Jump to content

Фæранк, гæды, арс æмæ бирæгъ (Гæдиаты)

From Wikisource
Фæранк, гæды, арс æмæ бирæгъ (1914)
by Гæдиаты Секъа
289441Фæранк, гæды, арс æмæ бирæгъ1914Гæдиаты Секъа


ФÆРАНК, ГÆДЫ, АРС ÆМÆ БИРÆГЪ


Раджы кæддæр фæранк æмæ гæды æрвад уыдысты.
Алыхатт кæрæдзимæ хуынды цыдысты.

Иу хатт дын бирæгъ гæдыимæ фæхыл, —
Нал æй уагъта зæххыл.

Гæды сниудта, схъæр кодта:
— Цы фæдæ, фæранк, бирæгъ мæ хæры,
Мæ бæстæй мæ тæры!

Фæранк гæдыйæн сæрхъызæг рауад:
—Æз дын мæнæ дæн, ма тæрс, ме 'рвад.

Фæранк бирæгъы сырдта,
Артау æй сыгъта.

Арс та бирæгъы сæрыл фæлæбурæг —
Сырдтæм загъд æрцыд:
Каерæдзи ныммур кодтой, ныллæхурæг:
Чи — æнæкъах, чи — æнæхъус,
Кæмæн йæ фындз хауд, —
Сæ туг лæсæнтæй уад.

Сырдтæ кæрæдзийæн фыдмитæ ныккодтой:
Чи — афæдз, чи — дыууæ, чи — æртæ басад,
Бæстæ та куыд уыд, афтæмæй баззад.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.