Сырдты емынæ (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Сырдты емынæ  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


СЫРДТЫ ЕМЫНÆ


Сырдтыл емынæ сыстад,
Фæцæиыскъуыд сæ мыггаг.

Мæрдтæй нал зынди быдыр,
Загътой, «Нæ цард ысцыбыр!»

Фиййауæй нал хъуыст гæрах, —
Бирæгъ ысси куыд монах.

Рувас дæр сау ыс кодта,
Кæрчытæ дæр нæ хордта...

Домбай æрсидти сырдтæм:
— «Байхъусут-ма мæ дзырдтæм!»

Æрæмбырдысты сырдтæ,
Ракодта сын йæ дзырдтæ:

—«Хуыцауæй зæрдæхудт фестæм,
Хур дæр нал кæсы нæ бæстæм;

Радзурæм ныр æмхуызон, —
Ацы низ у нæхи 'фсон;

Нæ тæригъæдтæ зæгъæм,
Мах уый тыххæй ызгъæлæм.

— Уый æфсон у ацы низ, —
Тæригъæдджынтæ нæм ис...

Фæндон-барæй нывондæн
Йæхи æрхæссæд бæрзондæн!

Кæд нæм хуыцау фæхудид
Æмæ нын нæ низ фæсурид.

О, æз дæр раст нæ дæн, —
Фысты давыны фæдæн».

Сырдтæ 'мхуызон сдзырдтой,
Сыгьдæджытæй йæ ысхуыдтой:

— «О, нæ паддзах, уый ма зæгъ, —
Хуыцау радтæд дæ хорзæх...

Æгайтма фысты хæрыс,
Уый сын кад у æмæ намыс!..

Мах дæр фестæм ахæм ран,
Загътам-иу: «Ныр цы ахæрæм!»

Уый тæригъæдыл хыгъд нæу, —
Сæныкк ахордтай, гъе, цæу!..

Гал дæр бацыд сæ цурмæ, —
Йае дзых ысдардта хурмæ:

— «Хур — ме 'вдисæн, мæ уынæг, -
Иу хатт мæ уд фæуынгæг!..

Иу фондз азы раздæр уыд,
Æххормаг аз бæстыл уыд.

Куы нал ардтон хæринаг,
Уæд дын ысдæн мæлинаг;

Ысцыбæл дæн, ысмондаг,
Сауджыны хосæй комдзаг

Æз ахордтон, уый зонын, —
Мæхи уын раст нæ хонын...»

Сырдтæ æмхуызон ысдзырдтой:
Тæригъæдджын æй ысхуыдтой.

— «Цæмæн хордтай искæй хос,
Тæригъæд у искæй фос!..»

Сæ быны йæ рафсæрстой,
Галы дын уым раргæвстой...

Адæмæй чи у æнцаддæр, —
Уый — аххосджын, æнкъарддæр.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse