Нæ Иры чызджытæм (Кочысаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Нæ Иры чызджытæм  (1905) 
by Кочысаты Розæ
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Творчество осетинских писателей
НÆ ИРЫ ЧЫЗДЖЫТÆМ

Куы айхъусай алы адæммæ, уæд алчидæр сæрибары тыххæй дзуры æмæ, йæ бон циу, уымæй сæрибардзинадмæ йæхи хъары.
Уырысы мужук, фыдæй-фыртмæ цагъайраджы дуг чи фыста, уыдон дæр ма базмæлыдысты æмæ агурынц сæрибардзинад. Иудзырдæй, адæмæн сæ цæстытæ райгом сты, æмæ рухс федтой; фæлæ уæддæр уыцы рухсдзинадæй мах ницыма уынæм.
Махæн нæ цæстытæ нæма райгом сты, æмæ ницыма уынæм, уымæн æмæ нæ сæрæн не стæм æмæ сæрибардзинад нæхицæн нæ агурæм. Дзургæ бирæ дæр бæргæ кæнæм сæрибардзинады тыххæй, фæлæ хъуыддагмæ куы æрцæуæм, уæд нæ бон ницы свæййы. Ныр æй æрхъуыды кæнæм, цæмæн афтæ у, уый.
Чызгмæ курæг куы æрбацæуы, уæд чызджы бирæ хæттыты фæрсгæ дæр нæ бакæнынц фæндонæй, æмæ бинонтæ сæхуыдтæг бафидауынц, уæлдайдæр та сын лæппу бирæ ирæд куы фида, уæд. Лæппумæ нæ кæсынц, фæ­лæ кæсынц, цы аргъ дæтты, уымæ, æмæ уыцы хуызæнæй чызг ауæй кæнынц, кæй – зынаргъæй, кæй та – асламæй. Уæлдай зынаргъ та нæм уыдысты пысылмон чызджытæ. Уыдонæн сæ аргъ уыди 100 туманы, уымæй асламдæр сæ чызг бирæ ничи лæвæрдта.
Хорз. Чызг уæйгонд фæци.
Ацыди йæ мойы хæдзармæ æмæ уым кусы æххуырсты куыстæй, уымæн æмæ йæ бон дæр нæу нæ кусын: йæ бинонтæ йæ нæ дардзысты, куы нæ куса, уæд, алчидæр ын йæ цæстмæ дардзæн: «Бирæ ирæд дыл бафыстам, æмæ кус». Йæ мой ма йын тæригъæд бæргæ кæндзæн, фæлæ уый бон дæр цы у, уæлдайдæр та ирæд йæхи фæллой куы нæ уа, фæлæ бинонты фæллой куы уа, уæд. Чызг арты судзы тыхстæй æмæ мæгуырæй!
Мæгуыр та куыннæ уа! Йæ фыд дзы бирæ аргъ куы агуырдта, уæд нæ хъуыды кодта, йæ чызг искуы мæгуы­рæй цæрдзæн, уый.
Диссаг та куыннæ у махмæ ирæды хъуыддаг! Фыд йæ хъæбулы ауæй кæны æмæ, йæ хъæбул цы хæдзармæ цæуы, уый мæгуырмæ æртæры.
Фыдæн ис цот: лæппутæ æмæ чызджытæ. Лæппутæн фыд фиды ирæд æнæ хъаугъайæ, алцæмæй дæр сыл тыхджындæр ауды.
Куы мæлы, уæддæр йæ бынтæ йæ лæппутæн ныууадзы, фæлæ чызгæн та йæ цард мæгуырдæр кæны, йæ мойы хæдзар ын куы сафтид кæны, уæд, афтæмæй та фыд куы амæлы, уæд ыл чызг йæхи марынмæ æрцæуы, йæ мæгуыр хæдзар ыл бахæры хистытыл.
Лæппу та йæ хъуыды дæр нæ кæны: ай-гъай, уымæн дæр зиан у йæ фыды мард, уый тыххæй æмæ йæ адæмы æфсæрмæй хистытæ кæнын уæддæр хъæуы. Уыцы хъуыддæгтæм æркæсгæйæ махæн, чызджытæн, бамбарын хъæуы, нæ фыдæлтæ нæм хъулон цæстæй кæй кæсынц уый, æмæ нæ фылдæр аргъыл ауæй кæнынмæ сæхи кæй хъарынц, уый.
Уый уымæн афтæ у, æмæ нæ сæрæн не стæм æмæ нæхи уæй кæнын уадзæм бирæ ирæдыл. Уыцы ирæдмæ кæсгæйæ мах фидæм цагъайраджы дуг, чындзы куы ацæуæм, уæд.
Бирæ адæмтæм та чызджытæн сæхицæн фæдæттынц æхца æмæ зæхх, махмæ та нын нæ царм стигъынц. Омæ нæ зæхх дæр нæ хъæуы æмæ æхца дæр, уымæн æмæ нæ Ирмæ ахæм хъæздыг адæм дæр нæй, сæ чызджытæн истытæ чи дæтта, æмæ сæ хъаст дæр нæ кæнæм, фæлæ нæ ныййарджытæ уый хъом не сты, æмæ сæ алчидæр йæ хъæбулæн исты дзаума скæна?! Фæлæ чындзы куы цæуа, уæд ма йын дзаума дæр кæй цæстæй кæной! Афтæ фæхъуыды кæнынц: «Цы пайда ма ис махæн чызгæй, чи йæ хæссы, уый йын дзаума дæр скæнæд».
Бирæ чызгмæ зын кæсы æнæ арæзтæй ацæуын, фæлæ хуыздæр у фæлтау æнæ арæзтæй ацæуын, нæхи уæй кæныны бæсты. Лæппуйæн дæр, чи зоны, æмæ уыцы сахатыл йæ бон куы нæ уа дæу саразын, уæд æй уыцы сахаты тыхстыл ма ауæй кæн, дæ зæрдæйæн æй адджынæн кæм бацагуырдтай, уым. Уый дæр дæ кæм бацагуырдта, уым дæ фæдарынмæ йæ ныфс хæссы, æвæццæгæн. Махмæ ирæд куы райсынц, уæддæр уыцы ирæд æгасæй дæр чызгыл нæ бахардз кæнынц, фæлæ йæ бинонтæ сæхицæн ныууадзынц. Иудзырдæй, уымæй дæр та чызджы нæ бафæрсынц, дæ аргъ дын цы фæкæнæм, зæгъгæ, æмæ та йын йæ æнæсæрибардзинад йæ цæстытыл бакæнынц.
æгъгъæд у, æгъгъæд, чызджытæ, махæн уыцы æгъдауыл хæцын! Афон у махæн дæр сæрибардзинад агурын! Аппарæм нæ ирæды æгъдау æмæ нæхи уæй кæнын мауал уадзæм. æгадмæ æрцыдытстæм уыцы æгъдауæй.. Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ талынг ахæстæтты куы мæлынц, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: «Уæ, мæ фыд, æз дæ хъæбул дæн æмæ мæ цагъайраджы уæй ма кæн». Хъуамæ нæ алчидæр йе 'гады тыххæн йæ ныййарджытæм бауæнда уыцы ныхæстæ æмæ ныууадзын кæна ирæды æгъ­дау. Бирæ хъæуты адæм куы базмæлыдысты, уæд бæргæ дзæбæх хъуыддæгтæ кæнын райдыдтой ирæды тыххæй. Иудадзыг æй нæ аппæрстой, уыцы амонд та хуыцау кæцæй æрхæсса, фæлæ йæ къаддæр фæкодтой. Пысылмон адæмыл хорз ныллæууыдысты, æмæ ирæд алыг кодтой 20 туманыл.
Чызг уыйас мæгуыр хæдзармæ нал цыди, ныр та фæстæмæ, адæм хуыздæр æнхъæлмæ цы хъæутæм кастысты æмæ сæхи адæмы сæр цы хъæутæ хонынц, уыдон сæ кæнон райстой.
Нæй, нæй! Бирæгъ йæ кæнон нæ уадзы. Нæхуыдтæг, чызджытæ, куы нæ базмæлæм, уæд нæ ничи суæгъд кæндзæн цагъайраджы дугæй.

This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse