Минас (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Минас  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


МИНАС


Стонг аз æрцыди сырдтыл,
— Æвдисæн кодтой сæ фырттыл..

Домбай арвыста хонæг,—
Хъуыддаг, æгъдæуттæ зонæг.

Сцæттæ кодта минас, —
Фыд чи хордта йæхи йас...

Æрæмбырд ысты сырдтæ,
Фынгыл бадтысты хуындтæ,

Тæрхъус, зыгъарæг, рувас
Балæууыдысты иу фарс.

Афон сахат фæстæдæр, —
Нал сæ уагътой хæстæгдæр...

Рувас загъта: —Ме 'мбæлттæ,
Æрбайхъусут, ме 'мгæрттæ,

Æххормагæй цæмæн цон,
Æз бафсадон мæ хæлцон1!

Уæртæ дзы бандон дæр ис,
Фынджы уæлæ та — фыд ис...

Фæранк дзырдта рувасмæ:
— Дæхи уал айс иу фарсмæ:

Бандон пылæн æвæрд у,
Хуыцауæй йын лæвæрд у, —

Лыстæг сырдтæ фæстæдæр
Бахæрдзысты æхсæвæр!..

Куы 'рбацæуа нæ къахджын, —
Йæ дзабыртæ фæсалджын!

Уый у сырдты Батырадз,
Уый цур уын нæй дзырды рад!..

Йæ быны уæ фæкæндзæн,
Уæ мад уыл уæд фæкæудзæн!..

Рувас, нæ разы лæу дард,
Кæд лæугæйæ нæ хæрыс,

Уый дæ сæрмæ нæ хæссыс,
Уæд цу, дæ хæдзары бад!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse