Уалдзæг (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Уалдзæг  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


УАЛДЗÆГ


1.
Мæнæ дын æрцыди уалдзæг.
Уалдзæг! Дæуыл цин кæнæм,
Ды нæм æрцыдтæ уазæг,
Цæй рæсугъд дæ, дис кæнæм.

Уалдзæг—адæмæн уарзон
Фæрыст нæ зæрдæ митæй.
Кæй дæ уарзæм, уый базон,
Нæ зæрдæ срухс дæ митæй.

Зæххыл кæрдæг цъæх кæны,
Быдыр байдзаг кæрдæгæй.
Фиййау фостæн цæхх кæны,
Фостæ хизынц хъæлдзæгæй.

Бадынц нæууыл мæгуыртæ,
Уазалы мæт сæ нал ис.
Хуыссынц хурмæ цæнкуылтæ, —
Хуыцау, фыд уарынæй бахиз!

2.
Фæндон æмæ уарзон рæстæг —
Нæ уалдзæджы бонтæ æхсæвтæ...
Нæ хохы, быдыры цъæх нæууыл
Куыд хæссæм æгасæй нæ сæртæ.

Цъæх дараес ыскодтой нæ фæзтæ,
Цæхсадта нæ сау хæхты уарын,
Æртахтысты мæргътæ нæ бæстæм,
Нæ бæлæстæй, цингæнгæ, зарынц.

Хъæлдзæгæй сæ бонтæ æрвитынцг
Нæ къуымтæй сæрибар быдырмæ,
Сæ уарзон сау хъæдтæм, сæ цурмæ
Сæ зарджытæй махмæ фæсидынц.

Нæ быдырты кæрдæг, фæйлаугæ,
Сæ зарæгæн дымгæ фæхъырны,
Нæ хæхты, нæ хъæдты сдаугæ,
Йæ сыф-сыфæй алкæй рæвдауы...

Уæд афæлгæс: уалдзæг цы скодта —
Ног цард та райдыдтой адæм,
Хуымгæнгæ, хуымрувгæ — сæ бонтæ,
Ысафтид сæ Ныхас, сæ бадæн.

Сæ уалдзыгон зарджытæ дардмæ —
Нæ хохмæ быдыртæй фæхъуысынц,
Куы кувынц сæ зæдтæм уæларвмæ,
Куы фудæлты кады фæмысынц.

Мæ зæрдæ нырризы сæ зардмæ,
Ныккувын-иу семæ æз дæр:
Радтут сын, зæдтæ, сæ цардæн, —
Цы сын у уæ зондæй хуыздæр.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse