Тæригъæдджын (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Тæригъæдджын  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ТÆРИГЬÆДДЖЫН


Мæнгæрдтæ фæхордтон
Лæипуйæ нырмæ,
Къæрныхтæ фæкодтон
Гуыбыныл быргæ.

Лæгмарæй фæцардтæн,
Дывзагон куыдзау...
Зындонмæ мæ 'ппардзæн,
Зонын æй, хуыцау.

Мæгуыртæн тæригъæд
Нæ кодтон, лæгау,
Къæрныхæй мæ ирæд
Бафыстон — рæгъау.

Хуыцауæй нæ тарстæн,
Æфсæрм мæм нæ уыд.
Уæлæмæ нæ кастæн,
Фесæфтон мæ уд.

Бирæгъау, лæбурдтон
Адæммæ цаердæг,
Хуымгæнæн нæ зыдтон,
Хосгæрдæн фæззæг.

Ныр зæронд хæррæгъæй
Фæсмонæй мæлын.
Хаудзынæн цæхгæрæй
Зындонмæ, зæгъын...

Ыскуыдта йæхæдæг,
Йæ уатыл æрхауд.
Йæ цуры удхæссæг
Нывæрзæн æрбадт.

Йæ уд ын ысласта,
Хъыс-хъысгæнгæ, уæд,
Хуыцаумæ йæ схаста, —
Арфæгонд фæуæд.

— Акæнут æй, — загъта
Хуыцау, — дзæнæтмæ, —
Цæсты сыг æруагъта,
Куы цыд мæлæтмæ:

«Дæ фæстаг боны скъуыд,
Дæ цæсты сыгæй,
Фервæзтæ ныр, скъуыхт,
Зындоны сыгъдæй!»

Афтæ йæм ысдзырдта
Цытджын иу хуыцау...
Йе 'ргом æм фæзылдта:
«Цæугæ ныр, лæгау!»



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse