæ арв снæра, мæлдзыджытæ сызмæлой, уалынмæ ам уыдзысты. Арв куы снæра, уæд мæлдзыджытæ сызмæлдзысты, галуан бадон уыдзæн, фæйнæрдæм акæлдзæн, ацы адæм суæгъд уыдзысты, царды фæндаг срухс уыдзæн æмæ мæрдтæ сæгас уыдзысты.

Ацы ныхæстæгæнгæ рудзынджы размæ бахæццæ стæм. Рудзынгæй мæм равнæлдта даргъ, стæгджын къух, йæ даргъ æнгуылдзтæй мын мæ астæуыл фæхæцыд æмæ мæ рудзынгæй фелвæста. Æз ницыуал базыдтон, бауадзыг та дæн.

Хуыцау зоны, цас фæдæн уадзыгæй. Куы 'рчъицыдтон, уæд иу дзæбæх быдыры фестадтæн. Йæ тæккæ астæу стыр фурд цыди. Ранæй- рæтты иугай бæлæстæ кæрæдзимæ аууон лæвæрдтой. Фосы дзугтæ бæлæсты бынты ривæд кодтой. Миты хъæпæнау, урс æрттывтой. Гутонджынты зарæг дардмæ хъуыст, хуым кодтой, тындзыдтой.

Бæласы бынæй мæм, галуаны цы лæгимæ ныхас кодтон, уый сдзырдта:

— Рацу, хорз лæг, кæд минас кæныс.

Бацыдтæн æмæ йын салам радтон. йæ цуры мæ сбадын кодта. Уалынмæ гутонджынтæ æрæмбырд сты æмæ рæнхъ рабадтысты. Иу лæг сыстад æмæ ныхъхъæр кодта.

— Уæ, нæуæг царды къæбиц, цы и, цы нæ и, алцæппæт минас æркал нæ разы!

Бæласы бынæй зæрин фыр рацыд, йæ сыкъа йын сластой æмæ дзы алы минас скалд, сæ раз байдзаг и.

Фæминас кодтой, фæцæл кодтой, хæрд, нуæзт куы фесты, уæд та йын йæ сыкъа ныссагътой æмæ фыр бæласы бынмæ бафардæг. Адæм сыстадысты æмæ та хуым кæнын райдыдтой. Иуæрдæм хуым кодтой, иннæрдæм — таугæ. Иу хуым æвзæрди, иннæ — сыгхъæлæс, аннæ — кæрдиппæрд, кæрдынæн бæзгæ. Дис сыл фæкодтон.

Æз уыцы лæджы бафарстон: ацы адæм, галуаны кæй федтон, уыдон куы сты, уæд сæ чи рауагъта, ардæм кæцæй æрцыдысты, кæрæдзи дзырд куы нæ æмбæрстой, ныр иу æвзагæй куы дзурынц, уæд цы диссаг у?—загътон. Уый мын афтæ зæгъы:

— Арв снæрыди, мæлдзыджытæ сызмæлыдысты, галуан фехæлди, кæрæдзийы дзырд — ныхас базыдтой æмæ сæрибар царды быдыры хуым кæнынц. Зæхх къухы уонгæй баст æрцыд, уæлдай дзы нал ис. Цæрдтæ мæрдтæй хъауджыдæр нæй.

Уалынмæ хур аныгуылд æмæ уыцы лæг бæласы сæрæй ныхъхъæр кодта:

— Уаг уадзын афон у, суадзут кусæг фос, тæригъæд сты. Фидиуæджы хъæрæй фехъал дæн, ракастæн æмæ сбон и. Лæппутæ гутон ифтыгътой.

Бæргæ ма мæ фæндыди, дзæнæтон быдыры кусджытæм кæсын мæ фыны мидæг. Фæлæ галтæ сифтыгътой æмæ та иухъусыг гутон сым-сымгæнгæ зæххæй белтъытæ фæйлауын систа.


This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.