Фæдзæхсын (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Фæдзæхсын  (1906) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1906, Рауагъ аз: 1906. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ФÆДЗÆХСЫН


Фæстæгтæн æз фæдзæхсын
Мæгуыр ирон чиныджы.
Ма бауадзут рæмыхсын
Иры бындар иунæджы.

Уе 'вдæлон сахат иууыл
Рох ма кæнут ирон дзырд.
Кадджын фыдæлты риуыл
Ыскæндзыстут номы цырт.

Денджызы астæу нæ мыггаг
Куы фесæфа — тæссаг у.
Ма рох кæнут уæ хъуыддаг,
Хъуаджы бæх хæссаг у.

Мах фæкуыстам цыдæртæ,
Сау бындз галæн æмбалау,
Радтæд хуыцау æндæртæ,
Куыд рухс кæной цырагъау.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse