Jump to content

Фæндырдзæгъдæг (Гæдиаты)

From Wikisource
Фæндырдзæгъдæг (1911)
by Гæдиаты Секъа
289717Фæндырдзæгъдæг1911Гæдиаты Секъа


ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ


Æрцæгъд, æрцæгъд, фæндырдзæгъдæг,
Дæ фæндырæн — æртæ тæны;
Исты нын зæгъ ныры дугæй, —
Ай нæ рæстæг цытæ кæны?

Лæхстæ кæнæм æнахъазæй,
Нæ цæсты сыг, донау, кæлы.
Радзур нын уый, цы хуыздæр у:
Нæ сау зæрдæ куы фæсæлы.

Ма фæтæрс лæг, нæртон дæ кæд,
Дæ удæн та цы хицау ис?!
Радзур дзæбæх дæ зарджытæ —
Фыдæлты кад, ныры намыс.

Бамбарын кæн Ирыстонæн, —
Дзæбæх æрцæгъд дæ фæндыры,
Куыд æрвитынц сæ рæстæджы,
Гъе, сын сæ цард цы хъыгдары!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.