Jump to content

Саниба (Гæдиаты)

From Wikisource
Саниба (1911)
by Гæдиаты Секъа
289733Саниба1911Гæдиаты Секъа


САНИБА


Санибайы хæхтæ
Бæрзондæй кæсынц.
Цъи-умы фæзгъæртæ
Æрхытæм кæлынц.

Сау айнæг къæдзæхтæ,
Нарæг ком — уынгæг,
фыдæлты гæнæхтæ,
Нал сæ и цæрæг.

Хур вгакаст, нывæнды
Хохæй-хохмæ тын.
Мæгуырты æрфæнды
Хаттæй-хатт мæлын.

Райсом раджы сысты, —
Хъæздыг ма хуыссы,
Афтæмæй йæ куысты
Сагъаеетæк тыхсы.

Бон-изæрмæ калы
Тугæмхæццæ хид,
Изæрæй ныххауы, —
Нал æм хъуысыг сидт.

Суг сæм нæй, сæнæрттæ, -
Уазалæй мæлвгнд,
Зæппадзьы сæ мæрдтæ
Хæррæгътæй. лæууынц.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.