Рувас æмæ зыгьарæг (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Рувас æмæ зыгьарæг  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


РУВАС ÆМÆ ЗЫГЪАРÆГ


Рагæй, сæрдасæнау, рувас зыгъарæгмæ
     Дары йæ дæндаг, –
Гогызтæ давынмæ суанг Æрджынарæгмæ
     Иу у сæ фæндаг!
     
Афтæмæй искуы фæндагыл куы амбæлынц, –
     Амæлис дисæй!
Хотау, кæрæдзийыл узæлæг акæнынц
     Уайтагъд сæхицæй!
     
Иу изæр та цæ æрхаста сæ фыдбылыз
     Арыхъы ныхмæ. –
Над исын нуазинаг, – загъта нæ фыдсыл, – æз
     Рагæй мæ дзыхмæ.
     
Абон æлдараты фæскъул фæцæйцыддæн, –
     Ницæй æнхъæлдзау, –
Бакæнæн ныл уыд сæ хæрнæджы æнтыдтæн,
     Зæрдæ фæуæззау...
     
Карз æнтыды тæфæй уайтагъд фæрасыг дæн;
     Абон изæрмæ
Марддæн мæ сæрæй, æрдæбон фæуадзыг дæн,
     Зилы ныр дæр ма...

Рувас йæ ныхас нæма фæци, афтæ дын, –
     Рухсаг йæ марæг! –
Далæ, сæрбихъуырæйттæй рагъæн йæ тæккæ бын
     Абадт зыгъарæг.

– Ох–хай, цы кодтай, цы? – рувас йæ хæдфæстæ
     Радзырдта рагъæй. –
Ох–хай, фæрасыг дæн, – загъта, – дæ ныхæстæ
     Карздæр арахъхъæй!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.