Jump to content

Саудари бон (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
Саудари бон (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290362Саудари бон1902Гуырдзыбеты Бласка


САУДАРИ БОН


Ма йин кæнæ æ сагъæс —
Йервæздзæнæй мæлæтæй,
Цалдæн уон ин æгас æз,
Уалдæн мæ мæтæ'й!..
Чи дин кодтон, чи, мæ теу,
Нурмæ дин ку бæзтæн?
Игон уогæй дин мæ реу,
Сау кушти ку лæстæн?

Уосæ ку дæн, чи кодтон,
Косунмæ æдзохæй!..
Ку нæбал дæн кустгъон
Кæрджинбæл рист къохæй!

Зуст дзурдæй мæ æфхуæри
Феронх дæ тæрегъæд;
Нæ мин хинчи мæ сæри —
Хуцау дæ фагæ уæд!
Де 'рвадæй мин сувæллон
Байзадæй ихæши;
Скодтон мæхе æ хъалон,
Ниббадгæй дæ къæши.

Ду ба 'й нæ кæни, мæ теу,
Уæхецæн нимæджи,
Уогæй муггагæй къалеу,
Хæссуйнаг ма 'й, æвæджи!..

Май ин кæнæ æ сагъæс-
Йервæздзæнæй мæтæлæй,
Цалдæн уон ин æгас æз
Уалдæн мæ мæтæ й!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.