Уагъылы (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Уагъылы  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


УАГЪЫЛЫ


— Ехх, — загъта уагъылы, —
Сырх-сырхид æрттивынц
Мæ дыргътæ дзæбæх,
Фæйнæрдæм æрзилынц
Къабæзтæ уæрæх.

Сæнæфсир йæ цуры
Æртасыд, æрзад,
Уагъылы йæм дзуры,
Сыстыдта йæ цард:

— Алаз дын дæ сæртæ
Лыг кæнынц, кæрдынц,
Быркуыты дæ сæнтæ
Æнхъизын кæнынц.

— Уæххай, гъе! — Сæнæфсир
Ысдзырдта мæстæй, —
Кæд сдæн дæ хуызæн, —
Фесæфон бæстæй.

Цас раттыс дæ дыргъæй,
Уыйас та гæбаз,
Ратоныс дæ тыхæй,
Мæгуыр лæджы фарс.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse