Jump to content

Мæ фæндур (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
Мæ фæндур (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290348Мæ фæндур1902Гуырдзыбеты Бласка


МÆ ФÆНДУР


Цæгьдæ, цæгъдæ, мæ фæндур,
Дæ хатæнти нæуæг гьæр!
Æз дæ кæнун мæ уæлхъур
Царди мæтæй хъæбæрдæр.

Æй усмæ нæ бæрагæ, -
Дзурди гæпп ни йигурæд...
Цæй, зарæн хебарагæ,
Йигьаугийæй хуæрзбæрæг!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.