Тохы бон (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Тохы бон  (1927) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1927, Рауагъ аз: 1927. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
Тохы бон

Амондджын бон нæ райгуырди, æвæццæгæн, Додти. Йæ фыдæй йын ницы баззади рагъхæлд бæх æмæ рацъон фæрæты йеддæмæ, гъе уыдонæй куыста боныцъæхæй изæрмæ. Хуыцау хорз, æмæ æрдзæй фидар фæци, хæрзконд æмæ уæнгджын, хъаруйæ æххæст. Фæлæ йæхи йеддæмæ хæдзары кусæг нæ уыди, æмæ йæм цы муртæ хаудта, уыдон ничердæм æххæссыдысты.

Фæззыгон райдзаст райсом Додти самадта уæрдоны сугтæ. Аив амад, цæсты куыд ахадыдтаиккой, баифтыгъта дзы йæ рагъхæлд бæхы æмæ араст Дзæуджыхъæумæ. Сугты сæр бадти йæ 8-азыккон, хистæр лæппу, йæхæдæг та цыди уæрдоны фарсмæ — тæригъæд кодта бæхæн.

Базары сугæлхæнæгæй фылдæр цы уыди. Ауæй кодта Додти йæ сугтæ æртæ сомыл æмæ йæ хъуыддæгтæ аразыныл фæци. Хъуамæ балхæдтаид сапон, æндæхтæ, йæ лæппуйæн хæдойнаг, хъуамæ дыууæ-æртæ харбызы æмæ иу-дыууæ джиранкайы дзул дæр уæрдоны баппæрстаид æмæ фæстæмæ афойнадыл хæдзармæ æмбæлдаид. Рагæй дæр Додтимæ хорз нæ касти дзæгъæлы фæстиат кæнын.

Æрурæдта Додти иу чысыл магазины раз, — хъуымац дæр дзы уæй кодтой, алы лыстæг дзауматæ дæр. Лæппу уæрдоны мидæг бадти æмæ алырдæм фæлгæсыди, ныр йеддæмæ Дзæуджыхъæуы нæма уыди.

Райста Додти æртæ адылийы джиппæйфыст, дыууæ къæбæлы æндах, æртæ джиппы сапон æмæ ратта магазины хицаумæ йæ гæххæттын æртæ сомы. Фидын æй хъуыди æдæппæт фынддæс суарийы. Магазины хицау та йын æртæ сомæй фæстæмæ радаргъ кодта фондз суарийы.

— Уый мын цы дæттыс? — бадис кодта Додти.

Магазингæс фелвæста лагъзæй иу сом æмæ загъта:

— Куыд цы? Сом мæм раттай æмæ дæм фæстæмæ фондз суарийы цæуы.

Додти, йæхи æмбарын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ зыдта, паддзахы хицæуттæ сæхицæн хæсыл кæй нымайынц хæххон адæмы æфхæрын, зыдта, Кавказмæ цы уырыссæгтæ афты, уыдонæн дæр сæ хъæздгуытæ ахæм зондыл хæст кæй сты.

Додтийы зæрдыл æрбалæууыди, базаргæнджытæ дæр галиу митæ арæх кæй кæнынц, æмæ хъуыддаг хицæуттæм куы бацæуы, уæд кæддæриддæр растæй кæй баззайынц. Бамбæрста Додти, йе ’хца дзæгъæлы кæй сæфдзысты, æмæ йæ риу ссыгъди мæстæй. Йæ цæстытæ тартæ кодтой, ацы цъаммар базаргæнæгмæ кæсгæйæ, афтæмæй загъта, фырмæстæй ризгæ хъæлæсæй:

— Æз дæм раттон гæххæттын æртæ сомы æмæ, цы æмбæлы, уый æри фæстæмæ!

Магазины хицау йæ приказчикмæ бакасти æмæ загъта:

— Ацы гололобыймæ кæсыс? Афтæтæ кæнынц. Сыбырмæ сафинаг сты иууылдæр!

Гололобый цы у, уый Додти хорз не ’мбæрста æмæ ууыл мæсты нæ кодта, фæлæ Сыбыры кой бамбæрста æмæ æрдæг рæмыгъдтытæй загъта:

— Мæ хуызæтты нæ, фæлæ дæ хуызæн жуликты æрвитын хъæуы Сыбырмæ.

Магазины хицау, бурхил, тæнтъихæг лæг, æндæр ран дзурын дæр не суæндыдаид Додтийы хуызæн къамбец-лæгмæ, фæлæ ныр ам зыдта, æхцайæ дæр растæй кæй баззайдзæн, æнæуый дæр цы бакæна, хицæуттæ кæддæриддæр йæ фарс кæй уыдзысты. Додтийы дзыхæй жуличы кой куы схаудта, уæд уый къух дард фæхаста æмæ йын йæ æхсæрфарс ныццавта.

Уыцы цæфæй Додти змæлгæ дæр нæ фæкодта, фæлæ фырмæстæй йæ цæстытæ атартæ сты. Стойкæты сæрмæ ферттывта хъама. Додти фæхъуыды кодта, йæ хъама цæмдæр хыссæйау фæлмæны, куыд бацыди æмæ йæ къух хъамайы фистонимæ базаргæнæджы гуыбыныл куыд банцади. Зыдта Додти йæ хъамайы дæргъ, бамбæрста, фæсонтæй уыдисны бæрц кæй акасти, æмæ уымæй йæ зæрдæйыл аныдзæвди стыр æхсызгондзинад. Уый уыди иу секунд.

Дыккаг секунды Додтийы сæры, арвы æрттывдау, ауадысты мæты хъуыдытæ йæ бинонты, йæ æнахъом сывæллæтты тыххæй. Сыбырмæ йæ куы ахæссой, уæд уыдон цы кæндзысты æвæгæсæгæй?..

Лидзыны фæнд фегуырди йæ сæрымагъзы... Абырæг... абырæг... Уæд йæ бинонтæм дæр йæ цæст дардзæн, адонæй дæр йæ маст зæрдæйы фаг райсдзæн.

Приказчик фыццаг дзæбæх нæ бамбæрста хъуыддаг æмæ джихæй аззади. Ахæм хъæлæбатæй фылдæр цы хъуыста уый магазины, фæлæ ныр куы ауыдта лæджы афæлдæхгæ стойкæйы фæстæ, æмæ марæджы къухы тугæйдзаг хъама, уæд, йæхицæн дæр марынæй тæрсгæйæ, аппæрста йæхи фæстаг хатæнмæ, стæй кæртмæ, æмæ уырдыгæй айхъуысти йæ æрдиаджы хъæр:

— Фæдис!.. Абырджытæ! Марынц! Амардтой!

Додти ласт хъамаимæ уынгмæ куы рагæпп кодта, уæд ауад йæ хъустыл уыцы хъæр æмæ бамбæрста, зын кæй уыдзæн аирвæзын. Иу каст ма фæкодта уæрдоны ’рдæм æмæ ауыдта, йæ лæппу тарстхуызæй куыд фестади уæрдоны мидæг æмæ былысчъилæй куыд скуыдта...

«Цæй, сывæллоны исчи бахæццæ кæндзæн хæдзармæ»... Нымæт хъыгдардта Додтийы лидзгæйæ, фæлæ цы гæнæн уыди, æлвæст хъамайæ ауагъта йæхи базары кæрæтты. Базарæй куы рахицæн ис æмæ-иу нарæг уынджы куы фæмидæг ис, уæд иу каст фæкодта фæстæмæ æмæ федта: сурджытæ кæрæдзи фæдыл ныддаргъ сты, — базаргæнджытæ се ’мбалы фарс куыннæ рауадаиккой. Мæнæ йæм иу æрбахæццæ кæны, хъилыл бæрзонд хæцгæйæ.

Лидзы дарддæр. Къæхты хъæр æмæ уынæрæй бамбæрста: мæнæ йæ æрбаййæфта, мæнæ йыл хъилы цæф æруайдзæн. Иуварс аппæрста йæхи, æмæ хъилы цæф зæххыл æруади, цæвæг та размæ басхъиудта.

Дыууæ цæфы йын ныккодта Додти æмæ фæхъуыды кодта, уый фенгæйæ, иннæ хæстæгдæр сурджытæ се згъордæй кæй фæкъуылымпы сты.

Ирвæзыны ныфс фæтыхджындæр ис Додтийы зæрдæйы.

Лидзы дарддæр.

Нымæт... нымæт æй хъыгдары, уыййеддæмæ йæ бæргæ нæ раййафиккой.

Мæнæ та къæхты хъæр тыхджындæр кæны.

Хъуыстысты хъæртæ:

— Держите!

— Бейте эту собаку!

Фæкасти та Додти фæстæмæ: мæнæ йæ дыууæйæ æрбаййафынц, — иумæ дзы стыр лæдзæг. Уым Додтийы зæрдыл æрбалæууыди, сæ хъæуы-иу куыд мардтой æрра куыдзы, раст-иу афтæ ныййарц сты йæ фæдыл ныхæсты бадæг адæм, чи хъилимæ, чи дуримæ, чи æндæр ахæм истæимæ.

Мæнæ æрбахæццæ сты. Сæ улæфт сын хъусын байдыдта.

Йæ хъуыды, йæ тых ма цы уыдысты, уый æрбамбырд кодта Додти, аппæрста та йæхи иуварс. Лæдзæг кæмæ уыд, уый размæ куыд фæцæйирвæзти, афтæ йæ барæхуыста. Хъама та аныгъуылди арф, фæлæ Додтийæн йæхи галиу уæхскыл дæр æруади цæф. Уый фæстæ чи уыд, уый басхъиудта лæдзæгджыны мардыл æмæ йæ Додти фæрсырдыгæй бацавта.

«Цыппар баисты ацы тугцъиртæ», — бацин кодта Додти.

«Æй-джиди, — фегуырди йæ сæрымагъзы, — иу къорд ма дзы куы бафтид мæ къухы!»

Фæлæ мæнæ басасти йæ тых, базыдта йæ, кæй нал аирвæздзæн... Уæддæр та ауагъта йæхи дарддæр, фæзылди цæхгæрмæ уынджы. Бахæццæ ис йе ’мбисы онг, афтæ та йæ æрбаййæфтой. Кæй йæ æрбаййæфтой, уый базыдта Додти. Фæзилынмæ та хъавыди йæ хъама, фæлæ йын нал бантысти. Уæззау хъилы цæф æруади йæ сæры фахсыл æмæ рахиз цонгыл. Асхъиудта Додти размæ, афæлдæхти дæлгоммæ. Зæхмæ куы хауди, уæд ма иу хъуыды ферттывта йæ сæрымагъзы: «Нымæт мæ фесæфта, æппарын æй хъуыди!»

Уынджы æддаг тигъыл цы городовой лæууыди, уый февнæлдта йæ уасæнмæ, фæлæ, хæххоны кæй нæмынц, уый куы федта, уæд уасæн фæстæмæ æруагъта æмæ йæхи æндæрырдæм кæсæг скодта... Йæхæдæг дæр ын иу-дыууæ тъæппы бæргæ ныккæнид, фæлæ... городовойы дзаума йæ хъыгдары!

Додти куы ахауди, уæд ыл уым æрлæууыдысты, чи йæм куыд арæхсти, афтæ, — чи йæ лæдзæгæй цавта, чи — дурæй, чи та йæ къахæй тъæппытæ кодта.

Цæфимæ алы фыдæлгъыст хъуысти хæххон адæмыл:

— Ныццæгъдын хъæуы ацы куыйты иууылдæр!

— Фæсурын хъæуы ацы гололобыйты Сыбырмæ!

Додти ма дыууæ-æртæ хатты сыстыны змæлд скодта, фæлæ иу бурхил бæрзонд лæг, фырцинæй дæндæгтæ базыхъхъыр кæнгæйæ, стыр уираг дур æрбадавта, бæрзонд æй систа æмæ хорз æрхъавыди сæрмæ.

Дур батыдта сæры кæхц, æмæ магъз тугимæ хъулон адардта дуртыл.

Нæмджытæ ма фæстаг æлгъыстытæ скалдтой Додтийыл, чидæртæ ма йыл ныттутæ кодтой æмæ фæйнæрдæм айстой сæхи.

Уæд городовой зулмæ ракасти æмæ, лæг кæй нал змæлыди, адæм та кæй апырх сты, уый куы федта, уæд йæ уасæн сындæггай йæ дзыхмæ схаста æмæ фæдисы æхситт ныккодта.


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 96 years or less since publication (if applicable).