Jump to content

Усгуры хъынцъым (Хетæгкаты)

From Wikisource
Усгуры хъынцъым (1909)
by Хетæгкаты Къоста
290320Усгуры хъынцъым1909Хетæгкаты Къоста


УСГУРЫ ХЪЫНЦЪЫМ


     Мæ сæфт хуры хай,
     Дæргъæрфыг чызгай,
Куы нæ дæ федтаин, бæргæ!
     Дæ фидауц хъазтмæ,
     Дæ симгæ кафтмæ
Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!

     Дæ мидбылты худт,
     Дæргъæрфыг рæсугъд, –
Фæскъæвда хур бон у лæгæн.
     Дæ рухс цæстæнгас,
     Дæ рæвдыд ныхас
Мæгуырæн бирæ сты мæтæн.

     Куыд царæфтыд дæн –
     Цæмæн амбæлддæн
Дæуыл, мæ иунæг сæры бон!
     Цы ма кæндзынæн,
     Куыд ма цæрдзынæн
Æнæ дæу, амæддаг дын уон!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.