Jump to content

Нæуæгбон æхсæвы (Хетæгкаты)

From Wikisource
Нæуæгбон æхсæвы (1909)
by Хетæгкаты Къоста
290322Нæуæгбон æхсæвы1909Хетæгкаты Къоста


НÆУÆГБОН ÆХСÆВЫ


Тæхуды, ныр уæ къæсæрæй
Куы базарин æз дæр:
“Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ,
Уæ сæрвæлтау мæ сæр!”

Æнæзивæг куы рауаис
Уæ уазæджы хъæрмæ!..
Мæ иу цæстæй куы бакæсин,
Мæ хуры хай, дæумæ!

Хæстæгдæр мæм зæрдæууæнкæй
Куы равдисис дæхи...
Дæ мидбылты куы бахудис,
Куы зæгъис: “Чи дæ, чи”?

Дæ къухмæ дын куы февналин
Куы зæгъин: “Гъей, чызгай!
Йæ царды йас дæу чи уарзы,
Гъеуый, мæ хуры хай”!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.