Сырдты парламент (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Сырдты парламент  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991
Сырдты парламент

(Уынаффæгæнæг парламент)

Стырæй, чысылæй иууылдæр сырдтæ хъораджын хохы æрæмбырд сты, хъæуыхицау равзарæм, зæгъгæ, загътой.

Зыгъарæг раздæр сырдтимæ йæхи фæлымæн кодта: домбайæн йæ къæхтæ астæрдта, арсæн йæ былтæ, бирæгъ æмæ лыстæг сырдтæн цыдæртæ адзырдта æмæ зыгъарæджы иууылдæр бауарзтой.

Хъæуыхицау æвзарынафон æрхæццæ, сырдтæ иууылдæр æмдзыхæй зыгъарæджы равзæрстой æмæ йæ хъæуыхицау скодтой. Уынаффæ райдыдта зыгъарæг, йæ хъуыддæгтæй иу къорд фæрæстмæ... Домбайæн стыр хай лæвæрдта, арсæн дæр афтæ, бирæгъ дæр хъуаг нæ зади, лыстæг сырдтыл та æввæрсгæ нал кодта. Хъуыр-хъуыр байдыдтой уæд лыстæг сырдтæ. Руварс загъта:

—Диссаг у, диссаг, нæ хъæуыхицау æнæ къæдзилæй цæй хъал ныцци, йæ сæр нæм дзурын дæр нал дары.

— Ау, æмæ йæ къæдзил кæм аскъуыд, уый нæ зоныс? — загъта сæлавыр.—Хъораджын бæрзондыл Сымайлиатæ къæппæг сарæзтой, раст тъæнджы мæйы зыгъарæгæн йæ къæдзил уым ныссалд.

Уалдзæджырдæм хуры тæвдæй их куы стæфсти, уæд зыгъарæгæн йæ къæдзил феуæгъд æмæ раирвæзт, фæлæ къæдзилæн йе 'рдæг уым баззад, æвæццæгæн, уымæн нервæсон кæны, загъта.

— Баууæнд мыл, — загъта ноджы сæлавыр, — хур куы нæ уыдаид, абон дæр ма Сымайлиаты къæппæджы мидæг ауыгъдæй лæууид.


This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.