Фæранк æмæ гæды (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Фæранк æмæ гæды  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ФÆРАНК ÆМÆ ГÆДЫ


'Фæранк сау хъæды цуаны хатти,
Никæмæй тарсти — йæ хъару зыдта,
Йæ разы гæды къуылдымыл бадти,
Фæранк фæлæууыд, гæдымæ дзырдта:

— Уæххай Гъе! Ме 'рвад, дæй чысыл ныддæ!
Мах кондæй дæр иу, мыггагæй дæр уæд,
Фæлæ рагæй дæр хуыснæгыл зылдтæ,
Рагæй бæрæг у, гайлагау, рæуæд!

Рагæй нæ мыггаг худинаг кæныс,
Рагæй сахуыр дæ сæфты хуыснæгыл,
Рагæй сайæггæд аргъæуттæ кæныс,
Рагæй сахуыр дæ сæфты хуыссæгыл.

Цъынддзаст, сусæгæй кæрдзынтæ давыс,
Рагæй нæ кæныс нæ мыггаджы кой,
Æдзухæй артдзæсты фæныкыл бадыс,
Рагæй нæ лæууыс дæ хæстæджы 'нцой.

Рагæй бæргæ дæ хурхæй маринаг,
Ды куырмæй лæгæн йæ хæйттæ сайыс;
Бæргæ йын нæ дæ фрсæн даринаг,
Фæлæ дæ аргъæуттæй лæджы фæсайыс.

Уæд гæды сдзырдта: — Цы кæнон, ме 'рвад,
Æз лæджы къухмæ æнхъæлмæ кæсын,
Раджы фесæфтон ме 'рдынæн йæ фат,
Зымæг та цуаны уазалæй тæрсын!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse