Саударæг ус (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Саударæг ус  (1913) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1913, Рауагъ аз: 1913. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991
САУДАРÆГ УС

Кавказы хохæн йæ астæу алыг кодта Хъуды комы нарæг. Йæ фæрсты, уæйгуытау, бадынц стыр бæрзонд гæмæх хæхтæ, алырдæм фидар цæстæнгас дæттынц. Хуссарцæгæттæ, къуырфбын лæнчытæ дидинæгæй алы хъулон хуыз æвдисынц, сæ хорз тæфæй, сæ рæсугъд уындæй лæджы зæрдæ рухс кæны. Урссæр къæ.дзæхтæ хуры скастæй, æвзистау, æрттивынц. Сау суадæттæ хæлхæлгæнгæ денджызмæ тындзынц. Нард фосы дзугтæ, миты хъæпæнтау, урсурсид дарынц. Ацы дзæнæтон бæстыл фæцæйцæугæйæ, лæджы зæрдæ афтæ схорз вæййы, æмæ арвы милтыл йæхи асæрфы. Фæлæ сæрд афтæ хорз куыд у, уыйас та зымæг талынг зындон цæрæн у. Хицæнæй Хъуды комы зымæг мит фылдæр уары, уый тыххæй, æмæ цæгатфарс тымыгъ Кавказы хохы сæрты миты хьæпæнтæ, ингæнмæ калæгау, фæкалы. Нарæг кæмтты уæлхох фæзты мит лæджы æмбæрц ныууары.

Раст Хъуды комы, Арагуийы доны фарс, иу рæсугъд уæлхох фæзы царди дыууæ ’фсымæры — Таджи æмæ Дзама. Дыууæ дæр æнæзæнæг уыдысты, фæлæ сæ хъæздыгдзинадæй æмæ рæдау, кæрдзындæттонæй хохы дыууæ фарсы адæмыл сæ хорзы кой айхъуысти. Кæддæриддæр адон бæлццон цæуджытæн хъæлдзæг æмæ рæдау фысым уыдысты. Адæм сын бирæ фæкуывтой хуыцаумæ, майрæммæ зæнæджы тыххæй, фæлæ уыцы куывтытæ агнæахъазæй баззадысты — Таджи æмæ Дзамайæн зæнæг нæ райтуырди æмæ кæддæриддæр сæ цард æнкъардæй æрвыстой.

Гуырдзыстон Уырысимæ баиукæныны рæстæджы æвзæр стонг азтæ скодта. Хор нал æрзад. Бæстæ бахуси. Адæм сыдæй мардысты, фыццаг сæ хæзнатæ фæуæй кодтой — топп йедзаг хорыл, кард йæ кæрддзæмы дзагыл, уый фæстæ сæ зæнæджы райдыдтой уæй кæнын (Мæ фыды фыд Залиа уыцы рæстæджы иу чызг балхæдта æртæ сысчыйы мæртæй, йæ ном хуынди Майæ. — Автор).

Æрæгвæззæг уыдис æмæ арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Цæгат фарсы миты уазал йæ нысæнттæ равдыста, Сау мигъты тымбылтæ хохæйхохмæ лиуырдтой. Адæмы зæрдæ тынгдæр æрæнкъард, æрмæгуыр, хъуыдытæ æвзарæны цыдæр саумигъ æндæрг абадт, зæрдæ цыдæр зындоны цардмæ æнхъæлмæ касти, саутар, сау мылазон æхсæвидар дзы йæ ныхтæ ныссагъта, æмæ кæдæм аирвæзтаид, уымæн фæрæз нæ зыдта.

Раст Косетмæ хæстæг, Арагуийы доны фарс, иу къуыбырыл цард Арагуийы æлдар. Иу бон æлдарæн йæ ус афтæ зæгъы:

— Лæгай, зымæг æрцæуы æмæ цы хæрдзыстæм, уый нæ зонын, иу мæрты дзаг нæм хор нæй, нæ хæзнатæ фæуæй кодтам, ницыуал нæм ис, нæ цагъартæй дæр хор, фос никæмæ ис, цы ма сæ райсæм? Фыдæлты æмбисонд афтæ у: «уæрдон, дам, дын суг куы нæ ласа, уæд, дам, дын йæхæдæг суг у». Уæртæ Глахайы чызг æмæ лæппуйы ахæсс æмæ сæ искуы хорыл ауæй кæн.

Æлдар уæлдай ницыуал загъта æмæ йæ усы дзырдыл сразы æмæ дыккаг бонмæ сæмгъуыд кодтой.

Æхсæвы уазал дуг скодта. Мит фæлдзæгъдæг хъæпæнтæ æвæрдта. Цæгатфарсы миты уазал йæхи хæстæгæйхæстæгдæр ласта, кæд ма Кавказы хъæбатыр хæхтæ урæдтой, уæддæр сæ сæрты лиуырдта æмæ сау мигъы тымбылтæй дзæнæтон лæнчытæ æмбæрзта. Адæм дис кодтой, «ахæм фыдуазал, фыддуг никуы федтам» дзырдтой.

Иу мæгуыр ус æмæ лæг — Глаха æмæ Марта, зæгъгæ, уыцы æлдары фарсмæ цардысты. Æхсæвы, хæдзары, арты фарсмæ, нымæты зæронд сæ быны, хъисын пæлæз сæ уæлæ, æрхуыссыдысты. Сæ сывæллæтты — чызг æмæ лæппу — сæ астæу бакодтой æмæ сын аргъæуттæ кодтой, цæмæй се стонг ферох кодтаиккой. Фæлæ стонг æмæ уазалæй бирæгъ дæр тæрсы, нæ фынæй кодтой, куыдтой, кæрдзын агуырдтой, маст æмæ стонгыл тых хуыссæг кæм нæу æрæджиау банцадысты, бафынæй сты.

Дыккаг райсом хъарм хурбон скодта. Дунейы рæвдауæг хурзæрин хохмæ тын анывæзта. Къæдзæхтæ, сыгъзæринау, сæрттывтой. Заехх бахъарм. Мæргътæ зарын байдыдтой. Адæм хурмæ рацыдысты. Глаха дæр йæ хæдзары дуармæ йæ ус æмæ сывæллæттимæ бадти, хурмæ сæхи тавтой, æхсæвы уазалы æфхæрддзинад сæ зæрдыл лæууыд, æмæ хур сфæлдисæг хуыцауæн арфæ кодтой.

Æвиппайды сæ разы æрбалæууыд æлдары лæгмоурау æмæ сын афтæ зæгъы:

— Уæ сывæллæтты уын æлдар йæхимæ куры. Глаха æмæ йæ ус æрвдзæфтау фесты, ницыуал базыдтой, мæстæй сæ зæрдæ сыгъд æмæ æрдæг æууылдтытæй афтæ зæ гъынц:

— Цымæ æлдар нæ сывæллæттæй цы кæны? Æлдары лæг йæ сины сæрыл фæхæцыд æмæ сыл фæхъæр кодта:

— Уый мæ хъуыддаг нæу, цы сæ кæна, уый йæхи бар у. — Чызг æмæ лæппуйæн сæ къухтыл фæхæцыд æмæ сæ æлдармæ акодта.

Чызгыл цыдаид авд азы, лæппуйыл та фараст, йе дæс азы. Бæстæ кæуын, хъæр сси. Глаха æмæ йæ усы кæуынæй, сывæллæтты цъæхахстæй къæдзæхтæ арыдтой, зæхх æнкъуысти, мæгуыр адæмы зæрдæ тъæппытæ хаудта, фæлæ сын фарсдар, сæрхъызæг рауайæг кæй бон уыди, æмæ алчи йæ мæгуыр сæйæны ныссади.

Глаха æмæ йæ ус сæ сывæллæтты фæдыл æлдары хæдзары дуармæ кæугæ бацыдысты æмæ сæ зонгуытыл æрхаудтой. Æлдар уæладзыгæй ракасти æмæ афтæ зæгъы:

— Атæрут уыцы хæрджыты, сæ хъæр сын куыд нæ хъусон, афтæ.

Глаха æмæ йæ усы æлдары лæгтæ, гуыппытæгæнгæ, кæрты дуарæн федде кодтой.

Глаха æмæ йæ ус кæугæ æмхасæн æлгъитгæ рацыдысты. Æлдар сæ кæцæйдæр фехъуыста æмæ схъæр кодта:

— Хосро, Хосро, — зæгъгæ.

Хосро йæ размæ æрбауад — иу рæсыдгуыбын лæг, æмæ йын афтæ зæгъы:

— Зæгъ лæппутæн, æмæ уæртæ уыцы дыууæ зæрондæн надæй сæ царм куыд растигъой, афтæ.

Хосро лæппутæм фæдзырдта æмæ æцæг дыууæ зæрондæн надæй сæ царм растыгътой, сæ буар цъæх тæппал сси. Ус куыддæр йæ хæдзармæ бахæццæ, афтæ йæ уд систа, фæмарди. Мæгуыртæ æрæмбырд сты, Глахайæн йæхи хуызæттæ, фæкуыдтой тæригъæдтаг мардыл, се ’намонд дугыл æмæ йæ баныгæдтой. Глаха дæр йæ усы фæстæ бирæ нал ацард, уый дæр амарди.

Глахайæн йæ усы цы бон ныгæдтой, раст уыцы бон æлдар дыууæ сывæллоны, хордзенты мидæг, бæхыл йæ фæсарц ахаста уæймæ. Сæ ныййарæг мадыл кæугæ, дзыназгæйæ, чызг æмæ лæппуйæн бæхы фæрстыл сæ цæстысыг лæсæнтæ уади, фæлæ уæддæр æлдары зæрдæ цъæх уираг дурæй хъауджыдæр фæлмæн кæкын нæ бакуымдта. Дур батадаид, къæдзæх бадон уыдаид, цæстысыг фестадаид уыдон кæуын, дзыназынмæ, фæлæ уæддæр æлдары зæрдæмæ æрдуйыйас фæлмæндзинад не ’рцыд.

Хур фæцæйныгуылди, хæхтæн ма йæ сыгъзæрин тынтæй фæстаг хатт салам лæвæрдта, æризæрис, æвæццæгæн, æмæ хур дæр уыдон тæригъæдмæ кæсын нал фæрæзта æмæ йæ бынатмæ тындзыдта, афтæ æлдар Таджийы хæдзары дуармæ бахæццæ æмæ салам радта хæдзары хицауæн:

— Де зæр хорз уæд, Таджи, — зæгъгæ. Таджи дæр йæ рады арфæ ракодта:

— Хорзæй цæрай æмæ нæм æгас цу!

Уазæджы бæхæй æрхизын кодтой, сывæллæтты дæр æрисой бæхæй æмæ сæ хæдзармæ бакодтой.

Таджи æмæ æлдар арты фарсмæ бандоныл æрбадтысты. Таджи æмæ Дзамайы æнæзæнæг дыууæ усы сывæллæттыл цинтæ, мондæгтæ кодтой, рæвдыдтой сæ æмæ сæ кæуынæй банцадысты, фæлæ ма уæддæр кæуынхæкъуырццæг кодтой.

Æлдарæн нæл фыс аргæвстой, уæларт нард нæл фысыфыд фыхт. Стыр арт фæйлауæнтæ кодта. Таджийы ус æфсинад райдыдта, хæбизджынтæ фырдзадæджынæй улæфыдысты. Æхсæвæр сцæттæ æмæ фынг æрæвæрдтой — хæрд, нозт бирæ. Цæмæйдæриддæр Таджи хъæздыг царди: дойныйæн бæгæны нуæзта» зæрдæрухсæн та — арахъхъ. Бæрц бинонтæ æмæ зæхджын лæг, хор сæм зæрондæйзæрондмæ зад. Фæминас кодтой, фæцæл кодтой.

Гаджидау гаджидауы сæрты хызт. Хæрд фесты æмæ сæ фынг систой. Уæды онг Таджи æлдары нæ бафарста, цæвиттон, афтæ уыд Таджийæн йе 'гъдау, цалынмæиу уазæгæн кæрдзын бахæрын кодта, уалынмæиу æй хабарæй нæ фарста. Ныр йæ рæстæг куы ’рцыд, кæрдзын куы бахордтой, уæд æлдарæн афтæ зæгъы:

— Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ кæдæм цæуыс, ацы сывæллæтты кæдæм кæныс?

Æллар йæ рихи аздыхта æмæ афтæ зæгъы:

— Хор уæййаг агурын, мæ цагъартæ смæгуыр сты, ницыуал сæм ис, цы сæ райсон æмæ ацы дыууæ уацайраджы хорыл уæймæ рахастон, — загъта.

Таджи æмæ æлдар чызг æмæ лæппуйы аргъыл дзурын райдыдтой. Бирæ радзурбадзур фæкодтой, Таджи чысыл лæвæрдта, æлдар та бирæ агуырдта. Æрæджиау бафидыдтой дæс мæрты хорыл, аныхæстæ ма кодтой æмæ схуыссыдысты. Дыккаг бон раджы сыстадысты, сæхи цæхсадтой. Хæрд, нуæзт та йын сцæттæ кодтой, хорз та йæ федтой, стыр къутуйæ йын хор сæвгæдтой, дæс мæрты йын сбарстой, æмæ æлдар йæ хæдзармæ ацыди. Чызг æмæ лæппу Таджи æмæ Дзамайæн баззадысты.

Таджи Дзамайæн бар бауагъта, чызг æмæ лæппуйæ иу Таджийы номыл куыд уыдаид, иннæ та Дзамайы номыл, афтæ. Дзама йæхицæн лæппуйы райста, чызджы та Таджи йæ номыл хаста. Таджи чызг æмæ лæппуйыл нæмттæ сæвæрдта: Гуырдзыхан æмæ Гуырдзыбег.

Чызг æмæ лæппу дзæвгар афонты мысыдысты, сæ ныййарæг мад æмæ фыды нæ рох кодтой. Фæлæ рæвдауаг æмæ фæлмæн æнæ ныййаргæ мадæлты узæлынрæвдауынæй Гуырдзыхан æмæ Гуырдзыбег тагъд ферох кодтой гуырдзиаг æвзаг æмæ сæ ныййарæг мад æмæ фыды дæр.

Лаеджы зæрдæ царды асинтыл уæлæмæ хизы, йæхи уæлвонг сисы æмæ арвы милтыл йæхи асæрфы, бæрзондæй рафæлгæсы, цайргæсау, дунейы рæсугъддзинæдтæ йæ разы тыбартыбыр кæнынц, цард æм йæ мидбылты худы сауæрфыг чызгау, фæлæ уыдон иу цæсты ныкъуылдмæ сты. Гуырдзыбегыл ацыдаид фынддæсæхсæрдæс азы, афтæ фиййау цæуын райдыдта. Таджи аемæ Дзама сæхи æнæзæнæг нал хуыдтой. Каеддаериддæр сæ хаедзарæй зарыны хъæр хъуысти.

Иу сæрдыгон бон Гуырдзыбег йæ фос сæрвæтæй сæухиз дудынмæ æртардта. Гуырдзыхан æмæ Гуырдзыбег дæр устытимæ кæрты фос дыгътой, Дзама та хæдзары уæлувадыл бадтис æмæ топп сæрфта, фосдуцджытимæ хъазыди, йæ фос, йæ бинонты уындæй йæ зæрдæ рухс кодта, æвиппайды топп фæдзæгъæл, гæрах, Æмæ Гуырдзыбег æхсыры къæртайы размæ басхъиудта. Гуырдзыбегæн нæмыг раст йæ ныхы стæгыл сæмбæлди æмæ иннæрдыгæй магъзы фæрчытæ атыдта. Устытæ йыл амбырд сты, Дзама дæр нызгьордта, фæлæ ма Гуырдзыбег æртæ хатты йæ гæндзæхтæ ацагьта æмæ йæ уд систа. Дзама фæстæмæ фæзылд æмæ хæдзары смидæг, топп аивтыгъта æмæ йæ уый дæр йæхиуыл ныциавта æмæ хæдзары астæу уæлгоммæ бахаудта.

Бæстæ кæуынæрдиагæй хъæр сси. Устытæ сæ рустæ ныттыдтой, кæрæдзийы сæры хъуын бындзыггай истой. Адæм сыл æрæмбырд сты, сæ тæригъæдæй уыдон дæр куыдтой, дзынæзтой. Таджи уым нæ уыди, уыгæрдæнтæ сгарæг ацыд, хосгæрдæн æрæввахс æмæ уыгæрдæнтæ бæрæг кодта. Таджимæ дæр хъæргæнæг арвыстой æмæ уый дæр æрцыд. Алчидæр зоны, уый дæр цы кодтаид, уый.

Таджи зæппадз самайын кодта. Æртæ бонмæ зæппадз сцæттæ ис, Дыууæ галы хæрнæгæн аргæвста, æртæ комы æрхуыдта. Адæм сыл фæкуыдтой, фæхъыг кодтой, Гуырдзыбег æмæ Дзатлайы зæппадзы сæвæрдтой, «рухсаг ут, рухсаг» загътой æмæ раздæхтысты. Адæм хæрнæг бахордтой æмæ алчи йæ хæдзармæ яцыд. Æрмæст ма хæдзарæй хъуыстис Дзамайы усы хъарджытæ.

Афонтæ цыдысты, рæстæг ивта. Таджи дæр йæ мæстытæ, йæ зиæнттæ ферох кодта, æмæ та цард йе ’гъдауыл хæтын райдыдта.

Раст Терчы доны фарс иу хуссар рæбыны царди æртæ ’феымæры, сæ кæсдæр джиргол, зæгъгæ. Уыдон дæр æнæзæнæг уыдысты. Иу уалдзыгон бон джиргол Таджимæ æрцыд. Таджи хæдзары дуармае бадт æмæ йын джиргол салам радта:

— Дæ бонтæ хорз уæнт!

— Хорзæй цæрай, лæппу, хорзæй цæрай! Цæвиттон, уыцы рæстæджы зæронд адэем лæппутæм сæ номæй нæ дзырдтой.

— Цом, мæ хур, хæдзармæ, кæрдзын ахæр, бæлццон дæ æмæ дын стонг уыдзæн.

джиргол арфæ ракодта, фæлæ йæ Таджимæ хъуыддаг кæй уыд, уый тыххæй дарддæр ницыуал загъта æмæ хæдзармæ бацыдысты.

Раст сихорафон уыд æмæ сын Гуырдзыхан фынг рахаста, хæрд, нуæзт æмæ минас кæнын райдыдтой. Гуырдзыхан сæ разы уырдыг лæууыд æмæ сын арахъхъ лæвæрдта. Гуырдзыхан æмæ джиргол кæрæдзи куы федтой, уæд кæрæдзийы уарзондзинадæй сæ зæрдæ ссыгъди, цыма сын сæ зæрдæ тæвд æфсæйнаг тæлы æрбалхъывта, иу дзырд дæр сæ бон нал уыди.

Уарзондзинады тых афтæ у, æмæ дыууæ уарзоны кæрæдзи куы фенынц, уæд сæ бон сдзурын нал вæййы, кæд бирæ кæрæдзийæн ныхас кæнинаг вæййынц, уæддæр. Зæрдæйы уарзондзинады хыз æрцахсы, хурхы уадындзтæ адымсынц, зæрдæ къултыл йæхи хойын сисы, цалынмæ йæ рæстæджы дæргъдзинад æрынцайын кæны, уалынмæ. Ахæм дуг уыд джиргол æмæ Гуырдзыханыл дæр. Куыддæртæй хæрд фесты æмæ сын Гуырдзыхан сæ фынг систа. Уыцы бонæй фæстæмæ джиргол æмæ Гуырдзыхан кæрæдзи уарзондзинадæй, артау, сыгъдысты, пиллон уагътой.

Уæлдæр куыд загътон, уымæ гæсгæ, Таджи цалынмæ уазæгæн кæрдзын бахæрын кодтаид, уалынмæиу æй хабарæй нæ фарста, ныр кæрдзын хæрд куы фесты уæд ын афтæ зæгъы:

— Лæппу, цы хъуыддаг, цы хабар дæм ис?

— Ницы, фосхизæн æфцæг æххуырсынмæ дæм æрбацыдтæн, — къæмдзæстыггомау загъта.

Таджи æмæ джиргол фондзыссæдз фысæн иу фыс хизæггагыл бафидыдтой æмæ джиргол йæ хæдзармæ ацыд.

Ралæууыд уалдзæг. Зæхх арт фестад, бæстæ змæлæг ссис. Цард йæ мидбылты худти. Зæрдæ фаг сулæфыд. джиргол дæр йæ фос Таджийы бæстæм æртардта, иу рæсугъд рæбынауы дарæн æрцарæзта æмæ йæ фос хизын райдыдта. Таджи дæр йæ фос джирголы фосимæ схæццæ кодта æмæ иумæ хызтой. Гуырдзыхан алы сæухиз афон уæтæрмæ фос дуцынмæ цыд, æмæиу йæ зæрдæ сусæг уарзондзинады цæхæрæй судзгæ æрцыд.

Иу бон та Гуырдзыхан фос дуцынмæ ссыд æмæ йын джиргол афтæ зæгъы:

— Чызгай, æппын мын тæригъæд нæ кæныс? Дæ уарзондзинадæй мæ зæрдæ сфыхт, сфизонæг. Нал фæразын. Уæд та мæ маргæ куы акæнис! А мæ дамбаца дын æмæ мыл æй цæв. — Æмæ йæм йæ дамбаца бадардта. Чызджы фæлмæн зæрдæйæн ма уыцы иу ныхас хъуыд, æмæ атыппыр, адæнгæл. Уарзондзинадæй хурхы уадындзтæ арæсыдысты æмæ джирголы хъæбысмæ æнæдзургæ йæхи баппæрста. Бæстæ фæхъуси, фæсабыр. Дыууæ дзыхы кæрæдзийыл сасмау андæгъдысты, афтæмæй бирæ, тынг бирæ генцад алæууыдысты, стæй фосы фарсмæ цъæх сгæллады хуызæн кæрдæгыл бахаудтой, фосы æмбис æнæдыгъдæй баззад, афгæмæй хизæнуатмæ дзæгъæл ацыдысты. Хуыцау зоны, кæдмае фæбадтаиккой уыцы ран, æндæр фиййау сын се ’нцойдзинад куы нæ фехæлдтаид, уæд Фиййау къуыбырæй ныхъхъæр кодта, «джиргол, дæ фос дзæгъæлы фæцæуынц», зæгъгæ. Фиййауы хъæрмæ фестадысты, джиргол йæ фосмæ ацыд, Гуырдзыхан та — йæ хæдзармæ. Уыцы бонæй фæстæмæ уыдонмæ дыууæ зæрдæйы нал уыди, фæлæ сæ зæрдæтæ уарзондзинады сасмæй баныхæстыты, баиу сты æмæ се 'хсæн æмбæхст ницыуал уыди. Дзырд бакодтой, куыд уыдон ус æмæ лæг уыдзысты, кæрæдзи нал фæсайдзысты, ууыл сомы бакодтой, ард бахордтой.

Æрæгвæззæг æрцыд. Арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Хохы цыргъытыл мит æрхæцыд. Цæгат фарсы тымыгъ риуыгътыта? систа, æфцæгæйæфцæгмæ сау мигъы тымбылтæ хаста. Дзæнæтон хæхбæстæй мæргъты зарын нал хъуыст — хъарм бæстæм атахтысты. джиргол дæр йæ фос йæ хæдзармæ атардта.

Нæ хæхты зымæг цух нæ уадзы, мит æруарыд, æрæхгæдта, зæххæй сауы къуыбыр нал фæзынд. Гуырдзыхан мæллæг кæнын райдыдта, уæды онг бинонты хъазæн хъул, ныр йæ дзыхæй дзырд нал хауы, нынкъард, ныффæлурс. Иæ хъуыдытæ иууылдæр джирголы уарзондзинады хызы ахст фесты æмæ æдзухæй Арвы комы нарæгмæ каст джирголы фæстæ.

джиргол дæр цолайæцоладæр кодта, йæ фос ныууагъта> хæдзармæ йæ хъус нал дардта, йе ’фсымæртæн буцтæ кодта, ус ын æрæгмæ кæй куырдтой, уый тыххæй. джирголæн йе ’фсымæртæ хъуыддаг тагъд бамбæрстой æмæ йын ус курын фæнд скодтой.

Уалдзæг æрцыд. Зæхх сулæфыд. Бæлæстæ сыфтæр æфтыдтой. Æрнæджытæ дидинæгæй алы хъулон хуыз равдыстой, сæ хорз гæфæй лæджы зæрдæ рухс кодта. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ йын бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой. Мæргътæ сæрибар зарджытæ кодтой. Уазал зымæг æфхæрд фосы дзугтæ кæрдæгæфсæстæй сынæр цагътой. Иудзырдæй, бæстæ хуыссæгæй райхъал æмæ бæрæгбон кодта.

Иу бон джирголы хистæр æфсымæр Бицикъо афтæ зæгъы:

— Цом, æз Таджимæ цæуын, æмæ йын йæ чызджы джиргонæн усæн ракурæм.

Бинонтæ иууылдæр сразы сты. Бицикъо йæ лæдзæг райста æмæ ацыд.

Раст хур фæцæйныгуылд, афтæ Гаджийы хæдзармæ бахæццæ æмæ салам радта хæдзары хицауæн:

— Дæ изæртæ хорз уæнт, Таджи.

— Хорзæй цæрай, Бицикъо, æмæ æгас цу!

Æгъдаумæ гæсгæ аныхæстæ кодтой, кæрæдзи афарстой æмæ хæдзармæ бацыдысты, бандоныл æрбадтысты æмæ ныхас кæнын райдыдтой: рæстæджы тыххæй, кæрдæджы, фосы тыххæй. Уалынмæ æхсæвæр сцæттæ. Гуырдзыхан фынг рахаста æмæ сын æй сæ разы авæрдта. Чызг сæ разы уырдыг лæууыд æмæ сын нуæзт лæвæрдта. Таджи æмæ Бицикъо цæрæнбонты гаджидаутæ нуазын райдыдтой. Хорз куы банозтджын сты, уæд Бицикъо чызг курын æрæмысыд. Гуырдзыхан цайдан фынджы раз авæрдта æмæ кæмдæр амбæхсти.

Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Таджи сразы ис æмæ йæ чызджы джирголæн усæн радта. Ирæды тыххæй бирæ нæ фæдзырдтой. Бицикъо алцæуыл дæр разы уыд æмæ дæс æмæ дыууиссæдз хъугыл бафидыдтой. Бицикъо дард æмгъуыд не скодта, фæлæ къуырийы фæстæ Таджи ирæд исынмæ куыд æрцыдаид, афтæ. Куыд загътой, афтæ сæ хъуыддаг дæр скодтой. Таджи къуырийы фæстæ ирæд райста æмæ дыууæ уарзонæн сæ зæрдæ æрæнцад.

Сæрд аивгъуыдта. Адæм хор, хос æркарстой, бафснайдтой. Доны былтыл их фæхæцыд. Хохы цыргъытыл зымæг йæ урс кæрц æрæмбæрзта. Хур адарди. джиуæргуыба æрцыд æмæ джирголæн ус æрхастой.

Азтæ цыдысты, рæстæг уыцы саутар мылазонæй хаста. Гуырдзыстоны паддзахад бамынæг, бахуыссыд. Сæ бæстæ хъахъхъæнын нал фæрæзтой. Кавказы адæмы мыггæгтæ кæрæдзимæ лæбурдтой, кæрæдзи фос тыхæй тардтой, истой, давтой. Иудзырдæй, тынг змæст рæстæг уыди.

Лæг сырдæй сырддæр сырд у. Цæст не ’фсæды, зæрдæ лæбуры, йæхицæй мæллæгдæр, æдыхдæры цард халы, йæ ис, йæ фæллой йын тыхæй исы, давы. Стыр зондджын лæгтæ бирæ сæдæ азты фæкуыстой, сæ хъару, сæ зонд иумæйаг уарзон æцæгдзинады царды тыххæй бафæллайын кодтой, фæлæ бирæ нæ бафæрæзтой лæджы зæрдæ сфæлмæн кæнынæн. Бирæ сæдæ азты дæр фæкусдзысты зондджын адæмтæ, цалынмæ адæймаг базона уый, кæцæй рацыд, цы у æмæ кæдæм цæуы.

Иу æрæгвæззæг раст æмбисæхсæв Таджимæ бадзырдæуыд:

— Уазджытæ, уазджытæ, Таджи!

Таджи хуыссæнуатæй фестад. Устытæ арт акодтой. Таджи дуар фегом кодта æмæ уайтагъд хæдзары астæу фондз æдгæрзтæ лæджы æрбалæууыд. Таджи уайтагъд хъуыддаг фембæрста, уазджыты ’фсон абырджытæ кæй уыдысты, уый, æмæ фæстæмæ йæ гæрзтæм фæзылд. Абырджытæ Таджимæ фæлæбурдтой æмæ йын йæ къухтæ синагæй абастой. Абырджытæ та уыдысты дагъистайнаг адæм (лекъ). Таджийы ус уаты нывæрзæнæй хъама фелвæста æмæ йæ абырджытæй иуæн йæ гуыбыны раст фистоны онг ныссагъта. Иу æртæ хатты ма йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ йæ уд систа. Иннæ цыппар лæджы кæрдтæ фелвæстой, Таджи æмæ йæ усы лыстæг къуыхтæ скодтой. Дзамайы усы рацахстой, синагæй йын йæ къæхтæ сбастой, хæдзары цыдæриддæр ссардтой, æхцайæ, фосæй, хæзнайæ, Дзамайы ус дæр семæ, æртыккаг бон Дагъистаны балæууыдысты.

Дыккаг бон, Таджийы хæдзары змæлæг куы нæ уал уыди, уæд адæм афæдис кодтой æмæ хæдзары астæу Таджи æмæ йæ усы къуыхтæ, мардæй туджы малы ссардтой. (Таджи хъæуæй хицæн царди). джиргол æмæ Гуырдзыханмæ хъæргæнæг арвыстой æмæ æрцыдысты. Адæм сыл фæкуыдтой, фæхъыг кодтой æмæ сæ Дзама æмæ Гуырдзыбеджы фарсмæ зæппадзы сæвæрдтой. «Рухсаг ут, рухсаг» загътой æмæ раздæхтысты. Гуырдзыхан Таджийы рæхыс йе ’фцæджы бафтыдта æмæ йæ хæдзармæ ацыд. Гуырдзыхан сау скодта, барысчъи дардта афæдзы бонмæ.

Цæй, ныр уал Дзамайы усы хабар фæуадзæм æмæ Гуырдзыханы хъуыддаг радзурæм.

Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны онг Хиуы комы цард иу хуымæтæджы хиуаг мыггаг. Гуырдзыстон Уырысимæ куы баиу сты, уырысы æфсæдтæ Гуырдзыстонмæ цæуын куы систой, уæд адæм дыууæ дихы фесты: иутæ уырысы фарс уыдысты, иннæтæ сæ Гуырдзыстонмæ цæуын нæ уагътой. Ацы хиуаг мыггаг дæр уырысы фарс уыдысты æмæ сын фæндæгтæ амыдтой, слымæн кодтой уырысы хицæуттимæ, уырыссагау базыдтой цыдæр салтайбалтайтæ, æмæ сын хæрзиуджытæ лæвæрдтой. Уæды онг хуымæтæджы хиуаг мыггаг уый фæстæ хохы адæмæн æлдар сси, æгас хохы адæм сæ армы дзыхъхъы æрбатымбыл кодтой, æмæ сæ сызмæлын нал уагътой, фыдæбонæй сæ мардтой.

Кæддæриддæр æдых тыхджынæн — дондзау, алчи сæм йæхи хæстæг ласын байдыдта, хъантæ сæ хастой, джирголы фыд дæр уыдонæй йæхицæн хъан схаста, Теджиа, зæгъгæ. Теджиа фыдлæг, фыдæгъдау разынд, æнæууæнк, æнæард, иудзырдæй; хæстæг, хицонæн нæ бæззыд.

Гуырдзыханы ма йæ афæдзы бонмæ барысчъи сау дарын дыууæ къуырийы хъуыд, афтæ, Мынайы дзуарыбоны, Теджиа джирголтæм бацыд йе ’мцеччы хæдзармæ.

Хæдзары æрмæст Гуырдзыханы йедтæмæ ничи уыд, иннæ бинонтæ иууылдæр дзуары уыдысты. Теджиайыл Гуырдзыхан фæцин кодта, куыд сæ хæстæг, сæ хъан, æрхизын æй кодта æмæ йæ уатмæ бакодта, хæрд, нуæзт, хорз æй федта. Теджиа куы банозтджын, уæд усимæ аенгефсарм ныхæстæ райдыдта. Гуырдзыхан фырмæстæй йæ дыууæ æрфыджы астæу хъæды сынчъыйас фелхынцъ кодта, цæсгом афæлурс æмæ афтæ зæгъы:

— Ау, нæ згьан куы дæ, нæ хæстæг, нæ урс æхсырæй дæ куы схаетам, саударæг ус куы дæн, уæд куыдтæ дзурыс, цытæ дзурыс, худинаг дын нæу, — æмæ æнæдзургæйæ дуармæ фездæхт.

Теджиа усы рацахста, йæ хъæбысы йæ æрбатымбыл кодта амæ йæ сынтæджы баппæрста. Ус хъæр кодта, тæлфыд, йæ гæндзæхтæ цагъта, фæлæ йæ бон ницыуал сси, цы дардыл дзурын, æнæууæнк хиуаг йæ чъизи зæрдæйы фæнд сæххæст кодта æмæ ацыди.

Гуырдзыхан йæ фæстæ атутæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Ту, хиуаг хæрæг! Ту, хиуаг æнæууæнк куыдз! — æмæ скуыдта. Гуырдзыхан фæстæмæ фездæхт кæугæ æмæ уаты къуымты рацагур-бацагур акодта æмæ сынтæджы бынæй йæ уыртты бос синаг айхæлдта æмæ йæ уаты цары уæладзæныл фидар абаста æмæ, кæугæйæ, афтæ зæгъы:

— 0, хуыцау, бæрзондыл бадæг, Мынайы Майрæм, Хъуды Майрæм, сымах зонут мæ рæстдзинад, мæ тæригъæд хæссæг сымах фæут, уе 'вджид кæнын мæ тæригъæддаг æнамонд уд.

Ацы цыбыр, фæлæ зæрдæмæ хъарæн ныхæстæ кæнгæйæ, синаг йæ хурхыл æрвæдзæг авæрдта æмæ царыл ауындзæгæй баззад.

Хур акъули, фæцæйныгуылд, адæм дзуары бынæи æрцыдысты æмæ хъæуы уынджы хъазт скодтой. Уалынмæ джирголы хæдзарæй кæуыны хъæр ссыди. Адæм бафæдис кодтой, цы хабар у, — зæгъгæ, æмæ синаг айхæлдтой, фæлæ æгæр ферæджы. Гуырдзыхан амард, æрмæст ма синаджы феуæгъдимæ йæ сау цæстытæ фæирд кодта, чи зоны, мæрдты ’гъдауæй загъта, джирголы ма куы фенин, зæгъгæ. Адæм радзур-бадзур систой, цæмæн йæхи амардта, цы маст дзы бацыд, йæ моимæ уарзонæй куы цард, дзырдтой, фæлæ ницы фæндаг ссардтой хъуыддагæн æмæ адæмы ’хсæн æмбæхстæй баззад. Гуырдзыханыл адæм фæхъыг кодтой æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг у, рухсаг, бецау» загътой æмæ сæ хæдзæрттæм ацыдысты,

Маст лæджы æнафоны зæронд кæны, — джирголæн йæ сау рихитæ, æрæгвæззæджы фæсалау, фæхалас сты, йæ астæу фæгуыбыр, цæсгом ныффæлурс, фенцъылдтæ, æрфгуыты астæу лæгъз ных фæугард, йæ хъуын барц сбадт, иудзырдæй, джирголы уындджын, рæсугъд цæсгом кæуын цæстæнгас равдыста. Йæ дзуаппджын мæлгъæвзаг къуызгæ дзурын райдыдта. Хуыссæг æй нал ахста, йæ хъуыдытæ иууылдæр Гуырдзыханы ингæны уæлхъус сау марой зилахар кодтой. Бон-иу йæ уаты дуармæ æнкъардæй бадти, æхсæв та-иу Гуырдзыханы ингæны уæлæ кæуынмæ цыд.

Нæй ахæм сусæгдзинад, чи нæ раргом уа.

Теджиа æнæгъдау, рæуæг лæг уыди, алы дзæгъæлдзæуаг устытимæ лымæнтæ кодта, расыгæй-иу ахæм устытæн йæ тæригъæдтæ æнæфсарм фæдзырдта.

Иу хатт Теджиа Къобы йæ лымæн устытæй Госæзи, зæгъгæ, уыимæ сæмбæлдис æмæ та йæ фыдуаг æгъдæуртæй хæйрæджы зæрдæрухс кодта. Æхсæвы Гуырдзыханы хъуыддаг Госæзийæн радзырдта, фыны йæ куыд фены, уыдæттæ йын загъта. Райсомы та Теджиа йæ хæтгæ цардæй Сæнайы 'рдæм афæндараст. Кæй зæгъын æй хъæуы, Госæзи Теджиайы йедтæмæ æндæр ахæм лæгты зæрдæ дæр нæ хъыг кодта æмæ Гуырдзыханы хиамарыны хабар кæмæндæрты радзырдта. Уыцы сахат дзырд уады бæхыл абадти æмæ Ирыстоны къуымты æрзылд. Адæм æргом дзурын байдыдтой, Гуырдзыхан Теджиайы тыххæй йæхи кæй амардта, уый. джиргол дæр æй фехъуыста æмæ Теджиайы марыны фæнд скодта.

Хуыцау бирæ бары, фæлæ æгæр тæригъæд нæ бары. «Мæлæты фæндагыл, дам, мыд ныччынди». Иу бон Теджиа джирголмæ æрхызт æнæхонгæ уазæгæй, уаты къæлæтджыныл фæстæдзæг æрбадт æмæ та расыгæй, æрфгуытæ æлхынцъытæ кæнгæ, ныхаестæ кодта. джиргол та уаты къуымы, иннæрдыгæй, æнæдзургæйæ бадт æмæ хъуыдытæ кодта: «Ам æй мæхи хæдзары куы амарон, уæд худинаг у, фæлтау æй цæуын ауадзон, стæй йæ фæстейæ асурдзынæн æмæ йæ афтæмæй амардзынæн» загъта. Теджиа, бухъхъытæ кæнгæйæ, загъдæмхас джирголæй хъазыд æмæ йын афтæ зæгъы:

— Хорз лæг дæ, бæргæ, ахсæ.в мын иу ус куы ссарис, уæд.

джирголæн фырмæстæй йæ зæрдæ йæ хъуырмæ ссыд, риу рацæй тыдта, йæхи уромын нал фæрæзта, ноджы йын Теджиа усы кой куы скодта, уæд. Атыдта, арæмыгъта зæрдæ йæ бæттæн. джиргол хъама фелвæста æмæ йæ Теджиайы нард гуыбыны раст фистоны онг ныссагъта. Теджиа къæлæтджыныл дзæгæй баззад, гуыбыны фиу дзæкъулыйас размæ рахаудта. Боны джиргол йæхи сцæттæ кодта, æхсæвы Теджиайы бæхы дымæгыл ныббаста æмæ йæ Окрохъанайæ Къобы æхсæн фæзы аппæрста æмæ абырæг алыгъди.

Ирон адæм, стыр дзыллæ уæвгæйæ, сæхи скуынæг кодтой, иумиаг æфсымæруарзондзинадæй фидар нæ уыдысты, искæйы цæф сын нæ рысти, сæхи æлхыскъыл кæрæдзи мардтой, цагътой. Чи сæм-иу фæхудти, уый-иу сæхи фенхъæлдтой. Æфсымæр æфсымæры нæ уарзта, цæгъдджытæ йæм æххуырста. Уыцы æвзæрдзинæдтæ суанг мах рæстæджы онг дæр ма раххæстысты.

Раст Тырысгомы сивырауты иу хæдзар Семмæрзатæ цард. Иу æхсæв джиргол уыдонмæ бафысым кодта. Семмæрзатæ джирголы туджджынтæн хæрзгæнæг уыдысты, джиргол уый нæ зыдта. джирголы хорз федтой æмæ йæ схуыссын кодтой. джиргол куы бафынæй, уæд ын йæ топпы хъусы дон ауагътой, йæ кард æмæ йын йæ хъама дуртыл фæхырхтой æмæ джирголы туджджынтæм фехъусын кодтой. джирголы туджджынтæ дыууадæсæй Хъасарайы йæ размæ бабадтысты. джиргол кæркуасæнты фестад æмæ рацыди. Хъасарамæ куыддæр рахæццæ, афтæ йæ туджджынтимæ баиу ис. Бæстæ гæрах сси. Топпы хъæр бæстæ арыдта. джиргол дæр топп фелвæста, æруагъта æмæ не схæцыд, кард фелвæста æмæ æрду дæр нал фæкарста, хъама дæр афтæ. Джиргол йæ къухы фыдтæ дæндагæй стыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Цæвут мæ, хæрджытæ, уæ рæстæг у! — æмæ йæ карды æнцой ныллæууыд. Æхсидгæ сау туг йæ фæрстæй цыхцырæгау мызт. Йæ буар тугæй куыд афтид кодта, афтæ æнцад, бæлас кæлæгау, йæхи зæхмæ æруагъта, йæ къухтæ йæ риуыл авæрдта æмæ йæ уд систа. Йæ туджджынтæ ма йыл уæддæр сæ кæрдтæ æвзæрстой.

Дыккаг бон адæмыл айхъуыст джирголы мæлæт, фæдисы ацыдысты, æмгар, хæстæгджын лæг уыд; æмæ джирголы æнæгъдау къухæй мардæй федтой. Адæммæ тынг хъыг фæкастис. Тыхæн æхсар йæ хос бæргæ у, фæлæ бахьуаг сахаты мæгуыры бон цы у. Фæкуыдтой йыл æмæ йæ сынтыл йæ хæдзармæ æрхастой. джирголæн йе ’фсымæртæ раздæр амардысты æмæ йæ хæдзары æрмæст йæ зæронд мады йеттæмæ ничиуал уыд. Уый тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ хаудта. джирголæн Гуырдзыханы фарсмæ ингæн скъахтой æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг ут, рухсаг» загътой æмæ раздæхтысты. Йе ’мгæрттæ йын æхсæны хист скодтой æмæ адæм фæйнæрдæм ацыдысты. Æрмæст ма хъуысти джирголы хæдзарæй йæ мады хъарджытæ.

Фæци джиргол æмæ Гуырдзыханы хабар, ныр та Дзамайы усы хъуыддаг радзурæм.

Раздæр куыд загътон, афтæ Дзамайы усы лекъ ахастой Дагъистанмæ, зæгъгæ, уым æй иу Наибæн ауæй кодтой. Уый дæр та йæ æндæрæн ауæй кодта. Афтæмæй уæйтæгæнгæйæ Цæцæнмæ æрбафтыди. Уыцы рæстæджы Тæгиатæ дардыл хаттысты, Дзамайы усы Цæцæны Мамсыратæ балхæдтой æмæ йæ джызæлмæ æрбакодтой. Дзамайы ус иронау хорз нал зыдта, Мамсыратæ йæ куы фарстой, кæцон дæ, зæгъгæ, уæд йæхи бацамыдта Хъудаг. Уыцы номæй йæ хуыдтой Мамсыратæ.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг ивта. Уырысы æгъдæуттæ стыхджын сты. Адæмæн сæ бартæ айстой. Мамсыратæ Туркмæ лидзын æрæмысыдысты. Хъудаджы дæр семæ акодтой Арвы комы фæндагыл. Дзамайы ус йæ райгуырæн бæстæм куы бахæццæ, сæ хæдзаруатмæ куы бакаст, Дзама æмæ Гуырдзыбеджы зæппадз куы федта, йæ цард, йæ фыдæбæттæ куы æрæмысыд, уæд йæ зæрдæ суынгæг, ссыгъд, цыма йын йæ зæрдæ тæвд æфсæйнаг тæлы æрбалвæста, скуыдта æмæ сбогъ-богъ кодта. йæ зæронд хус уадултыл цæстысыг лæсæнтæй æркалдта. Йæ кæуынмæ уæлвæндагæй иу зæронд ус, уыцы бæстаг, Тотырдзан, зæгъгæ, æрцыд æмæ афтæ зæгъы:

— Бабын уай, цы мæгуыр дæ, цæуыл кæуыс, дæ фæхъхъау фæуон?

Дзамайы ус йæхи фæхъæбатыр кодта, йæ фæстаг хъару æрæмбырд кодта æмæ зæронд усæн афтæ затъы:

— Хуыцауы тыххæй, дин иманы тыххæй, джирголы ус Гуырдзыханы нæ зоныс?

Зæронд ус ныуунæргъыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Цæуылкæ йæ зыдтон, цæуылнæ, мæ сæр дæ нывонд фæуа. Раджы йæхи куы амардта, джирголы дæр йæ тудæджынтæ амардтой.

Æмæ йын, иууылдæр куыд уыд, хабæрттæ радзырдта. Дзамайы ус фырмæстæй кæуын нал сфæрæзта. Йæ цæсгом ацъæхи, цæстытæ батартæ сты æмæ фæндаггæрон стыр дурыл йæ сæрæн æртæ цæфы ныккодта, йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ йæ уд систа. Мамсыратæ сæ уæрдæттæ баурæдтой. Дзамайы усæн фæндаггæрон ингæн скъахтой æмæ йæ баныгæдтой. «Рухсаг у, рухсаг», — загьтой æмæ Туркмæ афардæг сты. Дзамайы усæн йæ ингæн ныр дæр бæрæг у Арийы комы фæндаггæрон чысыл сыджыты обауæй.

Рухсаг уæнт! Фæци сагъæссаг таурæгъ.


This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.