Сæгъ æмæ чиныг (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Сæгъ æмæ чиныг  (1927) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1927, Рауагъ аз: 1927. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
Сæгъ æмæ чиныг

(Индиаг таурæгъ)

Раджы, тынг раджы, Индийы стыр бæстæйы цардысты æртæ æфсымæры — иу фыд, иу мадæй гуырд. Хистæр æфсымæр хуындис Къуындзих, астæуккаг — Къабуз æмæ кæстæр — Бырынкъ.

Дунесфæлдисæг Буддæ адæмтæн чингуытæ куы уæрста, уæд ацы æртæ æфсымæрæн дæр ратта диссаджы рæсугъд чиныг.

Ратта Буддæ чиныг æмæ загъта:

— Хъахъхъæнут ацы чиныг, хурæй ма басудзæд, уазалæй ма ныссæлæд, уарынæй ма ныххуылыдз уæд, фыдызнаг уын æй ма фæхæссæд! Цалынмæ уый уæ къухты уа, уалынмæ уын фыдгулы цæст нæ разиан кæндзæн, тыхгæнæг уын тых нæ бакæндзæн. Уæ быдыры — хорзад, уæ фосдоны — фосзад, уæ бинонтæ — æнæниз æмæ амондджын.

Афтæ зæгъгæйæ, Буддæ йæ къух арвы ’рдæм фезмæлын кодта, æмæ уайтагъд йæ тæккæ къæхты раз æрæнцади сызгъæрин асин. Цæстыфæныкъуылдмæ сфардæг ис Буддæ уæларвмæ. Уым сызгъæринцъарджын баз йæ нывæрзæн акодта æмæ, хуыр-хуыр кæнгæйæ, йæ фæллад уагъта.

Уæд æртæ æфсымæры сфæнд кодтой Буддæйы хæрзиуæджы тыххæй куывд саразын. Æрæвæрдтой стыр тæрсы бын æртæ дурыны дзаг цывзыджын арахъ.

Бирæ фæкуывтой æртæ æфсымæры Буддæйæн, бирæ йын фервыстой зæрдиаг арфæтæ:

Æртæ кæхцы куы равдæлон сты, æртæ дурынæн сæ бынтæ куы сзындысты, уæд æртæ æфсымæры дæр, кæм бадтысты, уым афæлдæхтысты. Уыдон афтæ хъæбæр хуыссыдысты, æмæ сæ хуыр-хуырæй хæстæгдæр къæдзæхтæ зæлыдысты, хъæды мæргътæ та хæстæг нал уæндыдысты.

Уыцы афон кæцæйдæр рафтыди сау сæгъ. Рæсугъд чиныг куы ауыдта, уæд ыл йæхи ныццавта æмæ йæ фæткъуыйы сыфтæртæй адджындæрæн бахордта.

Дыккаг бон æфсымæртæ райхъал сты аходæнафон. Сæ зæрдыл æрбалæууыди Буддæйы лæвар æмæ йæм бауадысты фенынмæ.

Нал ссардтой чиныг.

Авд мæйы æмæ авд боны æфсымæртæ æрдиаг кодтой сæ чиныджы сæфты тыххæй. Авд мæйы æмæ авд боны сæ маст кæрæдзиуыл калдтой, стæй фæйнæрдæм фæцыдысты.

Къуындзих фæцыди æмæ цæгатаг паддзахæн стражник ныллæууыди. Къабуз ахызти хæхты сæрты хуссарырдæм æмæ цавæрдæр æлдарæн цагъар ныллæууыди. Бырынкъ фæцыди æмæ Стыр Кæсæгæн фаджысмæрзæг æмæ къæхтæхсæг ныллæууыди.

Бирæ азтæ аивгъуыдта, бирæ дон ацыди Терк æмæ Леуахийы. Æртæ æфсымæры сфæлмæцыдысты æцæгæлон бæстæты æгад куыстæй. Сæ зæрдыл æрбалæууыди сæ райгуырæн бæстæ.

Иу бон, иу сахат æрцыдысты стыр тæрсы бынмæ.

Уыди диссаджы сæрдыгон бон. Хуры тынтæ цæстытæ тартæ кодтой.

Æртæ æфсымæры дзыназын байдыдтой:

— О Буддæ, Буддæ! Æркæс, куы нæ ферох кодтай!

Буддæ авæрдта сызгъæрин асин уæларвæй зæхмæ, æрлæууыди стыр тæрсы бын æртæ æфсымæры æхсæн æмæ загъта:

— Æз уæ нæ ферох кодтон. Уæхæдæг уæхи ферох кодтат... Зæгъут ныр, цы уæ хъæуы!

Æртæ æфсымæры æмдзыхæй загътой:

— Чиныг!

— Чиныг!

— Чиныг!

Ратта та Буддæ æфсымæртæн чиныг, фыццагæй рæсугъддæр, хуртæ æмæ дзы мæйтæ хъазыдысты. Æфсымæртæ йыл кæрæдзи тонын байдыдтой. Бæстæ хъæрæй байдзаг ис:

— Хицæн чиныг мын!

— Хицæн чиныг мын!

Æппын бынаты нал лæууыд кæстæр æфсымæр. Уый-иу куы фæхъæр кодта, уæд-иу Буддæ йæ хъусты хуынчъытæ æнгуылдзтæй ахгæдта.

Æппынфæстаг, хъæлæба къаддæр куы нæ кодта, уæд Буддæ райста чиныг фæстæмæ, фæсидти сау сæгъмæ æмæ йын чиныг цъаргай бахæрын кодта.

— Нæ уыдзæн сымахæн иу чиныг дæр! — загъта Буддæ æмæ сызгъæрин асиныл уæларвмæ сфардæг ис.

This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 96 years or less since publication (if applicable).

Public domainPublic domainfalsefalse