Jump to content

Рувас (Гæдиаты)

From Wikisource
Рувас (1911)
by Гæдиаты Секъа
289740Рувас1911Гæдиаты Секъа


РУВАС


1
Æдзæрæг бæсты
Рувас уыд æлдар.
Фæсном ныхæсты
Хъуыды кæн, æмбар.

Иу гæды рувас
Бæстыл фæхатти;
Чи сайдта уыйас, —
Иу ран нæ бадти.

Йæ цармæй загьта —
Цъæх хъисын пæлæз.
Цардæн ыссардта
Сайынæй фæрæз.

Æвнæлдта зыдæй,
Кодта уæри-рæ,
Бындзыты мыдæй
Фæхордта бирæ.

Æфсæстæй уымæ
Бакастæ, уæд цы:
Ысхæццæ хурмæ
йе 'взаджы фæрцы.

Æрсытæн — цагъар,
Уыдон дæр сайдта,
Бындзытæн — æлдар,
Мæстæй сæ мардта.

Йæ гæды дзыхæй
Сырдты фæсайдта,
Бæлæсты дыргъæй
Бирæ фæхаста.

Афтæмæй рувас
Бирæ фæцарди.
Фæкодта минас,
Уæддæр ныммарди.

2
Рувас, арсæй, бирæгъæй, —
Ысхан ысты нæ сырдтæ:
Сæрра, дам, и нæ домбай, —
Райдыдтой йыл мæнг дзырдтæ.

Домбай æцæг базæронд,
Нал у, мæгуыр, йæ сæрæн.
Сырдтæ кæнынц йæ разы
Мæстæймарæн, ыскъæрæн.

Домбай нал у зæгъынæн,
Ныххæррæгъ и, не змæлы.
Ныр та рувасæй хуыздæр
Хъæды сырдтæм не 'взæры.

Бакæс æм, уæд ысдомбай, —
Кæй ма фæрсы истæмæй.
Бæрзонд ныхас, тауби дзырд-
Кæм ма тæрсы искæмæй!

Æз æй фыстонгты мидæг
Куы сфæйлауон кæрийау, —
Хорз нал кæсдзæн йæхимæ
Гæды рувас, нæ фиййау.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.