Мыст (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Мыст  (1906) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1906, Рауагъ аз: 1906. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


МЫСТ


Мыст æппæлыд йæхæдæй:
— Тыхджындæр цæй мæхицæй,
Хурæн куырдта йæ чызджы —
Йæ сауцæст,. сауæрфыджы.

Хур ын загъта: — Тыхджындæр
Мæнæй мигъ у, ныфсджындæр.
Бамбæрзы мын мæ тынтæ,
Адæм фенынц фыдзынтæ.

Ракур, мæ хур, мигъы чызг,
Саулагъз у мæ сауæрфыг.
Мыст та мигъæй ракуырдта,
Йæхимæ йæ рахуыдта:

— Ратт мын, — загъта, — дæ чызджы,
Дæ сауцæст, сауæрфыджы.
Мигъ ын загъта: — мæнæй уад
Тыхджындæр у, хæты тагъд.

Фæхæссы мæ фæсхохмæ,
Куы йын кæсис йæ тохмæ,
Мыст та уадæй ракуырдта,
Йæхимæ Йæ рахуыдта:

— Курын дын, уад, дæ чызджы,
Дæ сауцæст, сауæрфыджы.
Уад ын загъта: —Мæнæй гал
Тыхджындæр у, уый æмбар -

Йæ ных саразы уадмæ,
Нæ мæ дары уæлфадмæ...
Гал фæзылдта йæ иу фарс,
Мыстæн загъта йæ ныхас:

— Мæнæй тыхджындæр уидаг у,
Гутонæн уый фыдызнаг у.
Бауромы дæс цæды,
Фехалы йын йæ фæды.

Мыст уидагæй ракуырдта,
Йæхимæ йæ рахуыдта:
— Курын, уидаг, дæ чызджы,
Дæ сауцæст, сауæрфыдæьг.

Уидаг загъта: —Мæнæй мыст
Тыхджындæр кæны йæ куыст,
Тыхджындæр ууый мæнæй,
Уастæн фæкæна дæдæй!

Мæ бындзар мын ыскарста...
Мыст мысты чызджы æрхаста.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse