Маст (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Маст  (1911) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1911, Рауагъ аз: 1911. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


МАСТ


Æвзæры хорз кæньй?
Лæгæн у тынг зын,
Уый митæм кæсын
Лæгæн у тынг рын.

Фыдуаг фыртæй фыдуаг куыдзæв
Æнцондæр у йæ хæссын.
Ыскъæфдзæн дæ фыдызгьæлтæ,
Æндæр дзы æз нæ тæрсын.

Фыдуаг фырт дын дæ хæдзары
Ныккæндзæни хæлæттаг,
Фæдавдзæн дын дæ фæллæйттæ,
Нæ дьпгуадздзæн уæлæрттаг.

Расыгæй йæм куы бакæсай, —
Райдайдзæн уæд гæппытæ,
Уæд уый мæстæй лæджы зæрдæ
Фæцæй кæны тъæппытæ.

Ахæм фыртæй æнæзæнæг
Хуыздæр кæсæд дæхимæ:
Адæн хæрын нæ бауадздзæн
Хъæбæр кæрдзын цæххимæ.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse