Уырд æмæ рувас (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Уырд æмæ рувас  (1914) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1914, Рауагъ аз: 1914. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


УЫРД ÆМÆ РУВАС


Æргомæй ызнаг уыдысты, сусæгæй — лымæн,
Кæсæгты нæрдтæ рувасæн бирæ фæхаста,
Рувас дæр æй бирæ уарзта.

Иу хатт кæсæгтæ уырдыл бахъаст кодтой судмæ.
Бахордта нæ, загътой, уырд, сæфы нæ мыггаг.
Равзарут нын нæ хъуыддаг.

Суд æрбадтысты тæрхоны: арс, бирæгъ æмæ зыгъарæг.
Рувас дæр семæ уыд — рæстдзинад æвзарæг.

Стæрхон кодтой уырдæн мæлæт,
Цы фæнды, дам, кæнæд.

Сауындзæм æй, загътой,
Йæ къæхтæ йын ысбастой.

Рувас уырдыг сыстад æмæ афтæ зæгъы:
— Мæлæт ын ницы 'фхæрд у ацы налатæн.

Æз уымæн хуыздæр æрхъуыды кодтон,
Ныры онг уымæн ницы ысдзырдтон:

Бавдæлæм æмæ йын йæ къæхтæ суадзæм
Æмæ йæ доны арфы ныппарæм.

Гъе, уый йын уыдзæн æфхæрд,
Мæлæт ын нæу æгъгъæд!

— Хорз, — загътой суды лæгтæ: —
Афтæ бакæнæм уæдæ.

Уырды доны ныппæрстой,
Фæлæ цы фæци, уымæн та цы 'мбæрстой.

Уырд доны куы смидæг,
Уæд æрбайсæфт йæ ризæг.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.