Сагъæс (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Сагъæс  (1911) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1911, Рауагъ аз: 1911. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


САГЪÆС


Сау лæгтимæ куы нæ уаин,
Уæд ма фылдæр фæцардаин...
О, ме 'мбæстон,
Демæ фестон!

Банызтой мын мæ туджы цъыртт
Се схуыст ныхас, сæ тызмæг дзырд.
О, ме 'фсымæр,
Ды — мæхи 'мсæр!

Базæронд дæн æнафонæй,
Бадомдтой мæ æнахъомæй...
О, ме 'мбæстон,
Цард дын фестон!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.