Jump to content

Сидзæр лæппуйы фыс æмæ бирæгътæ (Гæдиаты)

From Wikisource
Сидзæр лæппуйы фыс æмæ бирæгътæ (1914)
by Гæдиаты Секъа
289513Сидзæр лæппуйы фыс æмæ бирæгътæ1914Гæдиаты Секъа


СИДЗÆР ЛÆППУЙЫ ФЫС ÆМÆ БИРÆГЪТÆ


Сидзæр лæппуйы фысыл æртæ бирæгъы æрæмбырд
          Æмæ йæ тыдтой.
Æзхуыздæронæй — алчи йæхирдæм.
          Тындзыдтой.
Изæры афтидæй æрцыд.
          — Дæ фыс цы фæци? — загъта,
Йæ мад æм хæцыд.
—Æртæ бирæгъы йæ ныттыдтой, —
          Лæппу йæ мадæн загъта. —
Дыууæ бирæгъы æддæрдæм хæцыд,
          Æртыккаг — ме 'рдæм ласта.
— Нæ, Нана дæ фæхъхъау фæуа! —
          Мад йæ лæппуйæн загъта. —
Алчи дæр дзы йæхирдæм хæцыд.
Де 'рдæм дзы иу дæр нæ ласта.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.