Jump to content

Уарзт (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
290355Уарзт1902Гуырдзыбеты Бласка


УАРЗТ


Мæ зæрди бунæй мæ инæфт
Хауй содзгæ мæ реуæй:
Нур бафæсмардтон мæ йиливд,
Æнæ хеуон мæ йеуæй...

Мæхе йескæдмæ иварзтон,
Фæууинунмæ хуæздæр цард,
Уомæй æз æнзтæ фæххастон
Уарзт, мæ зæрди арф æвард.

Рæвдудтон æй мæ меднимæр,
Сувæллонау, æгæр боц,
Æнгьæлгæй мæ зæруæн æ тар изæр
Исуодзæнæй æнæ хъонц...
Адтæй мин æ кой хуæрззæфцæ,
Йе 'римист — æнцойадæ;
Нæ кодта некæд æ бæрцæ
Мæнæн неке æ йадæ.

Нæ даудта мин мæ мæтъæли
Дуйней мæ каст нечи бон;
Фæсмардтон йе 'ной уæнгæли —
Йесун еомий мæ цæсгон.
Хуцау æма мæ нивæрзæн
Æнцæ мæнæн æвдесæн,
Куд цæштисуг, кижги хузæн,
Йе 'ной калдтон æз десæн.

Фал, гьенур уаржти мижди
Рун исширдтон фæливдæй,
Ка 'й мæ зæрди тад ижди
Мæ мæгури, иливдæй.

Мæ койаг, мæ уоди рæвдуд,
Æ сау зæрдæ æндæрæн
Скодта æгасæй æнæнгьуд
Фæди-фæдмæ æвæрæн.


1899 анз, майи 3 бон.


This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.