Jump to content

Уыг æмæ халон (Гæдиаты)

From Wikisource
Уыг æмæ халон (1905)
by Гæдиаты Секъа
289487Уыг æмæ халон1905Гæдиаты Секъа


УЫГ ÆМÆ ХАЛОН


Уыг рагон бæласæй
Халонмæ дзырдта
Къæмдзæстыг ныхасæй; —
Йæ зылын зыдта:

—Мæргътæ мыл æмвæнд
Ыскодтой фарон,
Ме 'фхæрд у æгъгъæд,
Зæсъын дын, халон.

Бон мæ нæ уадзынц
Æддæмæ кæсын,
Мæ сæр мын ныффадынц,
Састæй йæ хæссын.

Ысдзырдта йæм халон:
— Кодтай уæрирæ,
Ды мæргътæй хъалон
Фæистай бирæ.

Ныр дæр ма давыс
Æхсæв кæрчытæ,
Фыдæбонæй марыс
Зæххыл цæрджыты.

Дæ зæрдæ уыд сындзау,
Дæ хъуын та — фæлмæн:
Ныр уым ды, чындзау,
Æндад лæу, дæрмæн!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.