Рæстæг (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Рæстæг  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


РÆСТÆГ


Ныббар мын, фæрсын дæ, байхъус мæм дзæбæх:
Куыд фесæфт нæ цардæн йæ рæстæг, йæ кад?
Ыстъæлфгæ нал цæуы саргъы бын нæ бæх,
Хъыримаг ферохи, сызгæ ис нæ кард.

Цалынмæ бæззыди нæ хъару, нæ тых,
Уалынмæ нæ кодтам ызнагæн лæхстæ:
Нæ разæй лæууыди нæ фæтæг хъæддых,
Никæмæн лæвæрдтам нæ гуырæн бæстæ.

Ном сæм-иу фæкасти фыдæлты хæрзтæм, —
Знагæн нæ уагътой нæ бæстæ хæссын.
Фæлæ ныр мах — уыдон фæлгæтæг, — цы стæм?
Зæгъ-ма мын, ноджы дæ уымæй дæр фæрсын:

Нæ сылтæ нал дарынц сæ сæрыл кæрдæн,
Урс худæй раивтой сæ сæры дарæс.
Уыдонмæ кæсынæй куыд раны фæдæн,
Ныхъхъæрзы мæ зæрдæ, ныккæны сагъæс.

Иууыл сæ нæ фауын, ныббарут мын æй,
Æмхуызон нæ кæнын адæмы хæрзты, —
Чи дары сæрбæттæн, чи — бæгъæмсарæй,
Чи дары нымæтхуд кæрдæны бæсты.

Æнæуи цы зæгъай: лæппутæ — цæттæ,
Цырыхъæй, къалосæй, æппæтæй — æрмхæст.
Изæрæй фæкæнынц къæрныхы фæндтæ,
Сыхаджы бæхтæ, дам, радавæм æххæст.

Иууыл сæ нæ кæнын æмхуызон хуыснæг,
Рæстытæй мæхиц.æн уайдзæфæй тæрсын,
Къæрныхтæн фесæфæд сæ дуджы рæстæг,
Рæстытæн мæ зæрды нывондæн хæссын.

Ирæд дæр нал сæфы, йæ бындур ныззылд!
Ысцыбыр нын кодта нæ чысыл мыггаг.
Фырзыдæй нæ зæрдæ нæ хъуырмæ куы ссыд,
Зæрдиаг уæй кæнын — хæрзбыны хъуыддаг.

Хистытæ райдыдтам хуыздæрæи-хуыздæр,
Бинонтæн нал дæттæм кæрдзыны къæбæр.
Æлæмтæ, бадæнтæ — фылдæрæй-фылдæр,
Цæй ныр цу—: афтæмæй хъæлдзæгæй фæцæр!

Ноджыдæр цы зæгъай: арахъмæ — цыбæл,
Ыстырдæр цы къус у, гъе, уымæй хырхынц,
Сæхимæ фæкæсынц, цыма сты цыдæр,
Расыгæй къæрныхмæ хъазыуат бырсынц.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.